Хетӕджы-фырты юбилейы кадӕн

0
231

Цӕгат Ирыстон йӕхи цӕттӕ кӕны зындгонд поэт, драматург, публицист ӕмӕ ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн боны 165 азы юбилей парахатӕй сбӕрӕг кӕнынмӕ.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Платы Альбинӕ кӕй амыдта, организацион комитеты уыцы ӕмбырды архайджытӕ ӕрныхас кодтой юбилейон бӕрӕгбонмӕ цӕттӕ кӕныны ӕмӕ йӕ арвитыны фарстатыл. ӕмбырд гом кӕнгӕйӕ, хицауы бынатахсӕг сылгоймаг загъта:

— Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бон бӕрӕг кӕнгӕйӕ, ацы адӕймагӕн ӕмӕ йе сфӕлдыстадӕн кад кӕнӕм, канд уый нӕ, фӕлӕ ма нӕ регионы культурон бирӕвӕрсыгдзинад ӕмӕ нӕ мидисджын историон бынтӕ дӕр ӕргом кӕнӕм. Ирон литературӕйы классикы райгуырӕн Нары хъӕуы, стӕй Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕскуыйы чи ацӕудзӕн, уыцы дзыллон мадзӕлтты архайдзысты сфӕлдыстадон ӕмӕ наукон кусджытӕ, фысджытӕ, актертӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы алы регионтӕй ирон ӕхсӕнӕдты минӕвӕрттӕ. Къорд ӕууӕлмӕ гӕсгӕ, ацы аз махӕн нымад у сӕрмагонд азыл. Цӕгат Ирыстон уыцы-иу рӕстӕг бӕрӕг кӕны цалдӕр юбилейы — республикӕйы расидты 100 азы, Уӕрӕсеимӕ Ирыстоны иукӕнынады 250 азы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы сӕвзӕрды 240 азы. Ацы цауты номхыгъды сӕрмагонд бынат ахсы Хетӕгкаты Къостайы райгуырды бон. Цӕттӕ кӕнӕм мидисджын, биноныг программӕ. Дзыллон мадзӕлттӕ нывыл уагӕй кӕй ацӕудзысты ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы номы аккаг кӕй уыдзысты, уымӕй мӕ ныфс ис.

Ацы азы октябры саразинаг сӕйраг дзыллон мадзӕлтты тыххӕй ӕмбырды радзырдта культурӕйы министры фыццаг хӕдивӕг Рӕмонты Маринӕ. Куыд загъдӕуыд, афтӕмӕй 9-15 октябры Мӕскуыйы ацӕудзысты Цӕгат Ирыстоны культурӕйы бонтӕ. Республикӕйы юбилейон бӕрӕгбӕтты (уыимӕ — ирон литературӕйы классикы райгуырӕн боны 165 азы) кадӕн бацӕттӕ кодтой егъау культурон программӕ.

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ республикӕйы муниципалон иугӕндты кӕй сӕххӕст кӕндзысты, уыцы дзыллон мадзӕлтты ‘хсӕн сты нывтӕ ӕмӕ къамты равдыстытӕ, конкурстӕ, спектаклтӕ, литературон изӕртӕ ӕмӕ наукон-практикон конференци. ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, цӕгатирыстойнӕгтӕ дидинджытӕ сӕвӕрдзысты Дзӕуджыхъӕуы Ирон аргъуаны кӕрты поэты ингӕныл.

Программӕмӕ бахастой юбилейы кадӕн равдисинаг концерт дӕр. Уымӕй уӕлдай, Октябрыхъӕуы сӕвӕрдзысты Хетӕгкаты Къостайы бюст.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here