Паддзахадон æххуыс – сывæллонджын бинонтæ æмæ хистæр фæлтæрæн

0
233

Федералон национ программæ «Демографи» æххæст кæныны фæлгæты республикæйы Фæллой æмæ социалон рæзты министрадыл æвæрд ис проекттæ «Сывæллæттæ райгуыргæйæ бинонтæн финансон æххуыс» æмæ «Хистæр фæлтæр» æххæст кæныны хæс. Царды куыд цæуынц, уый, æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æрныхас кæныны фæдыл нæ уацхæссæг фембæлд министр АЙДАРТЫ Хъазыбеджы чызг Алинæимæ.

– Национ нысантæ æмæ стратегион хæслæвæрдты Уæрæсейы Федерацийы рæзты сконды «Демографи»-йы программæ хуымæтæджы нæй.
Дыууæ проекты дæр – «Сывæллæттæ райгуыргæйæ, бинонтæн финансон æххуыс» æмæ «Хистæр фæлтæр»– ы проекттæ баст сты ног фæлтæр æмæ карджын адæмæн æххуысы фарстатимæ нырыккон царды уавæрты. Ахсджиаг кæй сты, ууыл дзурынц, федералон æмвæзадыл цы мадзæлттæ арæзт цæуы, сæ сæххæст кæнынмæ куыд лæмбынæг каст цæуы, уыдæттæ.
«Сывæллон цы бинонтæн райгуырд, уыдонæн финансон æххуыс»-ы программæ баст у паддзахадæй бинонтæн фиддонтæ дæттыны фарстаимæ. Проект саразыны агъоммæ сæ хуызтæ фылдæр уыдысты. Фыстой сæ 3-7, 8-17 азы онг, стæй æртæ æмæ сæ фæстæ гуырæг сывæллæтты мадæлтæн. Ныр сæ баиу кодтой, æмæ сæ фаронæй фæстæмæ фидынц иумæйаг æххуысы хуызы. Исгæ та сæ кæнынц фыццагау, снысангонд уагæвæрдмæ гæсгæ. Æххуыс се ‘ппæтæн лæвæрд нæ цæуы, исынц æй æрмæст фæкæсинаг бинонтæ. Каст ма цæуы исбонмæ дæр. Кæд æмæ бинонтæм дыууæ хæдзары кæнæ дыууæ фатеры уа, уæд ахæм бинонтæ, сывæллæтты пособитæ исыны фæдыл курдиат бадæтгæйæ, разыйы дзуапп нæ райсынц.
Иумæйаг фиддонтæ нæма исдзысты, æртыккаг æмæ сæ фæстæ, 2023 азы 1 январы онг цы сывæллæттæ райгуырд, уыцы бинонтæ. Программæйы фæуды æмгъуыд у 2025 аз, уæдмæ сыл сæххæст уыдзæн æртыгай азтæ, æмæ уæд сæ ныййарджытæ райдайдзысты иумæйаг пособи исын. Уыйадыл программæйы æмгъуыд фæуыдзæн. Сывæллоныл æртæ азы куы сæххæст уа, уæд æй бахæсдзысты иумæйаг пособиты номхыгъдмæ, æмæ сæ ныййарджытæ исын райдайдзысты уыцы хуызы. Нымæцтæ куыд æвдисынц, афтæмæй ацы аз бæлвырд бинонтæн фылдæр лæвæрд æрцæудзæн пособитæ, сæ бæрц – 482 милуан сомы. Бæрнон кусджытæ йæ уæлдайджынтæй сæххæст кодтой, ныридæгæн æй нæ республикæйы исынц 1837 бинонтæ. Рæстæг куыд цæуы, афтæ ахæм бинонты нымæц къаддæргæнгæ цæудзæн.
Программæ æххæст кæнынæн Цæгат Ирыстоны æртæ æмæ фылдæр сывæллонджын бинонтæн хæдзæрттæ дæттыны фарста æвæрд нæй, уый хыгъд æртыкккаг æмæ фылдæр сывæллæтты райгуырдимæ, сабийыл æртæ азы цалынмæ нæ сæххæст, уæдмæ исдзысты æрвылмæйон пособи. Азы кæронмæ сæ нымæц у 1817, июлы райдианмæ та ма сыл бафтыд 57 бинонтæ.
Субсидиты хуызы кусы регионалон проект, баст у, æртæ æмæ фылдæр фаззоны кæмæн райгуырд, уыдоны ныййарджыты цæрæнуатæй сифтонг кæнынимæ. Ацы аз уал уый фæдыл курдиат ничима балæвæрдта.
