Уæрæсейы Федераци æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ ТУМЕНАТЫ Еленæйы райгуырдыл сæххæст 105 азы
Ирон академион театры артистты дыккаг сфæлдыстадон фæлтæры курдиатджындæр минæвæрттæй иу, Туменаты Еленæ ирон аивадæн зæрдиаг æмæ биноныг лæггад фæкодта фæндзай азæй фылдæр. Хæрзæрыгонæй банкъардта театры уæлмонц тых æмæ дзы йæ царды фæстаг бонмæ дæр нал фæхицæн.
Фидæны номдзыд актрисæ райгуырд 1919 азы Мæздæджы районы Черноярскийы станицæйы. Астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд ахуырмæ бацыд Дзæуджыхъæуы кусæг фæсивæды факультетмæ. Йæ ахуыры æнтыстдзинæдтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ йын ахуыргæнæндоны разамынд хæрзиуæджы хуызы раттой билет Ирон театры спектаклтæй иумæ. Куы йæ федта, уæд фырдиссаг æмæ цинæй йæхицæн бынат нал ардта. Йæ зонд æмæ зæрдæйæ нал фæцух театры артисткæ суæвыны хъуыды.
Иу бон йæ хæстæг сылгоймагимæ Дзæуджыхъæуы уынгты тезгъо кодтой, афтæмæй ауыдта къулыл хъусынгæнинаг: «Ирон паддзахадон драмон театр исы ахуырмæ курдиатджын фæсивæды». Еленæ уый куы бакаст, уæд сфæнд кодта йе сфæлдыстадон хъарутæ бафæлварын. Ирон театры цур театралон скъола-студийы ахуырмæ бацæуыны тыххæй, фæлварæнтæ иста сæрмагонд къамис. Театры тыргъты амæй-ай хæрзконддæр чызг æмæ лæппутæй азмæлæн нал уыд. 150 фылдæр уыдысты, ахуырмæ та хъуамæ райстаиккой 43 адæймаджы. Къамисы уæнгтæ та уыдысты Ирон театры фыццаг фæлтæры актертæ æмæ режиссертæ: Тотраты Бесæ, Еленæ Маркова, Магкæты Арсен, Таутиаты Солæман, Хъæрджынты Варварæ, Цæлыккаты Мæирбег, Борыхъуаты Бимболат, Икъаты Серафин, Хъариаты Тамарæ…
Къамисы æппæт уæнгты дæр Еленæ йæ бакаст, уæздандзинад, аив дзырд æмæ кафтæй дисы бафтыдта. Йæ хъул сах абадт, æмæ ссис студенткæ.
Йæхиуыл зæрдиаг сфæлдыстадон куыстæй, театры аивады удуæлдай архайдæй Еленæ йæхи бауарзын кодта хистæр фæлтæр актертæ æмæ режиссертæн. Уæлдай зæрдиагдæр ыл аудыдта ирон сценæйы æрттивгæ стъалы, Цæгат Ирыстоны АССР-йы фыццаг адæмон артист Таутиаты Солæман. Йæ фыццаг роль — спектакль «Олеко Дундич»-ы Галинæйы фæлгонц. Йæ фыццаг рацыд сценæмæ ахæм номдзыд актеримæ кæй уыд, уый Еленæ йæ царды фæстаг бонтæм дæр сæрыстырæй мысыд.
Ирон театры цур скъола-студи Еленæ каст фæци Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæны фыццаг бон — 1941 азы 22 июны. Тохы цæхæрмæ йæ ахуырдзау æмбæлттæй ацыдысты Ирон театры фидæны ныфсытæ — Хъараты Мæирбег, Туаты Андрей, Езеты Барис, Саламты Къола… Тохы арт куы
ахуыссыд, уæд дзы, чи театримæ йæ хъысмæт бабæттынмæ йæ ныфс нал бахаста, чи та йын, зæгъæм, Советон Цæдисы адæмон артист Саламты Къола йæ царды кæронмæ удуæлдай лæггад фæкодта.
Ам ма зæгъын æмбæлы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Еленæ æмæ Ирон театры иннæ актертæ æмæ режиссертæ иудадзыг дæр архайдтой госпиталты цæф æфсæддонтæн концерттæ дæттыныл.
Адæмæн уарзон актрисæ Туменаты Еленæ сценæйы сарæзта 150 диссаджы ирд сурæтæй фылдæр: Туаты Дауыты «Пæсæйы фæндон»-ы — Пæсæ,
Шекспиры «Отелло»-йы — Дездемонæ, «Макбет»-ы Леди Макбет, «Къарол Лир»-ы — Корделия, Плиты Грисы «Чермен»-ы — Азау, Токаты Асæхы «Усгуртæ»-йы — Мæдинæт, Хъайттаты Сергейы «Мады зæрдæ»-йы — Нинæ, Джусойты Нафийы «Азау æмæ Таймураз»-ы — Томиан, Войновичы «Овод»-ы — Джеммæ….
Ирон сценикон аивады æнувыд хæрзгæнæг Туменаты Еленæ архайдта 1960 азы Мæскуыйы ирон аивад æмæ литературæйы декадæйы. Нæ театр дзы цы аст спектаклы æвдыста, уым се ‘ппæты дæр сарæзта сæйраг архайджыты фæлгонцтæ.
Адæмон хихъæппæрисадон театралон сфæлдыстады рæзты дæр Еленæйы курдиат уыд ахадгæ. Йæ разамындæй къорд азы æнтыстджынæй куыстой Алагир, Олгинскæ, Елхот, Æрыдон æмæ Хуымæллæджы адæмон театртæ. Сæ хæдахуыр артисттимæ-иу цы спектаклтæ æвæрдта, уыдон-иу бацахстой уæлахиздзауы бынæттæ республикон æмæ æппæтцæдисон хихъæппæрисадон театралон конкурстæ æмæ фестивалты. Йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон уæлтæмæнæй Туменаты Еленæ хорз сахадыдта Дыгурон паддзахадон драмон театры сырæзтыл, уыд йæ студийы ахуыргæнджытæй иу.
Къорд азы не ‘хсæн нал ис номдзыд актрисæ Туменаты Еленæ, фæлæ йæ ном æмæ сфæлдыстадон курдиаты цæхæры рухс цæрынц ирон адæмы фæлтæрты зæрдæты.
ГАСАНТЫ Валери














