Газеты иузæрдион зиууон

0
224

Ирон адæмы фарныл æвæллайгæйæ фарн чи æфтауы, йæ хорздзинадыл ын чи архайы, уыдонæй иу, æнæмæнг, у газет «Рæстдзинад». Кæсын æй мæ сабибонтæй нырмæ, бирæ зондджын адæм дзы куыста æмæ кусы, фæлтæрдджын уацхæсджытæ. Адæм сæ зонынц, алы газеткæсæгæн дæр ис йæхи уарзондæр, æхсызгондæрæй кæй æрмæджытæ кæсы, ахæм автортæ. Стыр бузныг зæгъын куыстхъом коллективæн сæ удуæлдай архайды тыххæй.
Мæ ныхас абон у нæ бастдзинады хайады куысты тыххæй. Тынг бирæ хъæстытæ хъусын, кæсын газеттæ кæй нæ хæссынц, сæ хæстæ, куыд æмбæлы, афтæ кæй не ‘ххæст кæнынц. Ахæм ныхæстæн ис бындур, мæ зонгæтæй дæр бирæтæ хъаст кæнынц. Æз та мæхи тыххæй зæгъдзынæн. Цæрын Уалдзыгон уынджы фæндзæм хæдзары. Мæ хæдтулгæ нæ рудзгуыты бын æвæрд вæййы, йæ дуар ын нæ сæхгæнын, æмæ мæм газеттæ постхæссæг æрбахæссы рæстæгыл, райсомæй. Сæвæры мын сæ машинæйы, æз та йын уым къафеттæ ныууадзын. Бауырнæд уæ, йæ ном дæр ын нæ зонын уыцы сылгоймагæн, фæлæ тынг цæсгомджынæй æххæст кæны йæ хæстæ.
Газеты æхсæнадон уацхæсджытæй дæр тынг разы дæн, уыдон се ‘вæрæн хæссынц, фыссынц цымыдисаг æрмæджытæ, абоны цардыуаджы тыххæй сæ фиппаинæгтæ адæмы размæ хæссынц. Уæлдай бузныг дæн Фыййагдоны цæрæг Фæрниаты Раяйæ. Уый æрмæст æрмæджытæ нæ фыссы, фæлæ ма зæрдиагæй архайы, цæмæй «Рæстдзинад»-ы кæсджытæ фылдæр кæной. Куыд рабæрæг, афтæмæй, поселочы администрацийы зылды цы амалхъомтæ ис, уыдоныл æрзылд æмæ сæ ракуырдта, цæмæй æвæгæсæг ас адæмæн газет сæхи хардзæй рафыссой. Ацы æхсызгон хъуыддаджы йын се ‘ппæт нæ баххуыс кодтой, фæлæ дзы разындис, йæ курдиатæн ын аргъ чи скодта, ахæмтæ. Уый тыххæй мæхи номæй стыр бузныг зæгъын ацы сылгоймагæн. Йæ цæрæнбон ын Хуыцау бирæ скæнæд, æнæниз æмæ æнæмаст уæд, йæ кæстæрты хуртæй — æфсæст. Ахæм куырыхон сылгоймæгтæ Ирыстоны фылдæр куыд уа, ахæм амонд нæ уæд.

БÆРОЙТЫ Махар, Дзæуджыхъæу

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here