Уæллагкомы Къæмынты хъæуы кæд уыйас бынæттон цæрæг нал ис – æдæппæтæй 50 адæймаджы, уæддæр дзы сæрды базмæлы бирæ адæм – ардыгæй хуыздæр цардагур чи алыгъд, уыдонæй чидæртæ фæстæмæ сæ цæрæнуæттæ барæвдз кодтой æмæ сæ улæфты рæстæг сæ фыдæлты уæзæгмæ æрцæуынц. Ныртæккæ та туристтæ дæр тынг арæх сты, чи – йæхæдæг æрбацæуы, кæй та æрбаласынц экскурси аразджытæ. Уæллагком дзæнæтон бæстæ у, лæг дзы цы фена, ахæм цымыдисаг бынæттæ – бирæ.
Хæхбæсты дæр царды уавæртæ хуыздæр кæныныл архайы республикæйы разамынд. Зæгъæм, Къæмынты цæрджытæ æмæ ардæм æрбацæуджытæ зындзинад æвзæрстой, доны хæтæлтæ арæх кæй скъуыдысты æмæ царды хос кæй нæ фаг кодта, уымæй. Цы донуадзæн хыз дзы ис, уый рагæй дæр абоны домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта, уыимæ ма йæ проект дæр бирæ рæдыдтытимæ конд æмæ ист æрцыдис йæ рæстæджы. Уый аххосæй-иу Къæмынтæ арæх æнæ донæй аззад.
Ныр уавæр фендæрхуызон уыдзæн – ацы аз райдайдзысты ног донуадзæн хæтæлтæ æвæрын хъæу донæй бафсадыны охыл, куыстытæ фæуыдзысты иннæ азы кæронмæ. Æдæппæтæй сæвæрдзысты 3,6 километры хæтæлтæ, сæ фæтæн уыдзæн стырдæр – афтæ фехъусын кодтой Æрæфы районы администрацийы.
Къæмынты хъæуы хъуамæ саразой, туристтæ кæм цæрдзысты, ахæм фысым-
уæттæ. Фæзындзæн дзы фермерон хæдзарæдтæ – ам, Уæллагкомы сойджын сæрвæттæ æмæ хизæнуæтты, диссаджы хорз уавæртæ ис фос дарынæн, хъæууонхæдзарадон продукци уадзынæн. Советон дуджы дзы хæхбæсты дыууæ колхозы дардтой мингай лыстæг æмæ ставд фос, æхсыры æрдыгъд уыди сойджын, бынæттон цæрджытæ цы цыхт уæй кодтой, уымæн та уæлдай бæрзонддæр аргъ уыд йæ хæрзхъæд æмæ хæрзад адмæ гæсгæ.
Уыцы дугæн фæстæмæ раздахæн нал ис, фæлæ дзы фермерон хæдзарæдтæ куы фæзына, уæд та дзы цард кæд ног ирд ахорæнтæй разынид.
ГАПБАТЫ Алетæ