Æхсæнады æрвылбон бирæ цаутæ æмæ хабæрттæ æрцæуы, хорзæй æмæ æвзæрæй дæр. Фæлæ сыл афтæ сахуыр стæм, æмæ нæм диссаг ницыуал кæсы. Туризмы райрæзтыл архайы нæ республикæ, уый хорз хъуыддаг у, æрмæст уыцы къабазы закъоны бындурыл хъуамæ цавæрдæр гæрæнтæ арæзт æмæ æххæстгонд цæуа. Туристты Ирыстонмæ æрхон æмæ сын барадон æгъдауæй фидар фæткы нысантæ ма бацамон, уый куыд раст у?
Дæргъæвсы зæппæдз-ты уавæрыл кæдæй дзурæм, уæддæр читт ничи кæны. Бонæй-бон диссагдæр хабæрттæ Тæгиаты комæй райхъуысы. Рагон уæлмæрдтæм æрцæуæггаг уазджытæ фæцагъуыд сты, æмæ-иу дзы, чи сæры-къуыдыримæ къамтæ исы, чи сын сæ хуылфмæ быры æмæ уырдыгæй видеоæрмæджытæ интернеты хызы æвæры, ныр та зæппæдзты мидæмæ æхцатæ калын байдыдтой. Кæй, дам, сын бахъыгдардтам се ‘нусон æнцой, уый тыххæй хатыр курæм, зæгъгæ.
Уыцы комы хъæуыхицау нал ис, бынæттон цæрджытæ, хистæртæ? Цæмæн æнхъæлмæ кæсынц бæрнон ведомствæйы мадзæлттæм, кæм бафæстиат сты, уый бæрæг куы нæй, уæд. Уый æргъæвсæгты фыдæлты уæлмæрд у æмæ, фыццаджыдæр, бæрнондзинад хъæуы цæрджытыл ис æвæрд.
Иу рæстæг ныхас цыдис, зæппæдзты «рудзгуытæ», уырыссагау «лазы», дам, телæй сæхгæнæм. Тел дæр дзы куы нæ хъæуы, уæлмæрды фæзмæ быруйы мидæмæ макæй уал уадз, æндæр. Æфсæн быруйæ æхгæд у йæ алыварс, æмæ турист уа, уазæг — уынджы æддæрдыгæй кæсæнт зæппæдзтæм, мидæмæ уадзын сæ цæмæн хъæуы? Цы дзы сты фенинаг?
Æз ма сывæллон уыдтæн, афтæ Куырттаты комы мæ мадырвадæлтæм арæх хъуыстон, зæппæдзты хуылфмæ кæсæн нæй, мæрдтæ, дам, æлгъитгæ кæнынц. Абон, уыцы хъуыды æз афтæ æмбарын, æмæ хистæрты амынддзинæдтæ кæстæртæн хъомыладон куысты сæйрагдæр мадзал уыдысты. Загътой ма-иу, зæрватыччы ахстонмæ нæй æвналæн, дæ къухтыл бызычъитæ æрзайдзæн. Нæдæр бызычъитæ æрзадаид, нæдæр мард æлгъыстаид, фæлæ уый нæ фыдæлты æнæфыст закъон уыд, æрдзæн знаггад ма кæн, цыртытæ, ингæнтæ æмæ дзуæрттæ ма къах. Уыдон уыдысты, кæстæрты рæсугъд фæндагыл чи æвæрдта æмæ раст хъомыладыл чи ахуыр кодта, фыдæлты ахæм æгъдæуттæ.
Æцæгæлон адæймаг нæ зоны ирон царды æхсæнад æмæ æгъдæутты фæтк, традицитæ, æмæ йын сæ амонын хъæуы. Нæ сыхæгтæм ма акæсæм, чи сæм бауæнддзæн гом риуæй, гом зæнгæй бацæуын, сæ фыдæлты уæлмæрдтæй сын хынджылæг кæнын? Уый хыгъд, сæ традицион хæринæгтæ куыд цæттæ кæнынц, уый дæр куы никæмæн хъæр кæнынц. Махмæ та ахæм æфсин разынд, æмæ чъиритæ дынджыр хæсгардæй туристтæн æркæрды. Ирон адæм, уыцы æбуалгъы ми фенгæйæ, интернеты загъд систой кæрдзынгæнæгимæ. Уыцы хæсгардæй раздæр кæд фыстæ æлвыдта, уæддæр ын исчи исты зоны?
Хохаг хъæуы цæрæг сылгоймаг туристты ирон чъирийæ сбуц кæныны охыл ма сын уæзданæй уайдзæфтæ дæр бакодта, цы, дам уæ æлвасы Ирыстоны хæхтæм цæуынмæ? «Хотели горы увидеть», — уыдис уазджыты дзуапп. Нæхæдæг нæ фыдæлты æгъдæуттæн аргъ кæнын куы нæ зонæм, уæд нын сæ æндæр исчи цæмæн нымайа?
Æрæййæфтон ахæм хистæртæ, æмæ, хæсгард нæ, фæлæ кардæй, цыргъагæй дæр чъиритæм æвналын нæ уагътой. Уæд уыцы миниуæг нæ хъайтар «сатана» кæцæй райста? Дæ зонд уый æрцахсæд, æмæ хæсгардæй кæрдзынтæ æркъæпп-къæпп кæн.
Мæ уацхъуыд Дæргъæвсы зæппæдзтыл уыдис, фæлæ, дам, ныхас ныхасы къахы. Нæ республикæйы историон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны комитетæй хатыр курын, фæлæ уыдон хæссынц бæрнондзинад абоны рæстæг нæ фыдæлты рагон объекттыл. Архайынц, сæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ. Фæлæ, иугæр зæппæдзты стæгдартыл æрцæуæг уазджытæ æхцатæ æппарын райдыдтой, уый мах дæл-дзиныг кæны, у худинаджы хос ирон адæмæн. Ахæм æмбисонд баззад нæ хистæртæй, хуыйы, дам, кæримæ куы бауадзай, уæд йæ сæрмæ хизы. Афон у Дæргъæвсы уæлмæрды уавæр дæр сраст кæнынæн. Ис хъæуы мидæг хистæртæ, хъæуыхицау, мыггæгты раззагдæр минæвæрттæ, æмæ бауынаффæ кæнæнт, цæмæй уæлмæрды кæртмæ цæуæн макæмæнуал уа бар. Уый тыххæй æддæрдыгæй халагъуды чи бады бон-изæрмæ, уыцы гæсæн баргонд æрцæуæд, цæмæй мидæмæ макæйуал уадза. Кæй фæнды, уый сæм æддейæ кæсæд. Æндæр телтæй сæхгæнын — уый æнтыстджын мадзал нæу. Уæд мæрдтæн «гæртæмттæ» дæр ничиуал калдзæн æмæ стæгдартæй дæр ничиуал хынджылæг кæндзæн.
САУТÆТЫ Тамилæ