Уыд æрдзы æнувыд хæлар

0
74

Нæ республикæйы кадджын хистæртæй иу, Ирыстоны туризм æмæ æрдзы æвæрæнтыл аудæг, зындгонд ахуыргонд, нæ газеты иузæрдион хæлар æмæ æхсæнадон уацхæссæг БЕРУАТЫ Мæцыхъойы фырт Барис арф фæд ныууагъта нæ республикæйы, нæ бæстæйы туризмы къабазы.
Дзæуджыхъæуы 22-æм астæуккаг скъола фæуыны фæстæ Барис сси Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты æрдззонæн-географион факультеты студент, каст æй фæци 1960 азы, райста географи æмæ биологийы ахуыргæнæджы дæсныйад.
Студент уæвгæйæ ма Барис цалдæр хатты ацыди балцыты канд Цæгат Ирыстоны, Кавказы хæхтæм нæ, фæлæ Урал, Хибинтæ, Памирмæ, уыди Тянь-Шань æмæ Карпатты, æрæмбырд кодта хъæздыг æрмæг йæ фидæны географийы дæсныйадæн. Тынг зæрдиагæй ахуыр кодта нæ республикæйы æрдзы гæнæнтæ æмæ æвæрæнтæ, стыр æргом здæхта суанг æрыгон азтæй фæстæмæ дæр экологийы фарстатæм.
Студент уæвгæйæ-иу Барис сæрдыгон каникулты куыста хæххон туризмы инструкторæй Кæсæг-Балхъар æмæ Хъæрæсе-Черкесийы, Цæгат Ирыстоны туристон базæты. 1960-1964 азты разамынд лæвæрдта нæ республикæйы æвзонг туристты станцæйæн, фæстæдæр та уыди Цæгат Ирыстоны музейты генералон директор. Уыцы азты дæргъы нæм Барисы хъæппæрисæй байгом сты туристон базæтæ «Къæхтысæр», «Æвзонгдзинад», «Урсдон», «Дзинагъа»,
«Суаргом», «Куырттат», туристон фысымуат «Горянка», автомобилты базæ «Турист», къанатон фæндæгтæ Хъобан, Цъæй æмæ Дзæуджыхъæуы.
Фæстæдæр, нæ университеты географийы факультеты деканæй кусгæйæ, Барис бацархайдта, цæмæй дзы байгом кодтаиккой дыууæ ног хайады: «Геоэкологи» æмæ «Социалон-культурон сервис æмæ туризм».
1995 азы Беруаты Барис бахъахъхъæдта Мæскуыйы докторы диссертаци, «Цæгат Кавказы хæххон бынæтты æрдзон уавæртæ æмæ сæ пайда кæныны географион бындур», зæгъгæ, ахæм темæйыл. Уымæй размæ та йын, 1991 азы, радтой профессоры ном.
Барис хорзæхджын уыдис «Кады нысан»-ы дыууæ орденæй, майдантæ «Ирыстоны намысæн» (дыууæ хатты) «М.В. Ломоносовы номыл», «Профцæдисты 100 азы», «Ахуыргонды стъалы»-йæ, стæй æндæр бæрзонд хæрзиуджытæй. Рауагъта 750 наукон куыстæй фылдæр. Æхсæрдæс азы дæргъы разамынд лæвæрдта Уæрæсейы географийы æхсæнады Цæгат Ирыстоны хайадæн.
Йæ цæргæбонты Беруаты Барис æппæт хъарутæй дæр архайдта, нæ рæсугъд, нæ алæмæты æрдзон æвæрæнтæй куыд хуыздæр, куыд растдæр пайда кæнын хъæуы, уыдæттыл фыссын æмæ дзурын. Уыцы хорздзинæдтæ йын абон дæр рох не сты æмæ нæ уыдзысты.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here