Иннæ ахсджиаг социалон проект – «Хистæр фæлтæр». Программæйы фæлгæты республикæйы социалон лæггæдты мадзæлттæ арæзт цæуынц хистæр кары æмæ сахъат адæмæн. Фаронæй нырмæ нæ регионы æнтыстджынæй цæуы хистæр фæлтæрæн дæргъвæтин рæстæг æххуысы къабаз. Фæлварæны хуызы социалон æмæ медицинон комплексон лæггæдты хызæгæй пайда кæнынц республикæйы æхсæз районы: Мæздæджы,
Æрыдоны æмæ Дзæуджыхъæуы цыппар районы. Фарон ахæм æххуыс кодтой 200 адæймагæн, ацы аз та ма сыл бафтыд 70. Йæ нысан – проект цы пайда хæссы, уымæн хатдзæг скæнын. Айдарты Алинæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ бон бафиппайын у, хистæр фæлтæр æмæ сахъат адæймæгтæ Тагъд æххуысмæ ныр къаддæр кæй райдыдтой дзурын, рынчындоны æвæрыны сæр сæ къаддæр кæй хъæуы. Экономикон пайдайыл дзургæйæ та ма уæлæмхасæн фæзынд куысты бынæттæ дæр, мызд фидыныл хардзгонд цæуынц федералон фæрæзтæ. Цæуынц субсидиты хуызы, æмæ уымæй æххæстгонд цæуынц экономикон, социалон – медицинон фарстатæ.
Программæ йæ тыхы куы бацыд, уæд проекты архайæг районтæн раттой хæдтулгæтæ Газель-Некст, уымæй ацы къорды граждæнтæн фадат ис бахъуаджы сахат сæ медицинон кусæндæттæм фæхæццæ кæнынæн. Æрмæст ацы аз, 65 азы кæуыл цæуы, 41 мин уыцы адæймагмæ ‘ввахс ацыдысты диспансеризаци æмæ дохтырты профилактикон æркæстытæ, уыдонæй 12 минæй уæлæмæ – хъæууон районты цæрджытæ, мин æртæ сæдæмæ ‘ввахсы та уæлдæр амынд хæдтулгæтыл фæхæццæ кодтой рынчындæттæм.
Æххуыс уал райстой республикæйы 28 мин цæрæгæй фылдæр, афæдзы кæронмæ, куыд банымадтой, афтæмæй ма сыл бафтдзæн 22 проценты. Хистæр фæлтæры разæнгард цардæн Социалон лæггæдты центрты арæзт цæуынц арт-терапийы, ЛФК-йы, худыны терапийы, алыхуызон аивадон къордты архайынæн мадзæлттæ. Фадат ис скандинаваг къахæйцыдæй, социалон туризмы фæрцы æнæниздзинад фидардæр кæнын, суанг компьютертимæ кусын æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыр кæнынæн, театртæ æмæ равдыстытæм цæуынæн. Хистæр фæлтæрæн ахсджиаг у искæимæ аныхас кæнын, дæ дзуринæгтæ зæгъын. Ахсджиаг уый у, æмæ дзы чи архайы, уыдонæй иутæ кæй свæййынц «æвзист волонтертæ», æххуыс кæнынц, центртæм чи цæуы, уыдонæн.
Федералон проект царды рауадзыны фæлгæты республикæйы райдыдтой аразын «Зæрæдтæ æмæ инвалидты хæдзар-интернат». Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ йын дихгонд æрцыд 288,23 милуан сомы, уый у, арæзтадыл цы фæрæзтæ ‘рцæудзæн хардзгонд, уымæн йæ 68, 76 проценты.
Программæ цæуы къæпхæнгай, йæ фыццаг уал æххæстгонд æрцыд, æмæ, республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министры хъуыдымæ гæсгæ, фæлварæны хуызы проект у пайдахæссæг. 2030 азмæ Уæрæсейы Президент Владимир Путины фæдзæхстмæ гæсгæ, уыцы æххуыс кæй хъæуы, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр хъуамæ фадат уа спайда дзы кæнынæн. 2025 азы райдайæнæй йæ тыхы бацæудзæн æндæр нацпроект – «Бинонтæ», уæрæхдæргондæй йæм бахаудзæн ацы къабаз дæр.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
къамтæ систа
Татьянæ
ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here