«Мах фӕуӕлахиз стӕм»

0
176

Цыбыр, фӕлӕ уӕззау хӕст бавзӕрстой не ‘фсымӕртӕ Хуссар Ирыстоны. Гуырдзиаг экстремисттӕ сӕм куы ӕрбалӕбурдтой, уӕдӕй рацыд 16 азы. Нӕ алкӕй зӕрдыл дӕр лӕууынц уӕды цаутӕ, тугныккалд, сӕрибармӕ тырнӕг адӕмы фидардзинад, Уӕрӕсейы ӕфсады ӕххуыс…

Ацы бонты та ӕмхуызонӕй ӕрымысдзыстӕм нӕ хъӕбатырты, лӕгӕвзарӕн заман йӕхи чи нӕ бамбӕхста, знаджы ныхмӕ чи  ӕрлӕууыд, уыдоны.

Уӕд стыр десантон нау «Цезарь Куников»-ы Сауденджызон ӕфсады тыхты къордӕн разамынд лӕвӕрдта вице-адмирал Сергей Меняйло. Сӕ размӕ сын сӕвӕрдтой ахсджиаг хӕс: Гуырдзыстонӕй тыхбахаст бадомын. Нау йӕ ных сарӕзта Абхазы ‘рдӕм.

Мӕнӕ куыд мысы уыцы цаутӕ нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг: «Рацыдыстӕм Новороссийскы портӕй, змӕлыдыстӕм Сухумы ‘рдӕм. Нӕ размӕ лӕууыд хӕс — Абхазы былгӕрӕтты хӕстон архайд ма бауадзын. Алцыдӕр ӕрцыд тынг тагъд, тох рауад рӕвдз, уынаффӕтӕ истон секундтӕм гӕсгӕ.

Уый фӕстӕ десантниктӕ ӕмӕ денджызон фистӕгцӕуджытӕ былмӕ рахызтысты, Потийы былгӕрӕтты ацыдысты, бахызтысты Кодорскы коммӕ. Бирӕ цыдӕртӕ ма ӕрцыд хӕсты уыцы фондз боны дӕргъы…

Мах фӕуӕлахиз стӕм. Ӕмӕ фӕуӕлахиз уыдзыстӕм», — афтӕ зӕгъы Сергей Меняйло.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here