Æрыгон дæснытæ

0
86

Дзæуджыхъæуы, Хæдарцаты Асланы номыл Уæгъдибар хъæбысхæсты академийы цы теннисæй хъазæн корттæ ис, уым ивгъуыд къуыри цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ. Нæ федералон зылды уæлахиздзау суæвыны ерыстæм Ирыстонмæ ссыдысты Стъараполы край, Дагестан æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты æрыгон теннисисттæ.

Фыццаг бынат бацахсынмæ цы 56 чызг æмæ лæппуйы тырныдтой, уыдон дихгонд уыдысты дыууæ карыл. Фыццаг къорды уыдысты 13 азы онг, дыккаджы та – 17 азы онг спортсментæ.
Дыууæ кары дæр ерыстæ рауадысты цымыдисаг. Æвзонг теннисисттæ равдыстой хорз арæхстдзинад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад. Ирыстойнаг чызджытæ æмæ лæппутæ, ерысты цы æстдæс призон бынаты уыди, уыдонæй рамбылдтой дæс.
Кæстæр кары чызджыты ерысты, иугæйттæй хъазгæйæ, цы ‘ртæ хæрзиуæджы уыди, уыдонæй хорзæхджын систы ирыстойнаг теннисисткæтæ: Хъайттаты Сабинæ – фыццаг бынат, Хъоцыты Аминæ – дыккаг æмæ Куындыхаты Аланæ – æртыккаг. Ацы кары лæппуты ерысы дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ бацахстой ирыстойнаг лæппутæ: Текъойты Эмиль æмæ Мырыкаты Руслан. Сæ разæй фыццаг бынатмæ рацыд Евгений Критский (Стъараполы край).
Дыгæйттæй хъазгæйæ (микст), 13-аздзыд теннисистты ерысы фыццаг бынат рамбылдтой Хъамбердиаты Рустам æмæ Хъоцыты Аминæ. Уыдон кæронбæттæны фæуæлахиз сты Евгений Критский æмæ Дарья Соковыхыл. Сæ фæстæ æртыккаг призон бынат бацахстой Те-къойты Эмиль æмæ Хъайттаты Сабинæ.
17-аздзыд чызджыты ерысы дæр ирыстойнаг чызджытæ рамбылдтой 1-аг æмæ 3-аг бынæттæ. Цæгат Кавказы федералон зылды уæлахиздзау ссис тренер Багаты Учайы хъомылгæнинаг Полинæ Конева, йе ’мном æмбал Пухаты Полинæ та бацахста æртыккаг бынат.
Дыгæйттæй хъазгæйæ, Пухаты Полинæ йæ хъазæг æмбал, кисловодскаг теннисист Артем Рогачевимæ систы бронзæ майдантæй хорзæхджын. Сæ кары, дыгæйттæй хъазгæйæ, фыццаг бынат рамбулыныл ерысы Мæргъиты Георги æмæ Мырыкаты Данæ фембæлдысты Стъараполы минæвæрттæ Игорь Курицын æмæ Дарья Хотоваимæ. Сæ фембæлд рауад тынг цымыдисаг. Сæ хъазты хыгъд къорд хатты уыд æмхуызон, æмæ суанг кæронмæ дæр бæрæг нæ уыд, чи фæразæй уыдзæн, уый. Æппынфæстаг, уæлахиздзауы сбæрæг кæнын бахъуыд уæлæмхасæн фæрæзы фæрцы. Уый та у, хъулæй хъазæгау, æмæ ацы хатт шах абадт стъарапойлаг теннисистты пайдайæн. Мæргъиты Георги æмæ Мырыкаты Данæ бацахстой дыккаг бынат, фæлæ сæ архайд уыди зæрдæмæдзæугæ.
Æмткæй райсгæйæ, нæ теннисистты архайд уыд раппæлыны аккаг. Спортуарзджытæ федтой, курдиатджын кæстæртæ нæм кæй рæзынц, уый. Сæ бацæттæгæнæг тренертæ сты: Багаты Уча, Эдуард Степанян æмæ Дудиаты Руслан. Нæ æрыгон теннисистты архайдæй разыйæ баззадысты – РЦИ-Аланийы Теннисы федерацийы президент Беккуызарты Дианæ æмæ тренертæ дæр.

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here