Аивӕдты ӕппӕтдунеон фестиваль фондз боны цыдис Турчы рӕсугъддӕр горӕт Стамбулы. Сӕ арӕхстдзинад, аивадмӕ уарзондзинад дзы равдыстой бирӕ курдиатджын фӕсивӕд Уӕрӕсе, Боливи, Иран, Аргентинӕ, Азербайджан ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй.
Ацы кадджын фестивалы архайдта ирон кафты ансамбль «Зӕринӕ», йӕ разамонӕг — Уӕрӕсейы ахуырады сгуыхт кусӕг Хъайтмазты Мӕдинӕ Беслӕнӕй.
Цы стыр хӕс ӕвӕрд сыл ис, уый ӕмбаргӕйӕ, ӕрыгон артисттӕ дард ӕцӕгӕлон бӕстӕйы равдыстой ирон кафт ӕмӕ музыкӕйы рӕсугъддзинад. Фестивалы архайджыты курдиат ӕмӕ сфӕлдыстадӕн ӕвдисӕн уыдысты бирӕ уазджытӕ.
Уӕздан «Симд» кӕй зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ахӕм нӕ разынд. Ноджыдӕр ма дыууӕ аив кафты бацӕттӕ кодтой сӕ разамонӕгимӕ. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Хъайтмазты Мӕдинӕ ӕрмӕст дӕсны хореограф нӕу, фӕлӕ ма курдиатджын музыкант дӕр. Йӕ фыст зарджытӕ уарзон сты адӕмӕн. Мӕдинӕ ныр бирӕ рӕстӕг йӕ фӕлтӕрддзинадӕй, йӕ хорз зондӕй хайджын кӕны рӕзгӕ фӕлтӕры.
Беслӕйнаг фӕсивӕдӕн фӕсарӕнты тыхджын къухӕмдзӕгъд кодтой бирӕ аивадон фӕзты, амфитеатрты. Кавказаг кӕфтытӕ акӕнгӕйӕ, адӕмы зӕрдӕтӕ барухс кодтой. Стыр аргъ сын скодтой жюрийы уӕнгтӕ. Ансамбль «Зӕринӕ»-йӕн кадджын хӕрзиуӕг ратта Стамбулы горӕты мэр Экрем Имамоглу. Ацы стыр лӕвар дзурӕг у ирыстойнаг фӕсивӕды ирд курдиатыл, ахъаз уыдзӕнис Уӕрӕсе ӕмӕ Турчы ‘хсӕн культурон бастдзинӕдтӕ фидар кӕнынӕн.
— Ӕрмӕст Цӕгат Ирыстон нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы номӕй архайдтам фестивалы. Немӕ ма уыдысты Кӕсӕг-Балхъары республикӕйы минӕвӕрттӕ дӕр. Фестивалы программӕ уыдис тынг цымыдисаг, — зӕгъы Хъайтмазты Мӕдинӕ. — Цалдӕр боны ӕхсызгонӕй арвыстам, уыдыстӕм экскурситы, ӕрыгон кафджытӕ Турчы федтой ӕмӕ сӕхи цынадтой Сау ӕмӕ Мраморон денджызты. Нӕ балц рауад ӕнӕферохгӕнгӕ.
Ныртӕккӕ та фӕсивӕд сӕхи цӕттӕ кӕнынц, октябры Анталийы цы фестиваль цӕудзӕн, уым архайынмӕ.
ГУГКАТЫ Жаннӕ