Фӕсивӕдон форум «Машук» дарддӕр йӕ куыст кӕны. Фӕсивӕдимӕ фембӕлд Уӕрӕсейы Президенты раз сывӕллӕтты бартӕ хъахъхъӕнӕг ӕххӕстбарджын Мария ЛЬВОВА-БЕЛОВА. Форумы сӕйраг фӕз — Фӕскомцӕдисон ӕрдузмӕ ӕрбацӕугӕйӕ, базонгӕ, Уӕрӕсейы Президенты раз сывӕллӕтты бартӕ хъахъхъӕнӕг ӕххӕстбарджыны институт йӕ сӕйраг партнер кӕмӕн у, уыцы проектон куыст «ӕххуыс»-ы ӕхсӕйнаг бӕрӕггӕнӕнтимӕ.
«Машук»-ы архайджытӕ — ахуырадон уагдӕтты уынаффӕгӕнджытӕ, ӕнахъомтимӕ кусӕг специалисттӕ, ӕнӕкоммерцион организациты разамонджытӕ ӕмӕ кусджытӕ — кадджын уазӕджы размӕ рахастой, ӕнахъомты алы къордты, царды зын уавӕрты чи бахауд, уыцы ӕрыгӕтты социализацийӕн ӕххуысы, форумы кӕуыл бакуыстой, уыцы хъӕзтытӕ ӕмӕ хъазӕн фӕлтӕрӕнтӕ.
Дарддӕр сывӕллӕтты омбудсмен машукӕгтимӕ архайдта, «Вазыгджыныл урок», зӕгъгӕ, ахӕм форматы.
— Тынг ӕхсызгон мын у, форум уыйбӕрц ӕрыгон специалисттӕ кӕй ӕрӕмбырд кодта, уый. Сымахмӕ рӕсугъд фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы — ис уӕм пайдайаг хъуыдытӕ, фӕлтӕрддзинад, ӕмӕ бирӕ сывӕллӕттӕн сӕ цардвӕндагыл уыдзыстут зондамонджытӕ ӕмӕ ӕххуысгӕнджытӕ, — ахӕм ныхӕстӕй райдыдта йӕ фембӕлд Мария Львова-Белова.
Дарддӕр «Машук»-ы архайджытӕн радзырдта, разамынд цы институтӕн дӕтты, уырдӕм 2024 азы райдайӕнӕй нырмӕ кӕй ӕрбацыд 10 мин курдиаты, уыдонӕй 21, 8 проценты загъд уыдис, бинонты ‘хсӕн сывӕллӕтты бартӕ хӕлд кӕй цӕуынц. Уӕрӕсейы Президенты Сывӕллӕтты бартӕ хъахъхъӕнӕг ӕххӕстбарджыны хъӕппӕрисӕй арӕзт программӕ «Сабитӕ — бинонты ‘хсӕн»-ы фӕлгӕты 14 регионы архайд цӕуы, цыппар азы онг кӕуыл цӕуы, уыцы сабиты нымӕц сывӕллӕтты хӕдзӕртты фӕкъаддӕр кӕныныл. Уыцы куысты бӕрӕггӕнӕнтӕ тынг ахадгӕ сты — 100 сабийы сӕхи бинонтӕм раздӕхтысты, уыцы хӕдзӕртты цы сывӕллӕттӕ ис, уыдоны нымӕц та фӕныллӕгдӕр 24,3 проценты.
— Алы сывӕллон дӕр хъуамӕ рӕза бинонты ‘хсӕн. Уыцы сидзӕрдӕтты цы сабитӕ ис, уыдоны фылдӕр хай хъуамӕ уым ма уа, — бахахх кодта Львова-Белова.
Сывӕллӕтты омбудсмен машукӕгтӕм бахатыд, цӕмӕй дзы алчи йӕхи регионы ӕххуыс кӕна Сабидуджы системӕ ӕмӕ социалон сидзӕрдзинады ныхмӕ архайӕг оргӕнты ӕппӕтуӕрӕсеон инспекцийӕн. Куыд бахахх кодта, афтӕмӕй ацы куыст тынг ахсджиаг у — инспекцийы куысты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы Президентӕн 2025 азы 1 июнмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн доклад нӕ бӕстӕйы социалон сидзӕрдзинад скуынӕг кӕныны тыххӕй фӕндӕттӕ.
Фембӕлды архайджытӕ сывӕллӕтты омбудсменмӕ раттой фарстытӕ сидзӕр ӕмӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджыты сывӕллӕттимӕ архайыны амынддзинӕдты тыххӕй.
Сӕ ныййарджытӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы цы сабитӕн архайынц, уыдонимӕ куысты тыххӕй дзургӕйӕ, Мария Львова-Белова бахахх кодта, бӕстӕйы цы цаутӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй къласы ӕргом дзурын кӕй хъӕуы.
— Хъуамӕ мах зонӕм сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы тыххӕй дзурын. Рӕзгӕ фӕсивӕд хъуамӕ ӕмбарой, нӕ бӕстӕйы хӕдбардзинад ӕмӕ сабырдзинадыл кӕй цӕуы тох. Операцийы архайджыты хъайтардзинады тыххӕй дзурын хъӕуы къласӕн. Президент нын нӕ размӕ ӕвӕры нысан — сывӕллӕттӕм ӕвзӕрын кӕнын хъӕуы патриотизм, Райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинад. Нӕ куысты уыцы фарстамӕ мах стыр ӕргом здахӕм, — бахахх кодта Львова-Белова.
Фӕскомцӕдисон ӕрдузы фӕстӕ сывӕллӕтты омбудсмен бабӕрӕг кодта «Машук»-ы Зонындзинӕдты центр — ам кусынц Уӕрӕсейы Президенты раз сывӕллӕтты бартӕ хъахъхъӕнӕг УФ-йы субъектты ӕххӕстбарджынты федералон ӕхсӕнадон совет ӕмӕ сывӕллӕтты ӕхсӕнадон советты здӕхт «Рӕзт»-ы архайджытӕ. Семӕ фембӕлгӕйӕ сын Мария Львова-Белова лӕмбынӕг ӕркаст, сӕйраг проект «Сабидуджы ӕдасдзинад: архайы Сывӕллӕтты федералон ӕхсӕнадон совет»-ы фӕлгӕты цы проекттӕ сарӕзтой, уыдоны, ӕмӕ фӕуӕлахизуӕвджытӕн ратта хӕрзиуджытӕ.
ГАПБАТЫ Алетӕ














