Ӕртӕ азмӕ Фыццаг дунеон хӕсты фӕмард дӕс милуан адӕймаджы ӕртын аст паддзахадӕй. Уӕрӕсе хӕцын райдыдта 1914 азы 1 августы, фӕугӕ та фӕкодта 11 ноябры 1918 азы. Дзӕуджыхъӕуӕй хӕсты быдырмӕ афӕндараст кодтой 81-ӕм Апшеройнаг полкъ, Кавказаг корпусы 3-ӕм штаб, 21-ӕм фистӕг дивизи ӕмӕ 3-ӕм Кавказаг хъазахъхъаг дивизи, стӕй Стъараполы уӕвӕг Ирон бӕхджын дивизи.
Хӕсты азты ирӕттӕй 29-ӕй хорзӕхджын ӕрцыдысты сыгъдӕг Георгийы 4-ӕм къӕпхӕны орденӕй, фӕстагдӕр ӕй чи райста, уый та уыд Ирон бӕхджын полчъы дӕлпрапорщик Сокаты Константин. Иттӕг хорз кӕй хӕцыд, уый тыххӕй ссис Георгийы дзуары ӕххӕст кавалер, радтой йын дӕлпрапорщикы цин ӕмӕ Георгийы орден.
«Ӕртӕ азы сты Иры фӕсивӕд хӕсты быдыры, знаджы ныхмӕ лӕугӕйӕ. Бирӕ зынгӕ хъуыддӕгтӕ бантыст сӕ къухы, ацы ӕртӕ азы не ‘руагътой сӕхимӕ худинаг: уымӕн ӕвдисӕн сты, ӕгас полчъы фӕсивӕдӕй ӕнӕ ӕфсӕддон хорзӕхтӕ бирӕтӕ кӕй нал ис, уый, ӕмӕ, знаджы зӕххытыл арф кӕй бацыдысты, уый. ӕгас полкъ нӕ, фӕлӕ ма суанг иугай лӕгтӕ дӕр фесгуыхтысты. Афтӕ, иу ирон афицер — Цӕлладжы-фырт (Дӕллаг ерастъаг) иу бон фӕсивӕдӕй 43-имӕ схӕцыд знӕгтӕй ӕнӕхъӕн ротӕимӕ ӕмӕ сӕ ныууагъта, байста 34 уӕрдоны ӕд бӕхтӕ, алыхуызон зынаргъ чырӕ дзаумӕттимӕ…», — фыста йӕ рӕстӕджы монон интеллигенцийы минӕвар Коцойты Моисей 1917 азы «Ирон газет»-ы 11-ӕм номыры. Ацы ӕрмӕг сӕдӕ авд азы размӕ рацыд мыхуыры, фӕлӕ абон дӕр йӕ мидис ӕмӕ йӕ нысаниуӕг нӕ аивтой. Ахӕссӕн сӕ ис, ныридӕгӕн сӕрмагонд хӕстон операцийы Ирыстонӕй цы лӕппутӕ архайы, уыдонмӕ дӕр. Хицӕн сӕ кӕны ӕрмӕст уӕды ӕмӕ нырыккондӕр хӕцӕнгӕрзтӕй хӕстон уавӕрты пайда кӕныны ӕууӕлтӕ.
Ӕртын иу адӕймаджы теркаг хъазахъхъаг ӕфсадӕй систы сыгъдӕг Георгийы орденӕй хорзӕхджын, уыдонӕй астӕй уыдысты ирӕттӕ: Агойты Константин (Новоосетиновскаяйы станицӕйӕ), Николай Баратов, Павел Кулеш ӕмӕ Алексей Сериков (Сунженскӕйы станицӕ), Къибирты Павел ӕмӕ Гавриил Цугулиев (Черноярскы станицӕ), Николай Караулов (Тарскӕйӕ) ӕмӕ Федор Орел (ӕрыдон).
Ӕрсидты фӕстӕ ӕрыдоны станицӕйы арӕзт ӕрцыд Сунжӕйаг-Дзӕуджыхъӕуккаг полкъ, йӕ командӕгӕнӕг — инӕлар-майор Мыстулаты Елӕмырзӕ, афтӕмӕй. Теркаг хъазахъхъаг дивизийы хӕцыдысты гермайнаг-австриаг фронты. Ирӕттӕ ӕппӕт теркаг ӕфсӕддон хӕйтты дӕр службӕ кодтой, фӕлӕ дзы Сунжӕйаг-Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Хӕххон — Мӕздӕггаг полкътӕй фылдӕр никуы уыд.
Дунеон хӕсты архайджытӕй ирыстойнӕгтӕ дӕсгӕйттӕй систы Георгийы ордены ӕххӕст кавалертӕ. Уыдонимӕ — Сокаты Константин, Хадыхъаты Виссарион, Сергей Богомаз, Илларион Бондарев, Стефан Калашников, Тимофей Джамалов, Тагуырты Константин, Саулаты Темур, Семен Кузьмин, Василий Бондарь, Михаил Крупнов, Федор Олихейко, Лев Швыдко, Федор Чавычалов, Дзабраты Федор, Дзӕхаты Тимофей, Дзахсорты Тимофей, Джыгкайты Николай ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.
Уӕвгӕ та, фыццаг Дунеон хӕсты Ирыстонӕй архайдта фондз мин адӕймаджы. Уыдонӕй бирӕтӕ се ‘нусон бынат ссардтой Дзӕуджыхъӕуы уӕлмӕрдты. Хъыгагӕн, сӕ ингӕнтӕ ныр бӕрӕг нал сты. Булкъон Хетӕгкаты Васили — ӕртӕ хӕсты архайӕг, Георгийаг хӕцӕнгарзы кавалер, фӕмард 1917 азы. Хӕсты быдырӕй йын йӕ мард сласта полчъы сауджын Коцойты Моисей, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ирыхъӕуы сыгъдӕг Мады-Майрӕмы аргъуаны кӕрты, йӕ амӕлӕты фӕстӕ йын радтой инӕлар-майоры цин.
Апшеройнаг аргъуаны кӕрты (Ирон театры раз парк) ныгӕд ӕрцыд капитан Ювеналий Ахвледиани, нырыккон Фӕскомцӕдисон парчы бынаты уӕлмӕрды та бавӕрдтой георгийаг кавалертӕ: булкъон Григорий Колесников, дӕлесаул Константин Лашин, сотник Григорий Колесников ӕмӕ Сергей Вертеповы, хорунжий Борис Старицкийы, ӕфсӕддон тӕхӕг, поручик Ртищев… Абон дӕр ничи зоны, кӕм ныгӕд сты булкъон Диакъонты Георги, дӕлбулкъон Владимир Егоров, капитан Дзӕхаты Алыксандр, штабс-капитантӕ Козырев, Танутров ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр дунеон хӕсты архайджытӕ.
Рӕстӕг алцыдӕр йӕ бынаты сӕвӕрдзӕн, цыфӕндыйӕ дӕр рӕстдзинадӕн ӕнӕ фӕуӕлахизуӕвгӕ нӕй. Рӕстӕджы цыды бирӕ хъуыддӕгтӕ ӕрцӕуынц сӕфт, ферох вӕййынц адӕмӕй. Фӕлӕ, ӕцӕгдзинадӕй сӕ фӕстагӕттӕн ном чи скодта, уыцы адӕймӕгты зӕрдыл дарыны рӕстӕг дӕр ралӕудзӕн.
Архивон гӕххӕттыты бындурыл
ӕрмӕг бацӕттӕ кодта ХУЫБИАТЫ Ларисӕ