Уæ бон хорз, «Рæстдзинад»-ы редакци! Мах, Рахизфарсы районы ветеранты совет, алы хатт дæр зæрдиагæй бацархайæм, цы ацæргæ адæмыл узæлæм, уыдонæн адæмон газет рафыссыныл. Ракурæм уый тыххæй æххуыс районы администрацийæ, æмæ нæ фарсмæ æрбалæууынц, радих кæнынц фæрæзтæ, сæ къух куыд фæамоны, афтæ.
Мæхæдæг ветеранты советы нымæрдар дæн, бирæ азты лæггад кæнын ас адæмæн, ацы æхсæнадон организацимæ цы вазыгджын фарстатæ хауы, уыдон æххæст кæнæм йæ сæргълæууæг Калоты Анатолиимæ.
Æрæджы мæ мæ æнæниздзинады уавæрмæ гæсгæ бахъуыдис медицинон æххуыс, сæвæрдтой мæ республикон Тагъд æххуысы рынчындоны кардиологон хайады. Ам æз цы фæтк федтон, уый диссагæн дзуринаг у.
Рынчынтæ дохтыртæ æмæ медицинон хотæн, санитаркæтæн раст цыма сæ хиуæттæ сты, ахæм ахаст сæм ис. Æрмæст хостæй нæ архайынц рынчыны уавæр фæхуыздæр кæныныл, фæлæ фæлмæн ныхас æмæ зæрдиаг узæлдæй дæр.
Арæх фехъусæн вæййы, дохтыр дохтыры хуызæн нал у, алчидæр дзы рынчыны дзыпмæ кæсы, зæгъгæ, фæлæ æз ацы медицинон уагдоны ахæм дзырдтæн бындур не ссардтон. Не ‘ппæтмæ дæр уыдис уыцы иу æмхуызон ахаст, æмæ мæ фæнды мæхи æмæ рынчынты номæй зæрдиаг арфæ ракæнын кардиологийы хайады сæргълæууæг Быценаты Екатеринæйæн, нæ дохтыр Мæргъиты Каринæйæн, медицинон хо Дыгуры Ирмæйæн (къамы), стæй хайады кусджытæн се ‘ппæтæн дæр. Сæ бавнæлд — фæлмæн, сæ дзыхы ныхас — рæвдаугæ, ныфсæвæрæг. Æмæ ахæм узæлды руаджы адæймагæн йæ уавæр дзæвгар фæхуыздæр вæййы.
Æз тынг райгондæй баззадтæн ацы æнгом медицинон коллективы архайдæй æмæ сын стыр бузныг зæгъын. Низ сæм хæстæг макæд æрцæуæд, æнæмаст æмæ зæрдæрайæ цæрæнт, амондæй, Хуыцауы хæрзтæй хайджынæй.
БÆТÆГАТЫ Рая, Беслæныхъæу