Иры фарны хъæбултæй иуæн, нæ аивады пехуымпар æмæ буц хистæр, номдзыд музыкант, композитор, дирижер, рухстауæг, фæндырдзагъды профессионалон аивады хи классикон скъолайы бындурæвæрæг Гæздæнты Булат йæ цардæй ахицæн…
Йæ сабидугæй йæ царды фæстаг бонмæ уый удуæлдай лæггад фæкодта йæ бирæвæрсыг музыкалон курдиатæй Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссар хайы цæрджытæн. Зыдтой йæ се ’ппæт дæр арæхстджын музыкант, вокалон æмæ инструменталон аивады стыр дæсны, фыдæлтыккон музыкалон сфæлдыстад æмбырдгæнæг, йæ бæстонгæнæг æмæ хъахъхъæнæгæй. Уый цырагъдарæй фæлæууыд нæ аивадуарзджытæ æмæ курдиатджын сфæлдыстадон фæсивæды рухс фидæнæн.
Гæздæнты Булаты архайд ирон аивады рæзты абарæн ницæимæ ис. Уыд хæдхуыз, бындурон, бæрзонд культурæ æмæ æгæрон сфæлдыстадон гæнæнтæй æххæст. Номдзыд музыкант йæ сабидугæй йæ царды фæстаг бонмæ йæ курдиат рæдауæй лæвар кодта аивадуарзджытæн æмæ, сфæлдыстадон архайды фыццаг къах-дзæфтæ чи кодта, йæхи дзы фæзминаг æмæ разæнгардæй чи æвдыста, музыкалон аивады уыцы дæсныты бирæ фæлтæртæн. Уыд æй Хуыцауы арфæ, аивады бардуаджы æгæрон аудындзинад æмæ адæмы стыр хорзæх, куыстамонд, зонды рухс, зæрдæхæлардзинад, цардмæ уарзт æмæ аивады удуæлдай лæггады æгæрон тых. Ацы æмæ æндæр, амæй-ай хуыздæр хорзæхты руаджы Булатæн бантыст Ирон фæндыры аивад профессионалон музыкалон культурæйы æмвæзадыл Ирыстоны, нæ бæстæ æмæ дунейы аивадуарзджытæн базонын æмæ бауарзын кæнын. Уый нæ, фæлæ ма, куыд музыкалон инструмент, афтæ ирон фæндырæн йæ гæнæнтæ бирæ фæуæрæхдæр кодта, систа йæ классикон музыкалон инструменты æмвæзадмæ. Ратта йын ног сфæл-
дыстадон цардулæфт. Сæвæрдта бындур профессионалон уагыл йæ ахуырады хæрзарæзт æмæ хæрзæххæст академион скъолайæн. Ныффыста æмæ мыхуыры рауагъта фæндырдзагъды аивад профессионалон уагыл ахуыргæнæн чингуытæ æмæ йæхи вокалон сфæлдыстады нотæты æмæ текстты иумæйаг æмбырдгæндтæ.
Гæздæнты Булаты стыр сфæлдыс-тадон курдиат ирдæй зыны Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театрты, кафты академион ансамбль «Алан»-ы, Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы сфæлдыстадон рæзт, сфæлдыстадон сгуыхтытæ æмæ æнтыстытыл. Ис сæ номдзыд музыканты ахадгæ бавæрæн се ‘ппæты дæр. Уыд бирæ спектакльтæм музыкæ ныффыссæг – композитор æмæ концертон программæтæ аразæг.
Йе сфæлдыстадон архайд ирон музыкæйы пехуымпарæн райдыдта, абон йæ ном чи хæссы, уыцы Адæмон инструментты национ паддзахадон оркестрæй. Схызт дзы музыкантæй сæйраг дирижер æмæ аивадон разамонæджы онг. Йæ аивадон бирæвæрсыг æрмдзæф дзы равдыста куыд национ музыкалон фольклор бæстонгæнæг, афтæ ирон æмæ Цæгат Кавказы, суанг нæ бæстæ æмæ дунейы композиторты сфæлдыстад зæрдиаг парахатгæнæг æмæ музыкалон культурæйы хæзнатæ хъахъхъæнæг. Булат йæхæдæг цы инструменталон æмæ вокалон уацмыстæ ныффыста, уыдон сты Ирыстон æмæ нæ бæстæйы национ культурæйы æвæджиауы хæзнатæ.
Ирон адæмы музыкалон культурæйы рæсугъддзинад æмæ фарны тых Гæздæнты Булат базонын æмæ бауарзын кодта канд нæ республикæйы аивадуарзджыты бирæ фæлтæртæн нæ, фæлæ ма йын йе сфæлдыстад зыдтой æмæ йын стыр аргъ кодтой Уæрæсейы, хæстæг æмæ дард фæсарæнты мингай музыкæуарзджытæ.
Гергиты Валерийы номыл Дзæу-джыхъæуы Аивæдты æмæ республикæйы Культурæйы колледжты Булат арæхстджын размынд фæлæвæрдта, фæндырдзагъды аивады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы дæсгай дæсны æмæ курдиатджын музыканттæн. Уыдон абон æнтыстджынæй кусынц Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, нæ бæстæйы культурæйы артдзæстыты, уæлдæр æмæ астæуккаг музыкалон ахуырады скъолаты.
Номдзыд музыкант, УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артист, нæ республикæйы Фæллойы фыццаг Хъæбатыр, Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, Цæцæны Республикæйы сгуыхт артист, Хетæгкаты Къос-тайы номыл паддзахадон преми æмæ Национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат Гæздæнты Булаты ном æмæ сфæлдыстадимæ баст у нæ бæстæ æмæ национ культурæйы рæзты æнæхъæн дуг. Нæ Иры иузæрдион хъæбул æмæ Уæрæсейы æцæг патриот, газет «Рæстдзинад»-ы иузæрдион хæлар, музыкалон аивады удуæлдайæ фæкуыста 60 азæй фылдæр. Йе сфæлдыстад æмæ уды бирæ хорзæхтæ рох нæ уыдзысты….
Ирон аивады пехуымпары адзалыл хъыг кæны Ирыстон Цæгатæй Хуссармæ, Теркæй Туркмæ, уыцы уæззау хъыг æрвдзæфау фæкодта газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусджытæ æмæ газеткæсджыты…
Йæ ном æмæ фарн цæры æмæ цæрдзæнис Ирыстоны!
Газет «Рæстдзинад»-ы
редакцийы кусджытæ