Ирыстойнаг студентты слет «Æрыгон»

0
211

2024 азы 6-9 августы Дыгургомы йæ куыст кæндзæн ирыстойнаг студентты фыццаг сæрдыгон дзыллон слет «Æрыгон». Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО йæ телеграм-каналы.

«Алы уæрæсейаг регионты чи ахуыр кæны, уыцы цæгат– æмæ хуссарирыстойнаг фæсивæд æрбамбырд уыдзысты Урсдоны. Уыцы фембæлдмæ нæ лæппутæ æмæ чызджытæ ссæудзысты Мæскуы, Бетъырбух, Белгород, Рос-
тов, Астрахань, Краснодар, Сургут, Владивосток æмæ æндæр уæрæсейаг горæттæй. Форумы архайджыты нымæц уыдзæн 2 сæдæйæ фылдæр», – фыссы регионы Сæргълæууæг.
Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, ахæм уæрæх фембæлды сæйрагдæр нысантæ сты студенттæн сæ чысыл Райгуырæн бæстæйы абоны цард æмæ æнтыстдзинæдты тыххæй радзурын, регионы дарддæры рæзты проекттимæ сæ базонгæ кæнын, фæсивæды кæрæдзимæ æфсымæрдзинад æмæ æнгом бастдзинæдты тæгтæй æрбангом кæнын.
Фембæлды организацион комитеты уæнгтæ (РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим сын цы æмбырд сарæзта, уым бæлвырдгонд æрцыдысты цæттæдзинады æппæт фарстатæ дæр) бацархайдтой, цæмæй студенттæ сæ рæстæг зæрдæзæгъгæ арвитой: уыдзæн сын алы темæтыл ахуырадон лекцитæ, тренингтæ, мастер-класстæ, бæстæзонæн балцытæ Дыгургомыл, бирæ æндæр цымыдисаг фембæлдтытæ. Уыдоны уазджытæ суыдзысты хицаудзинады оргæнты бæрнон кусджытæ, алы къабæзты кусæг эксперттæ, политологтæ, æхсæнадон организациты уæнгтæ, культурæйы, спорт æмæ дзыллон информацийы фæрæзты зындгонд минæвæрттæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ…
Фæсивæдимæ æмархайд кæндзысты, сæ куысты хуыздæртыл нымад чи сты, уыцы адæм: æппæтуæрæсеон æхсæнад «Зонынад»-ы генералон директоры хæдивæг, ахуырадон центр «Машук»-ы разамонæг Антон Сериков, МГИМО-йы Дунеон иртæстыты институты раззагдæр наукон кусæг, журнал «Международная аналитика»-йы сæйраг редактор Сергей Маркедонов, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Сергей Бурлаков æмæ иннæтæ.
Слеты архайджытæ æмæ уазджытæн сæрмагонд фембæлд уыдзæн Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгимæ дæр. «Æнæмæнг, рæстæг ссардзынæн, цæмæй бабæрæг кæнон Дыгургом æмæ фембæлон «Æрыгон»-ы архай-
джытимæ, фæхæццæ сæм кæндзынæн мæ хъуыдытæ, байхъусдзынæн сын сæ фæндæттæ æмæ фиппаинæгтæм, – загъта Сергей Меняйло. – Ныфс мæ ис, слеты программæ хъæздыг æмæ цымыдисаг кæй рауайдзæн, уымæй. Æмæ ацы форум æрвылазон кæй суыдзæн, ууыл дæр мæ зæрдæ дарын – уый ахсджиаг хъуыддаг у. Уымæн æмæ нын ахæм фембæлдтыты рæстæг хуыздæр фадат вæййы, хæстæгдæр фидæны Ирыстоны, стæй æппæт бæстæйы хъысмæт дæр кæй бæрны уыдзæн, уыцы фæлтæры минæвæртты хъæппæристæ æмæ идеятæ банкъарынæн, иумæ сыл æрдзурынæн æмæ бакусынæн».

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here