Ацы æрмæг-афæлгæст куы ныффыстон, уæдæй нырмæ рацыд 30 азæй фылдæр, систон æй мæ архивæй. Куыд сбæрæг кодтон, афтæмæй, кæд дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр, цы фарстатыл дзурынмæ хъавын, уыдоны æппындæр ницы ивддзинæдтæ æрцыд.
Афæлгæст мыхуыргонд æрцыд 1988 азы «Арæзтадон индустрийы хауæццæгтæй – материалон ресурстæй пайда кæныны фæсарæйнаг фæлтæрддзинад», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ Советон Цæдисы Паддзахадон комитеты материалон-техникон æфсисады Центрон наукон-иртасæн институты иртасæнты бындурыл. Йæ разныхасы загъд ис, наукон-техникон размæцыды нысан хъуамæ уа æрдзон æрмæджытæй, хомагæй, артаг æмæ энергетикæйæ æппæт къæпхæнты дæр – райдай æрмæг амал кæнынæй æмæ фæу цæттæ продукци рауадзынæй пайда кæнын адæмон хæдзарады. Æрдзон фæрæзтæ бахъахъхъæнын уыдзæн сæйрагдæр нысан адæмон хæдзары домæнтæ артаг, электрон тых æмæ хомагæй æфсадыны хъуыддаджы.
Коммунистон партийы дыууын æвдæм съезды æрмæджыты 1986-2000 азты экономикон æмæ социалон рæзты сæйраг здæхттæ уыдысты фылдæр пайда кæнын, «вторичное сырье», кæй хонынц, уымæй, шлак æмæ æндæр хауæццæгтæй, куыд арæзтадон æрмæгæй. Ахæм фæлтæрддзинад ис фæсарæнты, æмæ дзы мах дæр фылдæр пайда кæнын хъæуы арæзтадон къабазы.
Тынг бирæ хауæццаг ис æрзæткъахæн куыстуæтты, хъармдæттæг электрон тыхы, æвзалы къахæн, химион æмæ нефтехимион промышленносты. Æппæт уыцы промышленнон къабæзтæй æркæсдзыстæм, æрмæстдæр мах республикæйы чи ис, уыдонмæ.
Фыццаджыдæр, æрзæткъахæн. Ирыстоны ис зды æмæ цинчы комбинат. Ам цы куыстытæ цыд, уыдоны æппарæнтæм хауынц ахæм хуызтæ: габбро, диориттæ, гранит, порфириттæ, мармæр æмæ æндæртæ. Фæсарæнты дзы уæрæх пайда кæнынц, зæгъæм, фæндæгты арæзтады, кæнынц дзы змис, хуыр, цемент, чъыры ссад. Æппæт уыдæттæй спайда кæнын æмбæлы хъæууонхæдзарадон продукци уадзыны, зæгъæм, зокъотæ зайын кæныны хъуыддаджы – уыдон уарзынц хъарм æмæ уымæл уавæртæ.
Æмбæлы спайда кæнын Америчы Иугонд Штатты фæлтæрддзинадæй – уым хæххон къахинæгты хауæццæгтæ ныссæндынц, æмæ дзы рауайы змис, хуыр æмæ ма дзы ноджы сисынц сыгъзæрин. Германы та цинчы шлак æфтыдтой хомагыл, цæмæй дзы клинкер æмæ цемент рауайа, уый тыххæй.
Арæзтадон æрмæджыты промышленность. Фæсарæнты уыцы æппарæнтæй (цементы рыг, бетоны хауæццæгтæ, керамикон æмæ дурæй куысты сæстæгтæ) куыстуæтты пайда кæнынц фыццаг рады, уымæн æмæ сын нæ хъæуы транспортон хæрдзтæ. Хуыр ссæндгæйæ цы хауæццæгтæ баззайы, уыдон бафтауынц бетон, асфальтобетон, керамикæйы змæстытыл.
