Ацы къам Интернеты тыгъдады куы федтон, уӕд дзы мӕ цӕст атонын нал куымдта. Уӕлдайдӕр йӕ бынмӕ цы бирӕ рӕсугъд ӕмӕ арфӕйаг ныхӕстӕ ныффыстой Ирыстоны цӕрӕг адӕм, уыдон та мӕ уӕлдай тынгдӕр бацагайдтой. Чи у уыцы рӕсугъд сылгоймаг, рагон бонты нывтӕ ма нын нӕ зӕрдыл чи ӕрлӕууын кодта, ирон бинонты фӕзминаг чындзы аив бакаст кӕй сурӕты федтам, уый?
Дӕтиаты Валерийы чызг Дианӕ, Уӕллагкомы дымтаг, Байсогъуырты Мысаби ӕмӕ Минтӕйы хӕрӕфырт. Дианӕ тынг уарзы фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ, традицитӕ, стыр аргъ кӕны хистӕртӕн, йӕ алы уӕнджы дӕр ирондзинад ис. ӕмӕ куыннӕ, ӕрмӕст йӕ мадыфсымӕр Байсогъуырты Мухтар дӕр ын ӕгъгъӕд уыд, цӕмӕй чызджы зӕрдӕйы ахъара уарзондзинад нӕ фыдӕлты историмӕ, ӕвзагмӕ. Мухтар стыр ӕвӕрӕн хӕссы Ирыстоны историйы къӕбицмӕ, архайы хӕхбӕсты калд мӕсгуытӕ ӕмӕ галуантӕ, нӕ фыдӕлты хӕзнатӕ фӕстӕмӕ рацаразын ӕмӕ бахъахъхъӕныныл.
— Мӕ хотимӕ Уӕллагкоммӕ, Дымтӕм баба ӕмӕ нанамӕ арӕх цыдыстӕм. Бирӕ таурӕгътӕ нын дзырдта баба, хъусынӕй-иу ӕм не ‘фсӕстыстӕм. ӕз та мӕхи ӕнкъардтон, цыма мӕ рӕстӕг ӕнусты сӕрты рагзамантӕм ахаста, афтӕ. Бонӕй-бонмӕ мӕ фылдӕр ӕмӕ арӕхдӕр фӕндыд хохмӕ. Нана та ныл-иу йӕ кӕлмӕрзӕнтӕ абаста, цӕмӕй ма суазал уӕм, ӕмӕ-иу мӕхимӕ ӕцӕг хохаг чызг ӕркастӕн. Къӕмынты ис библиотекӕ, ӕмӕ уырдӕм чингуытӕ кӕсынмӕ ӕнӕзивӕгӕй уадтӕн.
Ӕвзӕрстон ирон чингуытӕ нывтимӕ, ныв кӕнын тынг уарзын ӕмӕ-иу иллюстрацитӕм гӕсгӕ ныв кодтон. Хорз ма хъуыды кӕнын уыцы чингуытӕ: «Зджыды рӕсугъд», «Нарты кадджытӕ» ӕмӕ «Дзӕбидырдзуан». «Зджыды рӕсугъд» уӕлдай цымыдисагдӕр уыд, ирон разгом къабайы чызг мӕсыгӕй кӕсы, ахӕм нывимӕ, ӕмӕ-иу ӕм лӕмбынӕг фӕкастӕн. Ирон къаба скӕнын мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ фӕндыд. ӕмӕ мӕ бӕллиц сӕххӕст. Дзӕуджыхъӕуы мӕ сыхӕгтӕ Хъуылаты Лаврент ӕмӕ Икъаты Томӕ ансамбль «Алан»-ы кафыдысты, ӕмӕ сӕхи хӕдзары уыд разгӕмттӕ ӕмӕ цухъхъатӕ дӕр. Сӕ чызг махӕй хистӕр уыд, фӕлӕ-иу нӕ сӕхимӕ акодта ӕмӕ ныл сӕ-иу скодта, кафын дӕр нӕ-иу кодта. Мӕ царды фӕндаг мӕ куыддӕр уыцы замантӕм асайдта йӕ фӕдыл. Ивгъуыд ӕмӕ нырыккон дугты цыма цӕрын, афтӕ ӕнкъарын мӕхи.
— Дӕ ныййарджыты тыххӕй дӕр ма радзур.
— Сты хуымӕтӕг адӕм. Мӕ мад Альбинӕ кӕд хохы схъомыл, уӕддӕр-иу, ныхасгӕнгӕйӕ, уырыссаг дзырдтӕ дӕр загъта. Мӕ фыд Валери та — никуы. Ныр дӕр мӕ фыд хохы цӕры. Мӕ мад кӕм райгуырд ӕмӕ схъомыл, уым хӕдзар сарӕзта. Мӕ фыд Ирыстоны не схъомыл ис, Казахстаны фӕцардис, Венгрийы, бирӕ бӕстӕтӕ федта ӕмӕ афтӕ фӕзӕгъы, Ирыстонӕй хуыздӕр, дам, ӕндӕр ран нӕй, цы — йӕ адӕм, цы — йӕ ӕвдадзы уӕлдӕф. Нӕ ферох кодта йӕ мадӕлон ирон ӕвзаг дӕр. Цӕмӕйдӕриддӕр ӕй бафӕрсай, иронау нын дзуапп ратты. ӕнӕзӕгъгӕ нӕй мӕ мадыфсымӕр Мухтары тыххӕй дӕр. Уазӕгуаты нӕм-иу куы ӕрбацыд, уӕд-иу балалайкӕйӕ бирӕ фӕцагъта, кӕнӕ та-иу кардӕй-хӕрынкъайӕ къӕцӕлӕй исты дзаума ацамадта. Афтӕ дӕсны у къухӕй алцӕмӕ дӕр. Мухтар биноныг зоны нӕ Ирыстоны истори ӕмӕ мыггӕгты хабӕрттӕ, адӕймаг ӕм хъусынӕй не ‘фсӕды. ӕмӕ нӕм-иу куы ӕрбацыд, уӕд-иу мӕ цинӕн кӕрон нал уыдис.
