Фæллой æмæ социалон рæзты министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ацы азы райдайæнæй 84 сывæллоны ссардтой сæхицæн ног бинонтæ, уыдонæй 4 сывæллоны фæстæмæ раттой сæ ныййарæг мад æмæ фыдæн. Министрады разамонæг АЙДАРТЫ Алинæйы ныхæс-тæм гæсгæ, 2018 азæй абонмæ ног бинонтæ сæхицæн ссардтой сидзæр сывæллæттæн сæ 88 проценты.
— Æнæ ныййарджыты ‘вджид чи баззад, уыцы сидзæр сывæллæтты нымæц нæ республикæйы 2024 азы фыццæгæм июлмæ у 838. Æрмæст ацы аз хъомыл кæнынмæ райстой 743 сидзæр сывæллоны – æппæт сидзæрты нымæцæн уый у йæ 88,6 проценты, – загъта министр.
Сидзæр сывæллон чи райсы, ахæм бинонтæн æххуысы тыххæй кусы Сæрмагонд совет, арæзт цæуынц алыхуызон ахуыргæнæн форумтæ. Уымæй уæлдай, бинонтæн социалон-психологон æххуыс лæвæрд цæуы Социалон сидзæрдзинады профилактикæйы республикон центр «Моя семья»-йы.
Сидзæрдзинад профилактикæйы нысанæн центр «Саби»-йы та байгом уыдзысты, сывæллæттæ боныгон кæнæ та къуырийы дæргъы фондз боны кæм уыдзысты, ахæм хайæдтæ. Алы сывæллонæн дæр йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ, стæй, бинонты ‘хсæн цавæр ахастдзинæдтæ ис, уымæ гæсгæ сæрмагондæй сараз-дзысты æххуысы мадзæлтты пълан.
Нæ уацхæссæг