Æдзард поэты мысынæн

0
249

РЦИ-Аланийы Национ наукон библиотекæйы уыд курдиатджын æдзард поэт, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг УЫРТАТЫ Владиславы номарæн изæр. Ацы аз йæ райгуырдыл æххæст кæны 55 азы.
Йæ цыбыр, фæлæ сфæлдыстадон уæлтæмæнæй æххæст æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон царды Владиславæн нæ литературæмæ цы зынгæ æвæрæн бахæссын бантыст, уый тыххæй зæрдиагæй сæ хъуыдытæ æмæ мысинæгтæ радзырдтой: нæ республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Хозиты Барис, РЦИ-Аланийы адæмон поэт Гуырдзыбеты Иринæ, журнал «Дарьял»-ы хайады редактор, нæ республикæйы сгуыхт журналист, поэт Ольгæ Резник, чиныгуарзджыты республикон æхсæнад «Книга-центр»-ы сæрдар, литературæиртасæг Гетъойты Ларисæ, Национ наукон библиотекæйы сæргълæууæг Хайманты Иринæ æмæ ацы рæнхъыты автор.
Номарæн изæры уазджытæ æхсызгонæй бакастысты Уыртаты Владиславы цард æмæ сфæлдыстадон фæндагыл дзурæг цыбыр кинонывмæ.
Цæгат Ирыстоны Оперæ æмæ балеты паддзахадон театры æрыгон курдиатджын зарæггæнæг Тедеты Арсен номарæн изæры азарыд уырыссаг романстæ.
Йе ‘мсис хæлары æмдзæвгæтæ аив бакаст УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг, поэт Абайты Зауырбег.
Кæронбæттæн номарæн изæр бацæттæгæнæг, Национ наукон библиотекæйы аивадон хайады сæргълæууæг Баситы Фаризæ æмæ уазджытæн зæрдиаг арфæ ракодта Уыртаты Владиславы мад Людмилæ.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here