— Ныв кӕныныл ахуыр скодтай?
— Дзӕуджыхъӕуы 46-ӕм скъолайы фараст къласы каст куы фӕдӕн, уӕд бацыдтӕн Аивӕдты училищӕмӕ. Фӕлварӕнтӕм мӕ бацӕттӕ кодта зындгонд нывгӕнӕг Джыккайты Мурат. Цыдтӕн йӕ ӕрмадзмӕ, ӕмӕ мын амыдта нывкӕнынады сусӕгдзинӕдтӕ, дзырдта мын аргъӕуттӕ, историйӕ цавӕрдӕр цаутӕ. Мӕ зӕрдыл тынгдӕр бадардтон «Залиаг калм»-ы тыххӕй аргъау, стӕй ма Муратӕй базыдтон, чи сты туаллӕгтӕ, уый. Фӕстӕдӕр мӕ цард туаллаг лӕппуимӕ дӕр бабастон. Аивӕдты училищӕйы ахуыр кодтон Джидзӕлаты Анжелӕ ӕмӕ Гӕбӕраты Феликсмӕ дизайн, зӕгъгӕ, хайады. Цыппар азы училищӕйы куыд атахтысты, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон ӕмӕ та фӕстӕмӕ ахуырмӕ бацыдтӕн Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл университеты аивӕдты факультетмӕ. Уым та мын ахуыртӕ лӕвӕрдта диссаджы адӕймаг — Асаты Аллӕ. Уый махӕн, студенттӕн, канд ахуыргӕнӕг нӕ уыд, фӕлӕ ма нӕ хорз хӕлар дӕр. Бирӕ цӕуылдӕрты нӕ сахуыр кодта. Нӕ хайад нын куы ӕхгӕдтой, уӕд Аллӕ фӕтох кодта, уыцы хъуыддаг ма ‘руадзыныл, фӕлӕ…
Иннӕ хайадмӕ нӕ аивтой, ӕмӕ бахаудтӕн Бедойты Шалвайы ӕрмадзмӕ. Мӕ амондӕн ма дзы аивӕдты историйы ахуыргӕнӕгӕй куыста Маринӕ Перова. Уыцы предмет тынг ахсджиаг у студенттӕн. Маринӕ афтӕ хорз ӕмӕ бӕлвырд зоны йӕ предмет, ӕмӕ, ӕппындӕр аивадмӕ чи ницы бар дары, уый дӕр ма зӕрдӕскъӕфт фӕкӕндзӕн. Ахуыргӕнӕг ма мын уыдис Басаты Олег дӕр. Бирӕ нын дзырдта нывкӕнынады тыххӕй, абон дӕр мӕ зӕрдыл кӕй бадардтон, ахӕм хабӕрттӕ. Училищӕмӕ 14-аздзыдӕй бацыдтӕн, ӕмӕ мын Анжелӕ мады хуызӕн уыдис. Абон дӕр ныв куы фӕкӕнын, уӕд ме ‘ппӕт ахуыргӕнджытӕ дӕр мӕ цӕстытыл ауайынц, сӕ цӕстуарзон амынддзинӕдтӕ, сӕ хӕларзӕрдӕ ахастдзинад ӕмӕ профессион зонындзинӕдтӕ. Нывкӕнынады дӕр ме ‘ргом аздӕхтон ирон рагон уӕлӕдарӕсы мидисмӕ. Мӕнӕ раст цыма историйы чиныг мӕ къухтӕм райсын, афтӕ мӕм фӕкӕсы, — дзырдта Дианӕ.
Дианӕйӕн хорз ӕнтысы ахорӕнты фӕрцы ивгъуыдӕй ныры заманмӕ йӕхи ногдзинӕдтӕ хӕссыны фарстаты. Зӕгъӕм, нырыккон уӕлӕдарӕсы кӕцыдӕр хай сиу кӕны ивгъуыды дарӕсимӕ, ӕмӕ йын дзы ӕмбисонды куыст рауайы. Йӕхӕдӕг куыд загъта, мӕ хъуыдыйы сӕ абарын ӕмӕ афтӕмӕй равзӕры мӕ ног «фӕлыст», зӕгъгӕ. Ивгъуыдӕй йӕ уӕлӕдарӕс уыйбӕрц агурын дӕр нӕ фӕхъӕуы, йӕ нана Минтӕйы рӕбынтӕ ахӕм ӕвӕрӕнтӕй дзаг сты, фӕлӕ сӕм уӕддӕр Дианӕ йӕхи ногдзинӕдтӕ бахӕссы. ӕмӕ та уыцы историон дарӕсы хуызистытӕ адӕмы рӕгъмӕ куы рахӕссы, уӕд сӕм кӕсынӕй нӕ фефсӕдынц.
Дӕтиаты Дианӕ чындзы ӕрцыд Гаджитӕм. Йӕ сӕрыхицау Тимуримӕ хъомыл кӕнынц дыууӕ хуры хуызӕн хъӕбулы — Томирис ӕмӕ Сарданӕйы. Сӕ ныййарджыты фӕндиаг дзӕбӕхӕй байрӕзӕнт.














