Хуссар Африкæйы фермæтæй иуы сæгъты дзугæн фыййау сæвæрдтой маймул-бабуин Алайы. Уый размæ йæ цасдæр рæстæг ахуыр кодтой уыцы дæсныйадыл, æмæ йæ ахуыргæнджыты фыдæбæттæ дзæгъæлы нæ уыдысты.
Ала царди сæгътимæ иу уæтæры æмæ сыл тынг сахуыр. Дзуг хизынмæ куы аскъæрдтой, уæд Ала дæр семæ ацыди.
Хъахъхъæдта сæ, искæй фосæй-иу сæм искæцы хæстæг куы ‘рбацыди, уæд-иу æй асырдта. Йæхи дзуг-иу хатгай пырх кæнын куы райдыдта, уæд та сæ-иу уайтагъд æрбамбырд кодта, изæрæй та-иу сæ сæ бынатмæ æрбаскъæрдта, растдæриддæр, хорз фыййауы куыдзау. Иуахæмы хизæнуатæй фæдисхъæргæнгæ æрбахæццæ фæстæмæ уæтæрмæ — куыд рабæрæг, афтæмæй дыууæ гыццыл сæныччы аззадысты мидæгæй æхгæд. Æрхъуыды сæ кодта Ала, кæд сæгъты нымæц цыппарыссæдзæй фылдæр уыди, уæддæр.
Хæрз гыццыл сæныччытæ-иу куы бафæлладысты, уæд сæ-иу систа æмæ сæ хаста йæхæдæг сæ мадмæ, цæмæй сын бадардтаид æхсыр. Гыццылты никуы хæццæ кодта, бахуыдта-иу сæ æрмæстдæр сæхи мадæлтæм.
Ахæм сæрæндзинад æмæ бæрнондзинад æвдыстой иннæ ахуыргонд маймулитæ дæр, фæлæ дзы хатгай сæ иуæй-иуты хъуыддаг нæ рæстмæ кодта, æмæ-иу уæд стыхстысты, сагъæсы бацыдысты, сæхимæ-иу ныхъхъуыстой…