Стыр фыдракæндтæ гыццыл хъуыддæгтæй сырæзынц

0
205

Уæрæсейы Конституцийы закъоны æвдæм статья зæгъы: «Уæрæсейы Федерацийы Гимн официалон æгъдауæй куы азæла, уæд æм хъусын хъæуы лæугæйæ, нæлгоймæгтæ – бæгъæмсарæй. Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон гимнимæ ма Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон тырыса хæрдмæ ист куы цæуа, уæд æм хъæуы æргом раздахын. Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон гимн æфсæддон хæйтты, æфсæддон науты куы азæла, уæд хи дарын хъæуы, Æфсæддон уставтæ куыд амонынц, афтæ».

Налцыччы иу мадзалы залы бадджыты хай гимны азæлд куы ницæмæ ‘рдардтой æмæ сæ бынæтты бадгæ куы баззадысты, уæд уыцы цау, чи зоны, кæмæдæрты ницæйаг фæкæса, фæлæ уый бынтон афтæ нæу. Сывæллон коммæ куы нæ кæса, бырон зæхмæ куы æрæппара, уæд уый ницæйаг цау у, куы байрæза уæд фæзондджындæр уыдзæн æмæ æхсæнады йæхи дарын зондзæн. Налцыччы чи æрцыд, уыцы цауæн та ис идеологон бындур. Мах уынæм, Украинæйы ма, ас лæгтæ цы сывæллæтты ахъилынц, уыдон дæр, фашисттау, сæ къухтæ хæрдмæ фæхъил кæнынц æмæ хъæр кæнынц неонацистты лозунгтæ: «Сдохни, москалик», «Батько наш Бандера» æмæ æндæр ахæмтæ. Æмæ ахæм сæрзилæдджын фыддуджы заман сывæллæттæ хъуамæ куыд сырæзыдаиккой? Æмбарæм, Уæрæсейæ чи алыгъд æмæ йыл уырдыгæй цъыфкалæн чи кæны, уыдон дæр, сæ хъуыддаг бæрæг кæй у.
Фæлæ Уæрæсейы ис ахæм граждæнтæ, цæрынц нæ бæстæйы, не ‘хсæн, сæ цардæй хъæстаг не сты. Фæлæ ахæмтæ æхсæнадæн тæссаг сты. Уæд æфсæддон комиссарадыл арт бафтауынц, уæд æфсæнвæндаджы электрон тыхы скъапп басудзынц кæнæ та рельсытæ фехалынц. Цал æмæ цал адæймаджы æрцахстой, украинаг сгарджытæн Уæрæсейы æфсады ахсджиаг объектты бæрæггæнтæ фехалынмæ. Уыдон сты нæ паддзахады знæгтæ.
Фæлæ знаджы сгарджыты пайдайæн чи нæма кусы, кæнæ та ныридæгæн ахст чи нæма ‘рцыд, уыдонæн та цы кæнгæ у? Афтæ дæлджиныг æмæ уæлæхох цæмæн кæнынц паддзахадон символтыл? Чи зоны, Уæрæсейæ фæсарæнтæм алидзынмæ хъавынц æмæ уымæй æвдисынц нæ бæстæмæ сæ ахастдзинад. Уæд хъуамæ гимнмæ нæ, фæлæ «Дойче золдатен, унтер официрен»-мæ хъусой.
Абон нæ зонын, фæлæ æз æфсады куы службæ кодтон, уæд хуымæтæджы тынг лæмбынæг нæ кастысты алы хъуыддагмæ дæр – æнæхсад æфцæггот, гимнастеркæйы уæллаг æгънæг æвæрд нæу, дæ уæлæ – чъизи цырыхъхъытæ – уыдæтты тыххæй æфхæрд æййæфтой салдæттæ. Рæнхъыстады лæугæйæ-иу нын нæ цырыхъхъытæ раласын кодтой æмæ кастысты, ныхтæ конд сты æви нæ, уымæ. Адæймаг-иу смæсты, цыма нæ хынджылæг кодтой, афтæ нæм каст, фæлæ, æвæццæгæн, стыр фыдракæндтæ ахæм гыццыл хъуыддæгтæй сырæзынц.
Къорд азы разæй иу блогер хорз роликтæ арæзта Нью-Йоркы тыххæй. Тынг цымыдисаг хабæрттæ дзырдта горæты æппæт цымыдисаг бынæттыты тыххæй, æрхаста-иу диссаджы историон зонæнтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Нью-Йоркы зæрдæ кæй хонынц, уыцы зындгонд Тайм-скверы иувæрсты дæр нæ ацыд. Уым æдзух тынг бирæ туристтæ вæййы, æмæ дзы ис, цæмæ æркæсой æмæ цæуыл бадис кæной. Вæййы дзы адæм алы киноты персонажты уæлæдарæсы, туристтæ семæ сæ къамтæ сисынц, æхца сын бафидгæйæ. Уæй дзы фæкæнынц алыхуызон билеттæ …
Иу ныв дзы мæ зæрдыл бадардтон. Негр чысыл стъолыл æрæвæрдта шахмæттæ æмæ туристтæм хатыд, интересыл ахъазæм, зæгъгæ. Æнахуыр диссаг уый мидæг уыди, æмæ шахмæттæ урс æмæ сау нæ, фæлæ цъæх æмæ кæрдæгхуыз кæй уыдысты. Фæйнæг дæр, кæуыл сахуыр стæм, ахæм нæ уыд – йæ чырæгтæ – урс æмæ кæрдæгхуыз. Ома, уымæй равдисынмæ хъавыд йæ адæмуарзондзинад, адæм саутæ æмæ урсытæ не сты. Нæ блогер шахматисты бафарста, урсытыл дзы кæцыты нымайын хъæуы, зæгъгæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы урсытæн æппындæр бынат нæ уыд. Уæдæ фыццаг хъуамæ чи цæуа, уыцы фарстæн дæр бæлвырд дзуапп нæ райста.
Ныртæккæ дунейы цы цаутæ цæуы уыцы æнæхайыры быхсондзинады аххосæй, уый не ‘ппæт дæр уынæм. Алцыдæр райдыдта, мæнæ уæлдæр цы «чысыл» цауты тыххæй дзырдтон, уыдонæй.

Юрий ПЕТРОСОВ,
æхсæнадон уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here