Беслæнæн – Нобелы сабырдзинады преми

0
23

Беслæны горæт-æфсымæр Градар (Итали), Турк æмæ Сан-Маринойы минæвæрттæ хъавынц Нобелы сабырдзинады премимæ Беслæны горæт бадæттынмæ терроры ныхмæ  иумæйаг деклараци бафыссыны фæстæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Рахизфарсы администрацийы пресс-службæ.

«Деклараци бафыссыны фæлгæты Филиппо
Гаспери
(Градары мэр) йæ хъуыды раргом кодта Беслæны горæт Нобелы сабырдзинады премимæ бадæттыны тыххæй. Италийæгты хъæппæрисы фарс рахæцыдысты Турчы цæрæг ирæтты æхсæнады сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин, стæй Сан-Маринойы парти «Либеро»-йы минæвæрттæ», – хъусын кæны пресс-службæ.

Цы бадзырд бафыстой, уым загъд ис,  кæй араз-дзысты экстремизм, терроризм æмæ дины бындурыл æнæуынондзинады ныхмæ иумæйаг мадзæлттæ.

Бадзырды архайджытæ ма фæдзырдтой дунейы æппæт сахартæм, цæмæй уыдон дæр баиу уой декларациимæ.

БУТАТЫ Азæмæт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here