Задӕлескы Нана — Ирыстоны мадӕлты иумӕйаг фӕлгонц

0
192

Ивгъуыд сабаты Ирыстоны цӕрджытӕ сбӕрӕг кодтой  Задӕлескы Нанайы бӕрӕгбон. Ӕрвылаз ӕй бӕрӕг кӕнынц августы фыццаг сабаты. Фаронӕй фӕстӕмӕ нымад цӕуы официалон бӕрӕгбоныл.

Куыд иннӕ ӕзты, афтӕ та Дыгургоммӕ ӕрбамбырд сты Ирыстоны дзыллӕ, нӕ истори, культурӕ, ӕгъдӕуттӕ йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг кӕмӕн сты, уыцы адӕм.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло йӕ телеграм-каналы куыд ныффыста, афтӕмӕй Задӕлескы Нана диссаджы ныфсджын ӕмӕ лӕджыхъӕдджын сылгоймаг уыдис, уый ӕнӕхъӕн наци фервӕзын кодта быныскъуыдӕй, ӕппӕт дуне дӕр ӕмризӕджы кӕмӕй рызтысты, уыцы тугдзых Тимуры ӕрдонгтӕ Кавказмӕ куы ӕрбалӕбурдтой ӕмӕ Аланты паддзахад куы ныппырх кодтой, уӕд. Знӕгтӕ арт ӕфтыдтой хӕдзӕрттыл, мардтой зӕрӕдты, сылгоймӕгты, сывӕллӕтты.

— Задӕлескы Нана сидзӕр сабиты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ дард хӕххон хъӕу Задӕлескы ссардта, кӕм сӕ бафӕсвӕд кӕна, ахӕм бынат. Схъомыл сӕ кодта, хъахъхъӕдта сӕ, аудыдта сыл хи мадау. Афтӕмӕй Задӕлескы Нана йӕ ном мыггагмӕ ныффыста нӕ адӕмы историйы, — фӕбӕрӕг кодта Сергей Меняйло.

Нӕ республикӕйы разамонӕг ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, Задӕлескы Нана кӕй у, ӕрвылбон сгуыхтдзинад чи ӕвдисы, Ирыстоны ахӕм мады иумӕйаг фӕлгонц. Сергей Меняйло бахахх кодта, ныртӕккӕ Уӕрӕсейы Бинонты аз кӕй цӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бӕрӕгбонӕн уӕлдай стырдӕр ахадындзинад кӕй ис. Уый ахъаз у нӕ адӕмы иудзинадӕн. Задӕлескы хъӕумӕ чи ӕрбацыд, уыцы куывддзаутӕ куырдтой уӕларвон тыхтӕй амонд, сабырдзинад, фӕрныгад сӕхицӕн ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ирыстоны сабитӕн.

Сергей Меняйло зӕрдиаг арфӕ ракодта Ирыстоны цӕрджытӕн бӕрӕгбоны фӕдыл, бафӕдзӕхста, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн ныфс уой, аудой сӕ хиуӕттӕ, хӕстӕджытыл, ӕмӕ уӕд нӕ фидӕн дӕр уыдзӕн бӕллиццаг.

Задӕлескы Нанайы бӕрӕгбон ӕрвылаз дӕр вӕййы рӕсугъд, ирд, хуызджын, хъӕздыг. Ацы аз дӕр цауддӕр нӕ уыд — кафт, зард, хъӕлдзӕгдзинад дзы ӕлдариуӕг кодтой. Уӕлдай зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр уыдысты дунеон хорты фестиваль «Мӕ зӕрдӕ ис хӕхты»-йы архайджыты концертон номыртӕ. Кӕронбӕттӕны та

Задӕлескы фӕзы куывдмӕ ӕрцӕуджытӕ акафыдысты «Симд».

ГАПБАТЫ Алетӕ,

къамтӕ систа Татьянӕ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here