Сæрд йæ тæмæны бацыд, хур йæ араугæ тынтæ зæхмæ ‘рвитыныл нал ауæрды. Æнтæф бон адæймаг стыхсы, фæархайы сатæг бынат ссарыныл. Кондиционертæ æмæ вентилятортæ — уымæн æххуыс, фæлæ алцæмæйдæр бæрц зонын хъæуы.
Цас бæрзонддæр у уæлдæфы температурæ, уыйас дзы туаггуыр (кислород) къаддæр ис. Уымæ гæсгæ улæфын дæр зындæр вæййы адæймагæн, зæрдæ æмæ дадзинты хызæгыл фылдæр уæз фæцæуы, дадзинтæ фæуæрæхдæр вæййынц, туг æндæр рæттæм фылдæр райдайы кæлын, æмæ буары хæйттæ барæсийынц. Уе ‘нæниздзинад цæмæй ма фæцуда, уый тыххæй уынджы къаддæр рæстæг уæвыныл архайут, уæлдайдæр, боны иуæндæсæй æхсæрдæс сахатмæ. Кæд уый фадат нæй, уæд аууон агурут, уæ сæрыл тæнæг сæрбæттæн бабæттут, науæд та худ ныккæнут. Искуыдæм цæугæйæ, уемæ хæссут, дохтыр уын цы хостæ рафыста, уыдон. Йæ амынддзинæдтæ йын æххæст кæнут. Уæлæдарæс хъуамæ уа, уæлдæф хорз кæм хизы, ахæм. Къахыдарæс — рог, æнæ бæрзонд зæвæттæй.
Сæрды æнуд бонты фылдæр æргом здахын хъæуы сывæллæттæм. Тар уæлæдарæс сыл нæ хъæуы кæнын, æнæ сæрæмбæрзтæй сæ уынгмæ ма уадзут. Ультрафиолетон тынтæ зиан хæссынц рæзгæ буарæн, уымæ гæсгæ сæ æнæ уæлæдарæсæй 15-20 минутæй фылдæр ма уадзут хурмæ. Сыгъдæг уæлдæфмæ сæ кæнут райсомæй æмæ изæрæй, рæстæмбис нымадæй 2-3 сахаты изæр-райсом.
Уыцы рæстæгæй спайда кæнын хъæуы, цæмæй сабитæ фылдæр хъазой, зымæгон уымæн уыйас фадат нæ вæййы. Æмæ ма иу фиппаинаг: сывæллоны хæдзармæ куы бакæнат, уæд ын йæ буармæ лæмбынæг æркæсут, джыбы йыл, мыййаг, нæ ныххæцыд? Кæд ыл ныффидар, уæд æй уæхæдæг рафтауыныл ма архайут, дохтырмæ йæ акæнут. Сывæллæттæм тæвды хæрын нæ фæцæуы, уымæ гæсгæ сын фылдæр дæттут донджын хæринаг, дыргътæ, халсартæ, стæй дон.
Дзидзидай сывæллæтты æгæр тухын нæ хъæуы, арæхдæр сын хъæуы хæринаг дæттын. Мадæлтæ уыцы рæстæг хъуамæ фылдæр нуазой дон. Сыгъдæг уæлдæфмæ сæ ракæнгæйæ, уемæ айсут донимæ кæнæ, адджын чи нæ у, ахæм кампотимæ мигæнæн.
Куыд æй ис рахатæн, сывæллонæн тæвд у, уый? Йæ рустæ ссырх вæййынц, йæ буары тæвд схизы, фæкæуы, мады ‘хсыр кургæйæ.
Уынджы 25 градусæй фылдæр куы уа, уæд æй æддæмæ ма хæссут 11-15 сахатмæ, уемæ айсут хуылыдз салфеткæ, кæнæ донпырхгæнæн, æмæ дзы сабийы цæсгом æмæ къухтæ рæстæгæй-рæстæгмæ хуылыдз кæнут.
Тæвд бон буар фылдæр дон хардз кæны, уымæ гæсгæ, нуазын хъæуы 2,5-3 лит-
ры алыхуызон дæттæ, стæй цайтæ. Сæ иууыл хуыздæртæ — туагад цы гагадыргъты ис, уыдон: хъæлæрдзы, туацъæнæмыг (клюква), лимоны дон. Æппæтæй хуыздæр та — минералон дон æнæ газæй, цай, уæлдайдæр — цъæх цай. Адджын дæттæ дойны нæ сæттынц, хъæбæр нозтæй та уæвгæ дæр нæ хъæуы хи хынцын. Ихджын донæй дæр дохтыртæ нæ амонынц пайда кæнын, уымæн æмæ расайы алыхуызон хъуырты низтæ, уыдонимæ ангинæ дæр.
Цæхджын, сойджын хæринæгтæй минас кæнын фæстæдæрмæ аргъæвут, фылдæр хæрут халсартæ æмæ дыргътæ. Тæвд бон адæймаг тырны уазал донæй хи æрыхсынмæ. Афтæ кæнын нæ хъæуы. Тæвдæй уазалмæ сонт рахызтæй дадзинтæ ампылынц, туджы æлхъывдад сбæрзонд вæййы. Уæвгæ та, уынджы æмæ хæдзары температурæты ‘хсæн хицæндзинад 5 градусæй фылдæр хъуамæ ма уа! Кондиционер 2-3 метрæй хæстæгдæр хъуамæ ма уа адæймагмæ, науæд, дæргъвæтин рæстæг цы низтæй хъæрзы, уыдон фæтыхджындæр вæййынц, ахæм рæстæг адæймагмæ æмхиц сты респираторон низтæ дæр.
Хур цы адæймаджы ныццавта, уый раз куы фæуат, уæд æй, фыццаджыдæр, бахæссын хъæуы сатæгмæ, кæд фадат ис, уæд кондиционеры бынмæ, йæ фæсонтыл æй схуыссын кæнут, йæ къæхты бын ын исты бавæрут, цæмæй йæ сæрæй уæлдæр уой æмæ йын чысылгай, фæлæ арæх дон дæттут. Æнæниз æмæ уыл амондджын бонтæ фылдæр кæнæд!
ТОМАЙТЫ Фатимæ,
Æрыдоны районы сæйраг педиатр














