Уымæн тырнынц ардæм рынчынтæ

0
36

Ивгъуыд æнусы 60-æм азты Советон Цæдисы курортты арæзтады программæ арæзт куы цыд, уæд дунейы хъуыстгонд патофизиолог, иммунолог, биолог, медицинон наукæты академийы академик, медицинон наукæты доктор АДО Дмитрийы фырт Андрей зылд æмæ агуырдта паддзахады санаториты арæзтадæн бæзгæ бынæттæ. Ссыд Ирыстонмæ, æмæ алыхуызон низтæ дзæбæх кæныны фæдыл цы хатдзæгтæ скодта, уыдон хынцгæйæ, республикæйы сарæзтой цалдæр санаторийы.
Хæхбæстæм ацæуын адæм хуымæтæджы нæ тырнынц. Иуæй — æрдзы хъæбысы сæ улæфт суадзынц, иннæмæй дзы се ‘нæниздзинад фæфидардæр кæнынц.
— Куырттаты коммæ куы ‘рбахæццæ вæййынц астмæйæ, аллергийæ рынчынтæ, уæд йæ уæлдæфæй сæ улæфæнтæ байгом вæййынц. Уый та уымæн у, æмæ хæхбæсты аллергентæ зынгæ къаддæр ис. Рæхджы та амбрози — бирæтæн зианхæссæг хæмпæлгæрдæг, райдайдзæн дидинæг калын, æмæ фæвазыгджындæр уыдзæн, йæ рыг низ кæмæн сайы, уыцы рынчынты уавæр. Уымæн фæтырнынц август æмæ сентябры мæйты аллергийæ æмæ астмæйæ рынчынтæ хæхбæстæм, ам сæ нал фæхъыгдары, кæнæ къаддæр хъыгдары. Хæхтæй радымы сатæг дымгæ æмæ амброзийы дидинæджы рыг комæй быдырмæ ахæссы. Быдырæй дымы, зæгъгæ, уæд рынчынты улæфæнтæ дæр сæхгæнынц, — хæхбæсты æнæниздзинадæн пайда хæссæг миниуджыты сусæгдзинæдтæ нын раргом кодта Фыййагдоны рынчындоны сæйраг дохтыр, аллерголог Гаджиты Алан.
Æцæгдзинадæй хæхбæсты уæлдæфы, ахуыргæндтæ куыд раиртæстой, афтæмæй нæй рыг æмæ аллергентæ, алыхуызон бактеритæ дæр дзы, горæты уæлдæфимæ абаргæйæ, цалдæр хатты къаддæр ис. Гъе, уымæн у хохаг уæлдæф пайда, дæргъвæтин рæстæг хъуыры, фындзы æмæ хъусты, стæй улæфæнты æмæ, аллергийы низтæй рынчын чи у, уыцы адæймæгтæн.
Хæхбæсты уæвгæйæ, йæ уавæртæ адæймаджы туг туаггуырæй хуыздæр ифтонг кæны, уымæн æмæ туджы эритроцитты гуырæнтæ хуыздæр райдайынц кусын. Уымæй буары, хæцъæфты, сæры магъзмæ фылдæр цæуын райдайы. Хохы цæргæйæ, кæнæ рæстæгæй-рæстæгмæ хæхбæсты фистæгæй балцы цæугæйæ, зынгæ хуыздæр кæны адæймаджы физикон уавæр дæр. Куыд раиртæстой, афтæмæй уыцы рæстæг дæргъвæтин куы ахæсса, уæд адæймаджы буары фæзыны «амонды гормон» — эндорфин. Уымæ гæсгæ, уæнгмард, йæ тых кæмæн асаст, уыдонæн хæхтæм ирд æнкъарæнты фæдыл цæугæ у. Уæлдайдæр, дард цæуын дæ куы нæ хъæуа, уæд. Бæллиц сæххæст кæнынæн дæр ныры царды бирæ æхца нæ бахъæуы.
Фæлæ хæхбæстæм цæуын се ‘ппæтæн нæ бæззы. Уыдонмæ хауынц зæрдæйы æмæ дадзинты низтæй хъæрзæг адæм. Бæрзонд бынæттæм схизгæйæ, сæр райдайы риссын, хуыссæг фæлидзы, адæймаг слæмæгъ вæййы. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй 10 мин метры бæрзæнды буары туаггуыры бæрц зынгæ фæкъаддæр вæййы. Уый та, гæнæн ис, æмæ æркæна уæззау низмæ. Уæхи зонут, æмæ пайда кæнут æрдзы сконд бынæттæй.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here