«Иугонд Уӕрӕсе»: уалдзыгон сесси. Хатдзӕгтӕ

0
74

«УФ-йы Паддзахадон Думӕйы уалдзыгон сессийы рӕстӕг «Иугонд Уӕрӕсе»-йы фракцийӕн сӕйрагдӕр нысантӕй иу уыд, азы райдайӕны Президент Владимир ПУТИН Федералон ӕмбырды уӕнгты размӕ цы Ныстуан рахаста, уый уагӕвӕрдтӕ царды рауадзынӕн ахъазгӕнӕг уынаффӕтыл бакусын», — ахӕм хъуыдыимӕ раныхас кодта парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы генералон советы секретары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Владимир ЯКУШЕВ.

Бӕстӕйы парламенты дӕллаг палатӕйы уалдзыгон сессийы куысты фӕдыл рагагъоммӕ хатдзӕгтӕ Владимир Якушев скодта, «Иугонд Уӕрӕсе»-йы минӕвӕрттӕ журналистты цы брифингмӕ ӕрбамбырд кодтой, уым.

«Президенты ӕрвылазон Ныстуаны уагӕвӕрдтыл бакусын, сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджытӕ ӕмӕ сӕ бинонтӕн ӕппӕтвӕрсыг паддзахадон ӕххуыс бакӕнын, сывӕллонджын бинонтӕн ахадгӕ пособитӕ дӕттын, партийы «Адӕмон программӕ» ӕххӕст кӕнын — ацы ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстатӕ нӕ фракцийы уӕнгтӕ иудадзыгдӕр хастой Паддзахадон Думӕйы уалдзыгон сессийы ӕмбырдты боны фӕткмӕ, — бафиппайдта партийы генералон советы секретары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг. — Зындгонд куыд у, афтӕмӕй «Иугонд Уӕрӕсе»-йы «Адӕмон программӕ» арӕзт ӕрцыд ӕвзарджыты ныстуантӕ ӕмӕ курдиӕтты бындурыл. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, нӕ партийы раздзог Дмитрий Медведев фракцийы уӕнгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй амынд программӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаг уа фыццаградон. Цыбыркъух ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг адӕмӕн, сывӕллонджын бинонтӕ ӕмӕ граждӕнты ӕндӕр къордты минӕвӕрттӕн уӕлӕмхасӕн социалон ӕххуыстӕ, пенситы индексаци, хъалонты тыххӕй закъонӕвӕрынадмӕ ивддзинӕдтӕ, бюджетон ӕфстӕуттӕ регионтӕн — ахӕм ӕмӕ бирӕ ӕндӕр фарстаты фӕдыл Думӕйы депутаттӕ загътой сӕ хъуыды, рахастой ӕмбӕлгӕ уынаффӕтӕ».

Владимир Якушевы ныхасмӕ гӕсгӕ, уалдзыгон сессийы ахсджиагдӕр уынаффӕтӕй иу уыд, кусгӕ чи кӕны, уыцы пенсиисджытӕн сӕ пенситӕ 2025 азӕй фӕстӕмӕ ногӕй индексаци кӕнын кӕй райдайдзысты, уый. Уыцы уынаффӕ аххӕсдзӕн 8 милуан пенсиисӕгыл. Ног уагӕвӕрд царды рауадзынӕн 2025 азы бахъӕудзӕн 96, 5 миллиард сомы, 2026 азы — 170 миллиарды ӕмӕ 2027 азы — 260 миллиард сомы бӕрц.

Уымӕй уӕлдай, «Иугонд Уӕрӕсе»-йы минӕвӕртты хъӕппӕрисӕй зынгӕ ивддзинӕдтӕ хаст ӕрцыд бӕстӕйы бюджетмӕ. Уыцы ногдзинӕдты фӕстиуджытӕ сӕхиуыл банкъардзысты бирӕ адӕм. Зӕгъӕм, уӕлӕмхасӕн 66 миллиард сомы дихгонд ӕрцыд сӕрмагонд программӕ «Бинонты ипотекӕ» адарддӕр кӕнынӕн. Уый фӕрцы сӕ царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр уыдзысты 100 мин бинонтӕй фылдӕрӕн. Иннӕмӕй, ӕртӕ кӕнӕ уымӕй фылдӕр сывӕллоны кӕм ис, уыцы бинонтӕн сӕ ипотекон ӕфстӕуттӕ сӕхгӕнынӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн фӕйнӕ 450 мин сомы. Ацы уынаффӕйӕн та бюджеты уӕлӕмхасӕн бавӕрдтой 47 миллиард сомы бӕрц. Ахӕм фӕткы бындурыл лыггонд цыдысты ӕппӕт иннӕ фарстатӕ дӕр.

Паддзахадон Думӕйы фӕззыгон сессийы тыххӕй дзургӕйӕ,  Владимир Якушев куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй «Иугонд Уӕрӕсе»-йӕн уӕлдай вазыгджындӕр уыдзӕн фидӕн азы федералон бюджеты проект.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here