Сывӕллон — хӕдзары зӕд

0
34

Сывӕллон, дам, сыгъдӕг фыссӕн гӕххӕттӕй уӕлдай нӕу. Цы йыл ныффыссай, уый йыл баззайдзӕн. «Нӕ», зӕгъгӕ, дам, куы сдзуры, йӕхи ӕмбарын та уӕд райдайы. Фӕлӕ уыцы «нӕ» цӕмӕй хаххӕй ма ахиза, уый тыххӕй сывӕллонмӕ фидар фӕлӕууын хъӕуы. Гайлаг родӕй бӕрӕг у, къодах — йӕ фыццаг цӕфӕй. Цы байтауай, уый ӕркӕрддзынӕ. Бӕлас талайӕ тасы. Ацы ӕмбисӕндтӕ адӕмы куырыхон зондыл, фӕлтӕрддзинадыл дзурӕг сты фыдӕй-фыртмӕ. Уыдонӕн та рӕдийӕн нӕй. «Лӕппуйӕ рӕдийаг нӕ вӕййы ӕвзӕр», — уый та нын Къоста…

Сывӕллон йӕ тӕккӕ тӕлфыныл, йӕ тӕккӕ змӕлыныл куы вӕййы, уӕд абухгӕ ӕрсдонӕй уӕлдай нӕу. ӕрсдон та цалынмӕ исты къӕдзӕхы фахсыл сӕмбӕлы, уӕдмӕ йӕ ныхарӕзт нӕ ивы. Къӕдзӕхыл йӕ ных куы фехалы, уӕддӕр ӕрсдонӕй баззайы, ноджы фезнӕтдӕр вӕййы. Йӕ туг йӕ зондыл кӕмӕн фӕуӕлахиз, уыйау, куырмӕджы тындзӕгау тындзы. Йӕ рыхынӕй кӕмттӕ арауынц. ӕвӕццӕгӕн, сывӕллон дӕр афтӕ у. Йӕ цымыдисдзинад ӕй цы къуымы нӕ фӕныхсын кӕндзӕн, иу ахӕм нӕй. Иу цӕсты хуынкъ дӕр ын ӕнӕсгӕрст нал баззайы. Сӕгъӕй уӕлдай нӕу. Уымӕн дӕр йӕ сӕфтчыты бын ӕхсыргӕрдӕг уыдзӕн, уӕддӕр цыдӕр дӕрзӕг кӕрдӕджы иугай хӕлттӕм йӕхи фӕивазы къардиуы былӕй бынмӕ, ахауынӕй дзы тӕссаг вӕййы, афтӕмӕй.

Бирӕтӕ сӕ сывӕллӕттыл хъӕр кӕнынӕй ныффӕсус вӕййынц. Нӕ сӕры магъз, дам, нын рауагътой, слӕхъуг кодтой.

О, гормӕттӕ! Хъӕртӕй, схъиу-дӕй нӕ фӕфос кӕндзынӕ. Цы нымӕт, дам, цӕгъдай, уый хъуынджындӕр кӕны. Хъӕр хъӕрӕй нӕ сысы, дур дурыл куы ныццӕвай, дойнаг дур уӕд фӕстӕмӕ схъиуы. Арвы цӕлхъытӕм дӕр адӕймаг фыццаг фесхъиуӕгау кӕны, стӕй сыл куы сахуыр вӕййы, уӕд ӕм нал фӕхъуысынц, нал фӕхъарынц. Фӕстагмӕ йын арвы нӕрын фынӕйы хос дӕр свӕййы.

Ис алкӕмӕ дӕр цӕмӕдӕр цыдӕр зӕрдӕргъӕвддзинад, курдиат. Мӕнӕ фӕнычы норст цӕхӕр куыд басхъауай, афтӕ йӕ басхъауын хъӕуы, цӕмӕй хурӕргом фӕуа. Уый фӕстӕ йыл ӕхсныфтӕ ӕркал, цӕмӕй арт схӕца. Арт куы сцырен уа, уӕд къодӕхтӕ, бындзӕфхӕдтӕ, ӕнӕхъӕн къалабӕлӕстӕ дӕр аныхъуырдзӕн. Афтӕ сывӕллон дӕр, йӕ зӕрдӕ цӕмӕ райы, цы уарзы, ууыл куы фӕцалх уа, ӕмӕ йын ӕхсызгондзинад куы дӕтта, уӕд ӕй цыдӕр ӕнӕхъола митӕм нал ӕвдӕлдзӕн, ӕмӕ ма куы базона, йӕ хъуыддӕгтӕ кӕмӕндӕр ӕхсызгон сты, уый, уӕд ӕй бынтон нал бауромдзынӕ. Ӕхсӕнады цардхъомысӕн дӕр йӕ бындур сывӕллӕтты фидар бындурӕй райдайы. Мӕнг бындуртыл гӕнӕхтӕ, мӕсгуытӕ ничи амайы. Рафӕлдӕхдзысты. Бинонтӕ, сыхбӕстӕ, скъола — уыдоны хорздзинадӕй аразгӕ у сывӕллоны хорздзинад дӕр.

