Сталины лӕвӕрттӕ

0
36

Дзгойты Аслӕнбеджы хистӕр фырт Таймураз мӕм равдыста хӕдзары уӕттӕй иуы къахӕйзилгӕ зӕронд хуыйӕн машинӕ. Ахӕмтӕ уыдис къухӕй зилгӕтӕ дӕр. Уагъта сӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр зындгонд фирмӕ «Зингер» нудӕсӕм ӕнусы кӕроны ӕмӕ ссӕдзӕм ӕнусы фыццаг ӕмбисы. Ӕз, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дисы бацыдтӕн — ахӕм дзаумӕттӕ абон бирӕ нал ис, раритет кӕй хонынц, ахӕмты нымӕцмӕ бахаудтой.

— Азтӕ йыл дзӕвгар цӕуы, бӕгуыдӕр, фӕлӕ ма ныр дӕр кусы, ницы хъуаг у, — бамбарын мын кодта Таймураз. Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: — Ацы хуыйӕн машинӕ уыдис Сталины лӕвар Аслӕнбеджы мад Мӕсирӕтӕн… Ӕмӕ мын ракодта хабӕрттӕ. Цӕвиттон, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты агъоммӕ азты Дзгойты Тугъаны цардӕмбал Ханаты Мӕсирӕтӕн йӕ хорзы кой айхъуыст ӕнӕхъӕн Ирыстоныл. ӕнахуыргонд уӕвгӕйӕ, ӕрдзӕй зондджын рахаста. Бирӕ фӕкуыста колхозы быдырты, уыди бригадир, звенойы сӕргълӕууӕг, иу рӕстӕг та колхозы сӕрдар дӕр. Цалдӕр хатты йӕ равзӕрстой нӕ республикӕйы Сӕйраг Советы депутатӕй.

1935 азы архайдта Цӕгат Кавказы хъӕууон хӕдзарады раззагдӕр кусджыты съезды Мӕскуыйы. Съезд куы ахицӕн, уӕд йӕ архайджытӕ иу къордӕй сӕ къамтӕ систой Сталинимӕ, фӕстӕмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ та сӕ аластой Гуырдзыстонмӕ, ӕмӕ уым дӕр Сталины райгуырӕн горӕт Гуры сӕ къамтӕ систой фӕтӕджы мад Екатеринӕ Джугашвилиимӕ.

Мӕскуымӕ балцы фӕстӕ Мӕсирӕтӕн, куыд съезды иннӕ архайджытӕн дӕр, ӕрӕрвыстой лӕвӕрттӕ — Таймураз мӕм кӕй равдыста, уыцы хуыйӕн машинӕ ӕмӕ алыхуызон чингуытӕ. Машинӕ ма абон ис сӕ хӕдзары, чингуытӕ та, хӕсты рӕстӕг немыц куы ‘рбаввахс сты Ирыстонмӕ, уӕд Мӕсирӕт кӕмдӕр бамбӕхста, фӕлӕ сӕ уый фӕстӕ нал ссардтой.

Ацы ӕрмӕг мыхуырмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ та базыдтон — Дзгойты Аслӕнбегӕн йӕ ныййарӕг мад уыди Карсанаты Бадикка. Уый йӕ цардӕй ахицӕн, Аслӕнбег ма ӕнахъом саби куы уыди, уӕд. Йӕ фыд ӕрхаста дыккаг ус — Ханаты Мӕсирӕты. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы райдыдта, уӕд Тугъан ацыд фронтмӕ ӕмӕ тохы быдырӕй нал сыздӕхт.

Йӕхи хъӕбулы хуызӕн фӕхъомыл кодта Мӕсирӕт Аслӕнбеджы. Лӕппуйӕн йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕ уыд, Мӕсирӕт йӕ ныййарӕг мад нӕу, уый. Стӕй йын ӕй зӕгъгӕ дӕр никуы ничи кодта, цалынмӕ Украинӕйы ӕфсады службӕйы рӕстӕг сӕхимӕ не ссыд ӕмӕ бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы хабӕрттӕ нӕ базыдта, уӕдмӕ.

Бӕгуыдӕр, стыр сагъӕсты бацыдис лӕппу. Фӕлӕ ӕппындӕр ницӕмӕй равдыста, Мӕсирӕт йӕ ныййарӕг мад кӕй нӕу, уый базоныны хъуыддаг. Уӕззау зонд рахаста ӕрдзӕй Аслӕнбег, кӕд ыл азтӕ бирӕ нӕма цыди, уӕддӕр. «Цы дзы рауайдзӕн, куы йын ӕй бамбарын кӕнон, уӕдӕ — хъуыдыты-иу аныгъуылд. — Мӕ мад нал райгас уыдзӕн, Мӕсирӕтӕн та — зӕрдӕйы низ. Уадз, ӕмӕ цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ ӕнхъӕл уа, ницы зонын, зӕгъгӕ…»

Ӕмӕ, ӕцӕгӕйдӕр, афтӕ рауади. Рӕстӕг ралӕууыд, ӕмӕ, Аслӕнбег бинонты хъуыддаг бакодта, царды ‘мбалӕн ӕрбахуыдта Майрӕмыхъуаты Зӕирӕйы. Рацыдис сын сӕхи хуызӕн куыстуарзаг, ӕгъдауджын, адӕмимӕ цӕрӕг цот, фӕзындысты цоты цот дӕр. Аслӕнбеджы царды уыцы ахсджиаг цаутыл, ӕвӕццӕгӕн, Мӕсирӕтӕй тынгдӕр ничи цин кодта. Фӕлӕ рӕстӕг цӕуы, Мӕсирӕт йӕ цардӕй куы ахицӕн, уӕд, Хуымӕллӕджы Кировы уынджы уыцы бон дзыллӕтӕй азмӕлӕнтӕ нал уыд. Йӕ царды бирӕ чи бавзӕрста, зын фӕлварӕнты чи сфӕлтӕрд, Дзгойты мыггаджы, хъӕубӕсты царды ирд, ӕнӕферохгӕнгӕ фӕд чи ныууагъта, уыцы Мӕсирӕты йӕ фӕстаг фӕндагыл кадимӕ  арвыстой…

Ныртӕккӕ Аслӕнбегыл цӕуы 92 азы, фӕлӕ ма йӕ зонд, йӕ ныхас, йӕ хистӕры уынаффӕтӕ сты фидар, ӕнӕфӕцудгӕ. Цы бирӕ кӕстӕртӕ ӕмӕ йын кӕстӕрты кӕстӕртӕ ис, уыдон та йын сты цины, цӕрыны хос…

ХӔМЫЦАТЫ Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here