Цобыкъаты Софя цард Арвыкомы Хъазыбегаты хъæуы. Йæ фыд Глахайæн йæ ус уыди кæсгон – Мыртазаты чызг, йæ ном хуынди Госсадынинæ-Даххапур, уыди фыдрæсугъд ус. Лæг æмæ усæн сæ цард иумæ хорз нæ цыд. Глаха уыди инæлар æмæ йæ фæндыд гуырдзиаг цард кæнын, ус та уыди кæсгон æхсин æмæ йæ фæндыди кæсгон цард, æмæ сæ астæу æппынæдзух дæр уыди быцæу.
Ус фæрынчын, Глаха йыл тых кодта æмæ уый тыххæй низ ссардта. Рынчынæй ацыди Кæсæгмæ йæ цæгатмæ æмæ уым сади. Уым ын райгуырди чызг, йæхæдæг амарди. Глахайæн фехъусын кодтой, фæлæ йæм Глаха мардмæ дæр не ’рцыди. Сывæллон баззади йæ мады мадмæ, æмæ йæ уый схаста, Глаха йæ бæрæг дæр никуы бакодта. Искуы йын чызг ис, нæй, уый йæ рох дæр ма фæци. Чызгыл æстдæс азы куы ‘рцыди, уæд уыди фыдрæсугъд чызг. Айхъуысти бæстыл йæ кой. Глаха дæр æй фехъуыста, уæддæр æй бæрæг дæр нæ бакодта. Софяйы уыди тынг бирæ курджытæ, фæлæ никæмæн куымдта.
Софя Хъуыраны касти, ком дардта, ламаз кодта пысылмон адæймаджы хуызæн. Глаха адæмæй хъуыста йæ чызджы рæсугъддзинады кой æмæ йæ Калачы йæхи хуызæн æлдæрттæн æппæлыди. Бавдæлд æмæ йæ чызг Софяйы къамæй фæхæрд Мухран-æлдарæн, йæ фыртæн ын æй куыд ратта, афтæ. Глахайæн æнæ ратгæ нал уыд йæ чызджы, уымæн æмæ тынг хъæддых ныллæууыд Мухран-æлдар. Æмæ агуырдта Глаха йæ чызджы. Глаха цалдæр хатты нырвыста Мыртазатæм, рарвитут мын мæ чызджы, зæгъгæ. Чызг цæхгæр загъта: «Мæнæн фыд нæй, æз æй никуы федтон. Фыд мын куы уыдаид, уæд æй æз зонин. Ныр мæн фыд нал хъæуы».
Йæ мады ’рвадæлты ныхæстæм гæсгæ зыдта, йæ мад куыд æфхæрдæй амарди Глахайы аххосæй, уый, æмæ Глахамæ хæрам зæрдæ дардта, йæ кой дæр ын нæ уарзта. Мухран-æлдар Глахайы æрæлхъывта, ратта йын цыбыр æмгъуыд: уæдмæ мæ чындз куы нæ уа, уæд дын хъусын кæнын: нæ астæу ныууардзæн туг. Глаха уыцы хъуыддаг никæмæн хъæр кодта. Чызг нæ комдзæн, уый зыдта, фæлæ æрцыди Мыртазатæм Глаха æмæ сын загъта, зæгъгæ, мæ сæрмæ нæ хæссын, Глахайы чызг Мыртазатæм баззад, зæгъгæ, уый айхъуыса, уый.
«Ма мæ фæхудинаг кæн, мæ чызг. Рацу мемæ, цæмæй адæм фехъусой, Глаха йæ чызджы акодта, зæгъгæ. Æндæр мæ ницæмæн хъæуыс. Иу бон фæу мæ хæдзары, дыккаг бон дæ æркæндзынæн фæстæмæ». Къуыри фæбадти Мыртазатæм Глаха. Чызг куы ницы ком лæвæрдта, уæд Кæсæджы æлдæрттыл æрзылди Глаха, æрæмбырд сæ кодта Мыртазатæм æмæ ракуырдта се ’ппæтæй дæр:
– Зæгъут мæ чызгæн, цæмæй мæ ма фæхудинаг кæна, уе ’ппæты астæу дзырд дæттын, æртæ бонмæ ам уыдзæн.
Кæсæджы æлдæрттæ æрбамбырд сты æмæ Софяйы фефсæрмы кодтой: «Глахайы хуызæн лæджы дзыллæйы астæу ма æгад кæн, йемæ ацу, æртæ бонмæ дæ фæстæмæ æркæндзæн». Софя фефсæрмы Кæсæджы æлдæрттæй æмæ æвæндонæй, йæ цæссыг калгæйæ, сбадт файтоны Глахаимæ æмæ ацыд. Куыддæр бахæццæ сты Хъазыбегатæм, афтæ йæ файтонæй райстой æмæ йæ Мухранаты чындзхæсджыты файтоны сæвæрдтой æмæ йæ афардæг кодтой. Глаха фæмæнгард и.