Куыд ӕдылы, дам, уыдтӕн, мӕ арт бауазал, дӕ удӕй арт цӕгъд, ӕмӕ дуртӕн дзурӕгау — дӕ ныхӕстӕ. Ӕгоммӕгӕс, къӕрттӕй цъула не ‘ппарынц. Амоныс сын, уӕд чи рӕхцгӕ кӕны, чи алырдӕм джихтыл схӕцы. Ницы сӕ ӕндавы

Хуыцауы бын, цымыдисдзинады, хъуыдыйы зынг сӕ никӕй цӕстыты судзы. Ӕрмӕст уынгмӕ сӕ цӕстытӕ ныццӕвынц рудз-гуытӕй атӕррӕстӕввонг, цыма сын исчи исты хорздзинӕдтӕ уырдыгӕй ӕрбадӕтдзӕн. Нырмӕ дӕр, дам, ӕдылы уыдтӕн. Цӕуыл мӕ уд хӕрын кодтон. Ныр сӕудӕджерыл фӕхӕст дӕн ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппарын, царды ад базыдтон. Цыма хур дӕр, калмау, йӕ хӕрв аппӕрста ӕмӕ мӕ хуыздӕр тавын райдыдта, афтӕ мӕм кӕсы. Нӕ! Дойнаг дуртӕ хӕссын ӕнцондӕр у. Афтӕ гъе! Уый та дын, скъолайы дзӕвгар рӕстӕг чи акуыста, ахӕм ахуыргӕнӕджы хъуыды.

Ӕмӕ лидзынц скъолатӕй, уӕлдайдӕр та — нӕлгоймӕгтӕ. Афтӕмӕй та ныртӕккӕйы вазыгджын рӕстӕг скъолаты уӕлдай тынгдӕр нӕлгоймаджы фидар зонд, фидар зӕрдӕ, фидар къух, фидар удыхъӕд хъӕуынц. Нӕ сагсур, нӕ гуыппырсар, нӕ саджы фисынтыл амад фӕсивӕдӕй та бирӕтӕ базарты, горӕты уынгты тигътыл сӕ фӕткъуытимӕ, ӕргъӕвст цъиутау, зыр-зыр кӕнынц, сӕ зӕрдӕты дон уадзынц. Сӕ цард асламыл ауӕй кодтой, фӕлӕ уый хыгъд туджы аргъыл базар кӕнынц. Фӕлӕ сын уый нӕ баххӕст кӕндзӕн сӕ цухтӕ, сӕ къахыртӕ. Арв фӕздӕгӕй сафынц, афтӕмӕй куыд ӕхсызгон хъӕуынц сӕ хъарутӕ ныртӕккӕйы царды зилахары.

Афтид зонындзинӕдтӕй ахуыргӕнӕг ахуыргӕнӕг нӕма у. Ахуыргӕнӕг, фыццаджыдӕр, у хъомылгӕнӕг. 30-40 алыхуызон удгоймаджы дӕм куы ныккӕсой, уӕд уый зон, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕхирдыгонау йӕхион домы. Куыроймӕ иу нукыл дон куыд цӕуа, се ‘ппӕтмӕ дӕр ахӕм хуызы кӕсӕн нӕй. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи туг, хицӕн удыхъӕд, хицӕн ахаст. Алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр сӕ ссарын хъӕуы хицӕн фӕндаг.

Уӕдӕ сывӕллоны асайӕн нӕй. ӕмӕ йӕ разы ӕппӕты фыццаг де ‘цӕг цӕсгом куыдӕй равдисай, дӕхицӕн кад кӕнын куыд базонай, уый дӕр дын афтӕ кад кӕндзӕн. Зын у сывӕллоны зӕрдӕ ссарын, фӕлӕ дыл йӕ зӕрдӕ иу хатт фӕхудти, зӕгъгӕ, уӕд сӕрибар дӕ, зӕрдӕ, дам, судзины бынӕй ссарди, зӕрдӕ, дам, судзины бынӕй скъахти…

