Цӕгат Кавказы хӕххон ӕмӕ хохрӕбын хъӕууонхӕдзарадон наукон-иртасӕн институты дыккаг хатт цӕуы равдыст-семинар «Быдыры бон-2024».
Архайдтой дзы специалисттӕ Кӕсӕг-Балхъары республикӕйы зонадон центрӕй, Адыгей ӕмӕ Цӕцӕнӕй, нӕ республикӕйы Хъӕууон хӕдзарады министрад ӕмӕ «Россельхозцентр»-ы минӕвӕрттӕ, аграрон компаниты разамонджытӕ. Ахсджиаг фарстатыл ӕрныхас кӕныны размӕ семинары архайджытӕ федтой халсарты культурты равдыст. Тӕрхӕджытыл уыд картоф ӕмӕ пъамидоры алы хуызтӕ, адджын цывзытӕ, къабуска, кабачкитӕ, баклажантӕ, суанг ма нартхор, уазджытӕн дзы сӕ бон уыд саходын дӕр.
Быдыры бӕркӕдтӕ ӕрзайын кодтой институты специалисттӕ, цы фӕлварӕн хӕдзарад сӕм ис, уым. Институты разамонӕг, биологон наукӕты доктор Козырты Сослан куыд зӕгъы, афтӕмӕй ахӕм мадзӕлттӕ сты ахадгӕ куыстуатӕн, сӕ наукон куыст ӕмӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, ацы къабазы райрӕзтӕн. Ам архайынц халсарты ног хуызтӕ ӕрзайын кӕныныл. Козыры-фырт сиды республикӕйы зӕхкусджытӕм, цӕмӕй пайда кӕной институты фӕлтӕрддзинадӕй, цӕуой сӕм ӕххуысагур. Равдисдзысты сын, нӕ регионы хуыздӕр цавӕр халсарты мыггӕгтӕ ӕрзайын кӕнӕн ис, уыдон.
Мӕскуыйаг компани «Седек» базарады ис 1995 азӕй. Йӕ сӕйраг агроном Анатолий Осихов радзырдта, халсартимӕ цавӕр селекцион куыст кӕнынц, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, зайын кӕнынц пъамидоры 300 хуызы цымыдисаг нӕмттимӕ «Барин», «Буржуй», «Ажур», сырхытӕ, тымбылтӕ, бур тӕлмытимӕ, сливкӕтӕ ӕмӕ черритӕ, бӕззынц, куыд хъармуаты, афтӕ гом бынаты садзынмӕ дӕр. Уӕрӕсейы регионты ӕрдзон уавӕртӕм гӕсгӕ сӕ базарад ӕмӕ фӕлхасгӕнджытӕ дӕр алыхуызон агурынц. Равдыстмӕ ӕрбаластой цыппар хуызы: «Кукла Маша», «Подарок женщине», «Царевна» ӕмӕ ӕндӕртӕ. ӕрзайын сӕ кодтой институты наукон кусджытӕ. Специалисттӕ кӕсынц алы гибридмӕ дӕр наукон цӕстӕй, бӕрӕг ын кӕнынц йӕ хӕрзхъӕддзинад, йӕ миниуджытӕ, уыимӕ, ӕрдзон уавӕрты куыд зайдзӕн, цавӕр тыллӕг дӕтдзӕн, уый. Равдыстой сӕ картофы ног хуызтӕ дӕр, се ‘ппӕт дӕр сты нӕхи селекционертӕ.
Селекци ӕмӕ йемӕ баст нырыккон технологитӕн цавӕр фидӕн ис, халсарты культуртӕ ӕмӕ, хӕрзмыггаг рауайынӕн цавӕр ног авналӕнтӕ ӕмӕ хъацӕнтӕй у сӕ бон спайда кӕнын, ууыл уыд специалистты ныхас семинары.
Майкопаг фирмӕ «Агрохимион лаборатори» равдыста, цы нырыккон хъацӕнтӕ уадзынц, уыдон. Йӕ директор, хъӕууонхӕдзарадон наукӕты доктор Рашид Тугуз куыд радзырдта, афтӕмӕй сӕм ис ахӕм хъацӕнтӕ, ома, микроэлементтӕ, халсарӕн ӕрмӕстдӕр пайда чи хӕссы, ахӕмтӕ, уӕдӕ адӕймаджы ӕнӕниздзинад дӕр нӕ хъыгдарынц.
— Нӕ хъацӕнтӕ аразӕм бынӕттон продукцийы бындурыл ӕмӕ пайда кӕнӕм нырыккон наукон ӕнтыстытӕй, — загъта Рашид Тугуз.
Федералон программӕйыл ӕнцайы институт ӕмӕ фирмӕ «Фат-Агро»-йы ӕмгуыстад 2019 азӕй. Дзӕуджыхъӕуы зонадон центры наукон кусӕг
Гериты Фатимӕ куыд радзырдта, афтӕмӕй картофы ног гибридӕн йӕ миниуджытӕ фӕбӕрӕг кӕнынц «Фат-Агро»-йы быдырты. Уыдонмӕ ис ӕнӕмӕнгхъӕугӕ технологон уавӕртӕ дӕр. Цы картофы гибридтӕ равдыста, уыдоны хӕрзхъӕддзинад рахуыдта тынг хорз.
— Ныфс мӕ ис, тагъд рӕстӕджы гидрибдтӕ кӕй нал уыдзысты, фӕлӕ картофы ног мыггаг, уымӕй. ӕмӕ нӕ фӕнды алы ног мыггагӕн дӕр ирон ном раттын, — загъта Гериты Фатимӕ.
«Быдыры бон-2024» ахъаз у Дзӕуджыхъӕуы зонадон центрӕн йӕ куыст ӕмӕ йӕ наукон ӕнтыстдзинӕдтӕ равдисынӕн, ацы къабазы специалисттимӕ, ахуыргӕндтимӕ пайдайаг ныхас кӕнын, бамбарын, регионӕн йӕ ӕрдзон уавӕртӕм гӕсгӕ халсарты цавӕр хуызтӕ зайын кӕнын хъӕуы, уый. Центры разамонӕг
Цыбырты Алексей куыд бафиппайдта, афтӕмӕй фидӕны нысан кӕнынц, ацы равдыстмӕ ног регионтӕ, ӕмгуыстад кӕимӕ кӕндзысты, ахӕм агрокомпанитӕ фӕхонын.
МАМИАТЫ Лолитӕ,
къам систа Татьянӕ ШЕХОДАНОВА