Кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны сывӕллӕтты сӕрдыгон фӕлладуагъд ӕмӕ ӕнӕниздзинад фӕфидардӕр кӕныны кампани. Уыцы куысты пъланы бындурыл цалдӕр боны размӕ цӕгатирыстойнаг сывӕллӕтты ацы азы фӕстаг къорд абалц кодта Сау денджызы былмӕ…
Уый тыххӕй «Рӕстдзинад»-ӕн радзырдтой РЦИ-Аланийы Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрады пресс-службӕйы.
Министрады минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, сывӕллӕтты ацы къорд йӕ фӕллад уадзы дзӕбӕхгӕнӕн лагертӕ «Зори Анапы» ӕмӕ «Премьера»-йы. Сау денджызы былгӕрон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ арвитдзысты ӕртӕ къуырийы бӕрц. Зӕрдӕзӕгъгӕ фӕлладуагъдӕн сын ис ӕппӕт фадӕттӕ дӕр: хӕрзад хӕринаг, рӕвдауӕг хуры хъарм, денджыз, цымыдисаг хиирхӕфсӕн программӕ…
Чысыл раздӕр та ирыстойнаг фӕсивӕды минӕвӕрттӕ архайдтой сывӕллӕтты ӕппӕтуӕрӕсеон центр «Орленок»-ы сӕрмагонд тематикон рады (уый баст уыд Фыдыбӕстӕйы историйы, туризмы райрӕзты фарстатимӕ).
Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрады куыд загътой, афтӕмӕй сӕрды мӕйты дӕргъы Краснодары крайы, Сау денджызы былгӕрон лагертӕ чи бабӕрӕг кодта, уыцы цӕгатирыстойнаг лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты нымӕц 2 минӕй фӕфылдӕр.
Ӕмткӕй райсгӕйӕ, ацы азы сывӕллӕтты фӕлладуагъд ӕмӕ ӕнӕниздзинад фӕфидардӕр кӕныны кампанийӕн республикӕйы бюджеты нысангонд ӕрцыд 240 милуан сомы бӕрц (2023 азимӕ абаргӕйӕ, 6,5 проценты фылдӕр). Уый фӕрцы цы фӕлладуадзӕн ӕмӕ дзӕбӕхгӕнӕн мадзӕлттӕ арӕзт цӕуы, уыдон афӕдзы кӕронмӕ хъуамӕ аххӕссой 36 мин сывӕллон ӕмӕ ӕнахъомыл. Уыимӕ, лагертӕм балцӕгтӕ фыццаградон ӕгъдауӕй лӕвӕрд цӕуынц цыбыркъух ӕмӕ тыхст уавӕрты бахауӕг бинонты, сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджыты, стӕй сидзӕр ӕмӕ сахъат сывӕллӕттӕн…
КАЛМАНТЫ Аслан