Нӕ ахуыргӕнӕг, нӕ хъомылгӕнӕг Дзаттиаты Дзаххотты чызг Раисӕ ныл бирӕ зонд, бирӕ зӕрдӕйы хъарм бахардз кодта. Скъола каст куы фестӕм, уӕд нын йӕ бон зӕгъын уыдис: «Фӕрнджынӕй, амондджынӕй царды фӕндӕгтыл цӕут, мӕ хуртӕ, адӕмы уарзгӕйӕ». Фӕлӕ, скъолайы къӕсӕрӕй куы рахызтыстӕм, уӕд дӕр нӕ алкӕй цардвӕндагыл дӕр тыхстис. Ӕз ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын, уый куы базыдта, уӕд мын мӕ муртӕ бамбырд кӕнын кодта, фыссӕг Цӕгӕраты Максиммӕ, дам, дӕ скӕнон, ӕмӕ дын сӕ фена (Максим уӕд Фысджыты цӕдисы сӕрдар уыд, цыдӕр хиуон дӕр ын ӕййӕфта). Ӕз мӕ фыстытыл не ‘ууӕндыдтӕн ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд Максимимӕ фембӕлын, фӕлӕ мӕ ахуыргӕнӕджы зӕрдӕхудт райсынӕй фӕтарстӕн ӕмӕ сразы дӕн. Ӕфсӕрмытӕгӕнгӕ, ныгъуылдтытӕгӕнгӕ бацыдтӕн йемӕ Максимы кусӕн бынатмӕ… Абон дӕр мӕ нӕ рох кӕны…

Уӕдӕй нырмӕ Терчы бирӕ дон аивгъуыдта ӕмӕ, чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, кӕддӕры хъуыддӕгтӕ цы ног кӕны. Фӕлӕ адӕймагдзинад, рӕстдзинад алы рӕстӕджы дӕр иу сты, сӕ бындар фӕуой, нӕ зӕронд кӕнынц. Зӕххыл ӕрмӕст иу адӕймагдзинад ис, иу рӕстдзинад. Мӕхи кой та ӕрмӕст уымӕн кӕнын, ӕмӕ, адӕймаг йӕхи удыл цы бавзары, уым рӕстдзинад фылдӕр вӕййы.

Куыст, куыст ӕмӕ куыст! Уӕдӕ цасфӕнды куы фӕ-дзурӕм, уӕддӕр адӕймаг йе ‘рвылбоны удуӕлдай тухӕнӕй у. Йӕ хорздзинӕдтӕ уымӕй рабӕрӕг вӕййынц. Амонд зӕххӕй сисгӕ у, ӕрмӕст ӕм ӕргуыбыр кӕнын хъӕуы. Мӕнӕн мӕ фыдыфыд мӕ къухты фыццаг рувӕн ныссагъта, стӕй та Къостайы «Ирон фӕндыр» ахуыр кодтам! Афтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд Къостайы зӕрдӕйы тугӕй фыст тухӕн ӕз афтӕ тынг нӕ бамбӕрстаин, мӕ зӕрдӕйы афтӕ тынг нӕ ныххызтаид.

Бирӕ ныййарджытӕ сӕ цотыл ӕгӕр аудынц. Зӕнӕджы зӕнӕг, дам, зӕнджы магъз у, зӕгъгӕ, сӕ ӕгӕр буцахуыр кӕнынц. Сӕ къух уазал доны дӕр никуы атулынц, къусы дзаг уазал дон сӕ хӕдзарыл никуы бакалынц, дӕлгоммӕ къус уӕлгоммӕ никуы сфӕлдахынц. Райгуырӕнбонтӕ, куывдтӕ, чындзӕхсӕвтӕ сын фӕкӕнынц хъомылӕй дӕр.

Куыст дӕр, дам, баййафдзыс-ты, сӕ ранмӕ куы ахӕццӕ уой, уӕд. Афтӕмӕй сӕ зонд хомфыхӕй баззайы, мӕнӕ дзулы цъар тагъд артыл куыд абурачъи вӕййы, мидӕгӕй та хыссӕйӕ куыд баззайы, афтӕ. Цардхъом нӕ вӕййынц, афтӕмӕй Хуыцауӕй бонсайӕн фӕкӕнынц, бинонтӕй — къӕбӕрсайӕн. Алыхуызон фыдгӕнджытӕ сӕ рауайы. Сӕ ныййарджытӕ ма сӕ рустӕ хӕрдмӕ бӕргӕ фӕхафынц, фӕлӕ байрӕджы вӕййы…

Сывӕллон, авдӕны сывӕллон. О, куыд сыгъдӕг дӕ, куыд сыгъдӕг! Ахуысс уал ӕвӕлмонӕй, уӕддӕр дӕ тагъд цард йӕ цырвӕй фӕхъӕстӕ кӕн-дзӕн. Дӕ зӕрдӕйы норст цӕхӕрӕй дӕ цӕстыты ссудздзӕн хъуыдыйы арт. Адӕмы хъӕр ӕмбарын райдайдзынӕ, царды мӕт дӕ бацӕудзӕн, ӕмӕ уӕд де ‘цӕг цардыл фӕхӕст уыдзынӕ… Сывӕллон, авдӕны сывӕллон. Сыгъдӕг фыссӕн гӕххӕттӕй уӕлдай нӕу. Цы йыл фыст ӕрцӕудзӕн хорзӕй, уый та хистӕртӕй аразгӕ у: йӕ ныййарджытӕй, йӕ ахуыргӕнджытӕй, махӕй не ‘ппӕтӕй дӕр.

АБАЙТЫ Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here