Æмгуыстады бадзырд бафыстой

0
78

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад, Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институт æмæ Мæскуыйы физикон-техникон институт сфидар кодтой æртывæрсыг æмгуыстады фæдыл бадзырд.
Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.
Министры ныхасмæ гæсгæ, ведомствæ, ахуырадон архайды фæтк бæстондæр кæнгæйæ, кусы республикæйы скъолаты æрдззонæн-наукон предметтæ ахуыры факультативон къордтæ байгом кæныныл. Факультативтæн разамынд чи дæтта, уыцы ахуыргæнджытæн æххуыс кæндзысты хæххон-металлургон институты специалисттæ. Уыимæ, факультативты методикон ифтонгдзинадыл та кусдзысты Мæскуыйы физикон-техникон институты минæвæрттæ. Уымæй уæлдай, мæскуыйаг институты специалисттæ ирыстойнаг скъолаты араздзысты профориентацион æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ дæр.
Алыбегты Эллæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бадзырды бындурыл министрад æмæ амынд институттæ араздзысты æндæр иумæйаг ахуырадон-зонадон мадзæлттæ дæр. «Мæ зæрдæ дарын, уыцы æмархайды фæрцы цæгатирыстойнаг скъолаты ахуырады хæрзхъæддзинад хъомысджындæр кæй кæндзæн, ууыл. Уыимæ, хæххон-металлургон æмæ физикон-техникон институтты специалистты зондамындæй скъоладзаутæ æмхицдæр кæндзысты æрдззонæн-наукон предметтæ ахуыр кæнынымæ», — бафиппайдта министр.

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here