— Постхæссæджы куыст æнцон нæу, уый зонын. Фæлæ дзы æхсызгондзинад исыс? — бафарстон ГÆЗДÆНТЫ Эммæйы.
— Не ‘рбацыдмæ адæм тынг фенхъæлмæ кæсынц, æмæ уый æхсызгон у. Мæ бæрны цы фондз уынджы ис, уыдонæй алкæй бинонты дæр хорз зонын. Уæлдай æхсызгон вæййы арфæйы фыстæджытæ хæссын, — зæгъы Эммæ.
Ныр фынддæс азы лæггад кæны Хъæдгæроны адæмæн. Сæрдæй-зымæгæй йæ хызынимæ æнæзивæгæй уайы хъæуы уынгты, алы хæдзармæ дæр газеттæ, журналтæ хæссы.
— Газеттæ рафыссыны рæстæг куы ралæууы, уæд уæлдай зæрдиагдæрæй фæкусæм. Адæм, хъыгагæн, къаддæр фыссынц газеттæ, журналтæ, — зынаргъ сæм кæсы сæ аргъ. Фæлæ æрвылбоны цымыдисаг хабæрттæ базонæн ис, æрмæст газеты сыфтæ рафæлдахгæйæ. Уый зонгæйæ, æрвылаз нæ газеткæсджытæ сты: Бураты Евæ, Годжысаты Лерæ, Айдараты Алик, Гугкаты Барис, Къациты Аня, Гугкаты Хъазыбег, Дзугаты Алыксандр, Баллаты Нинæ, Куыдзиаты Лидæ, Демыраты Изетæ æмæ иннæтæ», — зæгъы Эммæ.
Эммæ куыд дзуры, афтæмæй йæм йæ куысты бынат баивыны хъуыды никуы ‘рцыд, уарзы йæ хъæубæсты адæмы, стыр аргъ кæны йе ‘мкусджытæн.
Посты хайады бафидæн ис коммуналон лæггæдтæн, балхæнæн дзы ис хæдзары æнæмæнг хъæугæ дзаумæттæ. Ацæргæ адæмы курдиатмæ гæсгæ сын Эммæ, бахъуаджы рæстæг товартæ хæдзармæ æрхæссы, байуары пенситæ æмæ пособитæ.
Арæх æй фенæн вæййы йæ хъæбулы хъæбул, æвдæмкъласон Аминæимæ. Æнæзивæг чызг йæ нанайæн зæрдиагæй феххуыс кæны. Кæддæр та афтæ, йæ мад Гагкайты Милæйæн, — посты хайады фæлтæрдджын кусæгæн, æххуыс кодта Эммæ йæхæдæг.
ГУГКАТЫ Жаннæ