Софя куы бацыди Мухранатæм, уæд ыл æппæт Гуырдзыстон æмбырдтæ кодтой йæ рæсугъддзинад уынынмæ. Фæлæ сæм Софя кæсгæ дæр нæ кодта, нæ сыл æрвæссыд. Йæ цæссыг згъæлдта, æмæ сæм рæстмæ дæр нæ
касти. Мухранатæ йын алы рæсугъддзинæдтæ, уæздандзинæдтæ, зæрдæлхæнæнтæ кодтой.
Софя сын загъта:
– Цыфæнды мын кæнут, куыдфæнды мæ дарут, уæддæр æз сымах никæд бауарздзынæн.
Цыдысты бонтæ, мæйтæ, æмæ чызг ихсыди, куыдта, йæ зæрдæ нæ ратта йæ мойæн. Хатгай-иу загъта:
– Тæхуды, æмæ иу тæгиатаг барæг куы фенин.
Софя уарзта Куындыхаты Муссæйы æфсымæр Мырзабеджы, уый дæр æй уарзта æмæ йæ куырдта. Софя ссардта сусæг цæуæг æмæ арвыста Мырзабегмæ, æрбацу-ма, зæгъгæ.
Мырзабег уыди дзыллæйы астæу æвзæрст барæг. Схъомыл Исламатæм хъаны. Кæсгонау уыди дæсны. Ацыди Софяйы уынынмæ. Софя йæм æнхъæлмæ касти, æрбацæудзæн, зæгъгæ, йæ хъус дардта цæуджытæм. Уæд иу бон иу чызг æрбауад Софямæ.
– Уæлæ Ормонты рагъыл иу барæг æрцæуы, кæд уый у, ды кæмæй зæгъыс, уыцы тæгиан барæг.
Софя йæм акасти Ормонты рагъмæ. Æмæ йæ дардмæ базыдта æмæ загъта:
– Гъе уый у тæгиан барæг.
Гуырдзы йæ бамбæрстой, Софя уыцы барæджы уындæй кæй фæхъæлдзæгдæр, уый, æмæ сын хъыг уыди. Æмæ загътой, ацы барæджы фегад кæнæм, зæгъгæ.
Барæгмæ рауагътой хæсгæ нæлхуы, уыцы хуыйæн йæ бон уыди йæ къæпсырæй бæх амарын. Уыцы хуы лæджы дæр, бæхы дæр куы сриуыгътаид йæ къæпсырæй, уæд сæ амардтаид. Хуы уыцы барæджы
скъуымбил кодта, размæ йæ нæ уагъта. Хуы бæхы куы сриуыгъы, уæд та бæх йæ сæрты агæпп кæны.
Гуырдзы йæм кæсынц æмæ йыл худынц. Куынæуал æй уагъта барæджы размæ, уæд барæг хæстæг æрбауагъта хуыйы æмæ йæ сриуыгъын не суагъта, фæлæ кард фелвæста, хуыйы дзы ныцъцъыкк ласта æмæ йæ йæ астæуыл ахауын кодта. Гуырдзы йæм рахæлæф кодтой æмæ йæ æрцахстой, цы бакодтай, хуы цæмæн амардтай, зæгъгæ. Барæг рахызти йæ бæхæй æмæ сын загъта:
– Зæгъут-ма мын, сымах мæ бынаты куы уыдаиккат, уæд цы бакодтаиккат?
Уæд гуырдзыйæн сæ фылдæр барæджы фарс фесты æмæ загътой:
– Æндæр гæнæн ын ницы уыди. Лæгдзинад бакодта, зылын нæу. Бафарстой йæ: чи дæ? Кæдæм цæуыс?
Барæг загъта:
– Мæ бæхтæ мын радавдæуыд, æмæ уыдон агурын.
Бакодтой йæ Мухранатæм. Уым фæци иу-æртæ-цыппар боны. Йæхи дардта, цыма йæ бæхтæ агуры, афтæ, цæмæй Софяимæ аныхас кæна, уый йæ хъуыди. Софяимæ баныхас кодтой.
– Æз ракурдзынæн мæхи, цыма Мыртазатæм цæуын, афтæ. Æмæ мæм уырдæм æрбацæудзынæ æмæ мæ ахæсдзынæ.
Софяйыл нæ баууæндыдысты æмæ йæ нæ ауагътой.
Мырзабеджы дæр Муссæ бакъуылымпы кодта:
– Цæмæн нæхицæн знæгтæ кæнæм? Чызджытæ бирæ ис. Мухран-æлдар тыхджын лæг у, иннæ ахæм – Глаха, нæ дæ хъæуы уыцы хъуыддаг.
Чызг куы бамбæрста, Мухранатæм баззади, уый, уæд йæ зæрдæ мæстæй аскъуыди æмæ амарди. Йæ тæригъæддзинадыл нæ Иры фæсивæд скодтой зарæг:
Уæ, мæ инæлар фыд,
Хуыцау дын суд
ыскæнæд,–
Дайраны хидыл дæ
Хидгæс салдатæй
Куыд фенон,
Гъе уый дыл
æрцæуæд,
Мæнæн мæ сагдзарм ламаздыхъ
Хуыдзармæй чи
раивта.
Ныффыста йæ
ХЪУЫСАТЫ Барысби
Хъызылбеджы фырт,
ЦИГСИИ-йы архивæй