Едзиты Сослӕнбег

0
38

Мӕ фыд уыди дурамайӕг, адӕмӕн хӕдзӕрттӕ арӕзта. Ам, Ирыстоны дӕр ӕмӕ Гуырдзыстоны дӕр. Бирӕ рӕтты Дыгургом ӕмӕ Уӕлладжыргомы дӕр. Йӕхи фӕллойӕ царди. Мидхӕсты рӕстӕг инӕлар Шкуро йе ‘фсадимӕ ам куы уыди, уӕд иу хатт ӕрцыд ахӕм хабар.

Мӕ фыд ӕрцӕйцыд куыст-вӕлладӕй йӕ хӕрӕгыл ӕмӕ федта иу лӕджы зӕххыл хуысгӕ, йӕ туджы мӕцгӕ. Бӕрӕг уыд, ацы лӕг уӕззау цӕф кӕй уыди, уый. Уымӕн йӕ буар ӕхсаргардӕй лыг уыд цӕхгӕрмӕ. Лӕгыл уыдис хъазахъхъаг афицеры дарӕс, йе уӕхсчытыл ӕрттывтой афицеры пъагӕттӕ. Лӕг уӕззаугай систа хӕрдмӕ йӕ сӕр ӕмӕ загъта уырыссагау мӕ фыдӕн:

— Что смотришь? Добей меня!

— Зачем я должен тебя убивать? — сабыр хъӕлӕсӕй йӕ бафарста мӕ фыд. — Я тебя вижу в первый раз, и ты мне не сделал ничего плохого.

— Я белый офицер.

— Ну и что, мне это нигде не мешает, лишь бы ты был хорошим человеком, — зӕгъгӕ, та загъта мӕ фыд.

— Ну тогда дай мне воды, — ракуырдта хъазахъхъаг.

Мӕ фыд райста залмысыф, дон дзы систа ӕмӕ йӕ ратта тыхст лӕгӕн. Уый йӕ зыдӕй анызта.

— Хӕринагӕй мӕм ницы ис, — хатыр курӕгау загъта мӕ фыд.

— Ницы мӕ хъӕуы, — загъта афицер, — хӕрын мӕ бон нӕу, мӕ цӕф мӕ нӕ уадзы.

— Цӕй уӕдӕ афтӕ бакӕнӕм, — загъта мӕ фыд, — изӕрмӕ уал ам хуысс, ӕмбисӕхсӕв дӕм ӕз ӕрбауайдзынӕн ӕмӕ дӕ нӕхимӕ аласдзынӕн. Бонӕй цалынмӕ рухс у, уӕдмӕ дын мӕ бон ницы у.

Ӕдас ранмӕ йӕ аласта ӕмӕ йӕ уым ныууагъта, йӕхӕдӕг хъӕумӕ ацыд. Куы ӕрталынг ис, уӕд йӕ кӕстӕр ӕфсымӕрмӕ бадзырдта. ӕфсымӕр хабар куы базыдта, уӕд ын нӕ ракуымдта. Мӕ фыд рацыд йӕхӕдӕг иунӕгӕй. Уыцы цӕф лӕ-джы хӕрӕгуӕрдонмӕ бавӕрдта, сӕрӕй йӕ бамбӕрзта хосӕй ӕмӕ йӕ ӕрласта нӕхимӕ. Мӕ фыдымад ӕрыхсадта лӕджы цӕф хъарм донӕй ӕмӕ йын йӕ цӕфыл сӕвӕрдта ирон хостӕ хус кӕрдӕгӕй. Цы хуыйны, уый нӕ зонын уыцы кӕрдӕг, ферох мӕ ис, фӕлӕ уый цӕфӕй хӕф рацъиры, ӕмӕ цӕф сдзӕбӕх вӕййы. Ацы лӕг нӕ цары бирӕ фӕхуыссыди. Уымӕн йӕ риу ӕмӕ йӕ гуыбын ӕхсаргардӕй лыг уыдысты, йӕ къух — нӕмыгдзӕф, йӕ уӕн та иууылдӕр пырх уыд. Мӕ фыдымад ын йӕ уӕны састы хӕйттӕ схъисгай фӕиста ӕмӕ-иу ӕй байсӕрста ирон хостӕй. Лӕг цалдӕр мӕймӕ адзӕбӕх, ӕцӕг йӕ къух ауыгъдӕй баззади, нал ын куыста, уый та уымӕн, ӕмӕ йын уӕн нал уыди. Лӕг йӕхи бацамыдта: уыдис Георгиевскӕй. Загъта мӕ фыдӕн йӕ ныййарджыты адрис, ӕмӕ мӕ фыд йӕхи арӕвдз кодта. Йӕ бӕх уӕрдоны сифтыгъта, афицеры уӕрдоны ныххуыссын кодта, сӕрӕй йыл хос самадта ӕмӕ афтӕмӕй араст ис Георгиевскы ‘рдӕм. Куы бахӕццӕ и хъӕумӕ ӕввахс, уӕд уым иу ран пыхсбыны цӕф лӕджы фӕуагъта, йӕхӕдӕг хъӕумӕ ацыдис, ацы лӕгӕн йӕ ныййарджыты хӕдзар агурӕг. Куы йӕ ссардта, уӕд хӕдзары дуар бахоста.

