Налат чызг

0
209

Иу чызг тынг налат уыдис, æмæ йæ уый тыххæй курæг нæ уыд. Йæ ныййарджытæ катай кодтой, ныр куыд уыдзæн амæн йæ хабар, зæгъгæ. Фæлæ разындис иу лæппу. Уый загъта: «Мæнæн æй раттут. Æз æй иу мæймæ æрцахуыртæ кæндзынæн». Раттой йын æй.
Лæппу чызджы йæ бæхы фæсарц сбадын кодта, йæ егар куыдзыл схъæртæ кодта æмæ сæхирдæм рараст. Цæугæ-цæуын фæндагыл тæрхъусыл амбæлдысты. Лæг куыдзмæ дзуры, баййаф æй, куы нæ йæ баййафай, уæд фесæфтæ, зæгъгæ.
Куыдз фатау атахти тæрхъусы фæдыл, фæлæ йæ нæ баййæфта.
Лæг мæстæй æрбафыхт æмæ куыдзæн йæ сæр ахауын кодта æхсаргардæй. Чызгæн фыртæссæй йæ уд фæлыгъди.
Цæуынц дарддæр ногæй, æмæ та тæрхъус сæ разæй фæци. Лæг йæ бæхмæ дзуры: «Сургæ йæ кæ, æмæ йæ куы нæ баййафай, уæд де сæфт æрцыди». Бæх тæрхъусы фæдыл атахти æмæ йæ нæ баййæфта уый дæр. Лæг æрбамæсты тынгдæр, бæхæн дæр йæ сæр ахауын кодта. Чызгæн йæ зæрдæ бауазал. Лæг бæхы мардæй саргъ рафтыдта, чызгæн уыцы саргъ йе ‘ккой скодта æмæ йын, хæдзар бацамонгæйæ, дзуры, тагъд нæхимæ згъоргæ, æз дæ фæдыл цæудзынæн, æмæ дæ куы баййафон, уæд фесæфтæ, зæгъгæ. Чызг лидзыныл фæци, лæг æй фæсте сурынтæ систа кардæлвæстæй. Чызг куыддæр къæсæрыл фæцæйхызти, афтæ лæг хъамайæ иу цæф фæкодта æмæ чызгæн йæ фæдджи ахауын кодта. Чызг тыххæйты баирвæзт хæдзармæ. Уыйадыл иумæ цæрынтæ байдыдтой, куыд лæг æмæ ус.
Иу мæй куы рацыд, уæд усæн йæ фыд æрцыд йæ сиахсы хъæумæ, мæ чызг куыд цæры, уый базонон, зæгъгæ. Дуар куы бахоста, уæд чызг йæ размæ рауад: — Баба, уый ды куы дæ, — йæхæдæг мидæмæ балыгъди æмæ фæстæмæ кæфоимæ фездæхти, зæронд лæджы къухы йæ фæсагъта æмæ загъта:
— Нæ лæг ам нæй, цуаны ацыд, æз хъуг дуцын, ды дæр згъалгæ кæ, згъалгæ, кæннод, нæ лæг куы ‘рбацæуа æмæ нæ æнæ кусгæйæ куы ‘рбаййафа, уæд нæ амардзæн.

БОЦИТЫ Зауыры фыдыфыд Хъайтыхъойы ныхæстæй йæ ныффыста ТОРЧЫНТЫ Таймураз 1999 азы.
ЦИГИСИИ-йы архивæй

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here