Тагъд Цæгат Ирыстоны фæзындзæн ног ахуырадон къабаз «Туризм æмæ йæ лæггæдтæ». Уый тыххæй нæ республикæ федералон центрæй райста 70 милуан сомы.
Къабаз скусдзæн 2025 азы. Ахуыр кæнынмæ йæм райсдзысты, балцыты цæуын, адæмимæ кусын чи уарзы, стæй, нæ республикæйы туристон сервис аккаг бынат цæмæй бацахса, ууыл зæрдиагæй чи архайдзæн, уыцы лæппутæ æмæ чызджыты.
Туризмы къабаз Цæгат Ирыстоны азæй-азмæ кæны парахатдæр, хъæуы дзы фылдæр дæсны специалисттæ. Уæдæ бирæ рæстæг нал баззад фидæны хæххон курорт «Мамысоны», стæй ирхæфсæн «Алания-парк» байгом кæныны бонмæ дæр.
Ног ахуырадон къабаз (кластер) «Туризм æмæ йæ лæггæдтæ» у, проект «Профессионалитет» нæ республикæйы кæй байгом кæндзæн, уыдонæй æртыккаг.
Сентябры та Цæгат Ирыстоны педагогон колледжы райдайдзысты специалисттæ цæттæ кæнын, «педагогика», зæгъгæ, уыцы хайады. 2023 азы йæ куыст райдыдта «Барадхъахъхъæныны архайд»-ы хайад.
Федералон центры æххуысæй цалцæггонд æрцыдысты колледжы бæстыхæйттæ, фæфылдæр практикон æгъдауæй ахуыры бæрц, йæ ахуыргæнджытæн фадат фæцис сæ дæсныйад бæрзонддæр кæнынæн ацæуын суанг Уæрæсейы æндæр регионтæм дæр.
Проект «Профессионалитет»-ы фæрцы фæхуыздæр астæуккаг профессионалон ахуырады хъæд, фылдæрæй-фылдæр фæсивæд тырнынц астæуккаг сæрмагонд ахуырад райсынмæ.
БУТАТЫ Азæмæт