Ракасти йӕм зӕронд ус.

— Цы хабар у? Цы дӕ хъӕуы? — бафарста уый.

— Уӕ лӕппуйы уын ӕрбалас-тон, — загъта мӕ фыд. Зӕронд ус фӕтарсти ӕмӕ загъта:

— Ахӕмтӕ нӕ зонӕм, ам ахӕм нӕй.

Уалынмӕ ӕддӕмӕ рацыд хӕдзары хицау, ацы усӕн йӕ лӕг, зӕронд хъазахъхъаг, райста мӕ фыдӕн йӕ къух ӕмӕ йӕ мидӕмӕ бахуыдта. Мӕ фыд йӕ цыды сӕры кой ракодта. Мӕгуыр ныййарджытӕ фырцинӕй скуыдтой ӕмӕ мӕ фыдӕн зӕрдиаг арфӕтӕ фӕкодтой. Лӕппуйы йӕ хӕдзарыл сӕмбӕлын кодтой ӕмӕ йӕ йӕ мады ӕвджид бакодтой. Мӕ фыды хорз суазӕг кодтой ӕмӕ йӕ цалдӕр боны сӕхимӕ баурӕдтой. Тынг хорз ӕмӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ йын фӕкодтой.

Мӕ фыд нӕхимӕ цӕуынвӕнд куы скодта, уӕд фысым хӕдзарӕй рахаста зынаргъ цонгдарӕн ӕмӕ йӕ мӕ фыдӕн балӕвар кодта. Бӕргӕ йӕ нӕ иста мӕ фыд, ӕфсӕрмы кодта йӕ фысымӕй, фӕлӕ йӕ зӕронд уӕздан хъазахъхъаг кӕм уагъта. Мӕ фыд сын раарфӕ кодта, стӕй нӕхимӕ рараст. ӕртынӕм азты йӕ мӕ фыд «Торгсинмӕ» радта ӕмӕ нӕ уымӕй фервӕзын кодта мӕлӕтӕй. ӕндӕра сыдӕй амардаиккам, ӕххормаг азтӕ куы уыдысты, уӕд. ӕз мӕ фыдӕн уайдзӕфтӕ кодтон:

— Йӕ бирӕ фӕрдгуытӕй йын иуцасдӕр куы фӕхицӕн кодтаис ӕмӕ сӕ дӕхимӕ куы ныууагътаис, уӕд хуыздӕр нӕ уыдаид?

Уӕд мын уый загъта:

— Уый мӕт мӕ нӕ уыд, уӕ кӕуынмӕ мӕ бон хъусын нӕ уыд, мӕ риуы мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тыдта.

ЕДЗИТЫ Сослӕнбеджы фырт Русланы ныхӕстӕй йӕ ныффыста ТОРЧЫНТЫ Таймураз 2003 азы

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here