Цементы рыгæй пайда кæнын. АИШ-ы 100 милуан тоннæйæ фылдæр цементы рыгæй пайда кæнынц, фæндæгтæ цы бетонæй æмбæрзынц, уым. Мысыры цементы рыджы 30 процентæй аразынц тутт агуыридур. Болгарийы агуыридургæнæн заводты æрвылаз баззайы 50 мин кубометры агуыридуры сæстæгтæ, иу уый бæрц та – зæронд хæдзæртты агъуыстытæ халгæйæ, æмæ дзы аразынц бетон. Италийы дурсæттæн куыстады хауæццæгтæй кæнынц мозаикон дур, австрийаг фирмæ та декоративон дур аразы мармæры хауæццæгтæй.
Хъæдгуыстгæнынады промышленность. Хъæдæй цы æппарæнтæ рахауы (къалиутæ, бæласы сæртæ, бындзæфхæдтæ, уидæгтæ, цъар, лыггæгтæ, хафæнтæ), уыдон фæсарæнты æфтауынц алыхуызон арæзтадон æрмæджытыл, арæхдæр дзы рауайы верцалит. Фондз миллиметрæй 60 миллиметры онг верцалитæй арæзт дурæй кæнынц панелтæ, опалубкæйы формæтæ, фæрссагтæрхæджытæ, цар æмбæрзæн плитатæ, уымæн æмæ хъармдзинад хъахъхъæнынц. Бирæ дæнцæгтæ æрхæссын æмбæлы, Герман, Польшæ, Швейцари æмæ Данийы куыд пайда кæнынц, хъæдгуыс-
тæй цы æппарæнтæ рахауы, уыдонæй хæдзардзинæй куыд пайда кæнынц, уый тыххæй.
Цардыуаджы æппарæнтæй пайда кæнын. Уыдонмæ хауынц зæронд агъуыстыты, амаддзæгтæ æмæ фæндæгты хæлддзæгтæ, арæзтадон бырон, зæронд цæлхыты резинæ, зæронд гæххæтт, саст æвджытæ… Æрвылаз цардыуаджы æппарæнты гуырахст алы бæстæты рæзы æртæ процентæй дæс проценты онг, сæ цæрæг адæмыл сæ куы байуарæм, уæд та дзы алы адæймагмæ дæр афæдзмæ хауы 150-600 килограммы. Æстайæм азты промышленнон æгъдауæй раззагдæр бæстæты рæзыд, уыцы æппарæнтæй пайдайаг компоненттæ цы ифтонггæрзты фæрцы истой, уыдон. Зæгъæм, АИШ-ы ис заводтæ, цардыуаджы æппарæнтæ кæм судзынц æмæ дзы уый фæстиуæгæн цы электрон тых равзæры, уый, стæй æфсæйнаг, авг (аразынц дзы хæдзæрттæ æхгæнæн дур), фæнык уæй кæнынц. Герман дæр дзы пайда кæнынц куыд хъармгæнæн артагæй,ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй æрдзыл æвзæрырдæм нæ зыны. Ис æвæрццæг фæлтæрддзинад биогазæй цемент, керамикон æмæ силикатон агуыридур, керамзит, чъыр, гипс, асфальтобетон аразыны æмæ змис хус кæныны хъуыддаджы. Австри, Великобритани, Герман æмæ Европæйы иннæ ныгуылæн бæстæты рагæй дæр паддзахадмæ фæстæмæ дæттынц макулатурæ, саст авг, æфсæйнаг, алыхуызон згъæртæ, æмæ дзы, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй ногæй кæнынц алыхуызон пайдайаг арæзтадон æрмæджытæ.
Зæгъæм, зæронд цæлхытæй фæсарæнты исынц артаджы зетитæ, сæг, резинæйæ конд хъæугæ дзауматæ, кæнынц дзы битум, мастикæ, цемент уадзæн куыстуæтты артаг. Бетоны сæстæгтæ Японы æрыссæндынц, рауайы дзы фæндæгтæ аразæн хуыр. Уæдæ пайдагонд гæххæттæн дæр ног цард раттынц, зæгъæм, Финляндийы дзы рауайы «экобæмбæг», хæдзæрттæ аразгæйæ, тынг хорз йæхи равдыста куыд хъармуромæг.
Хъæууон хæдзарады куыстыты фæстæ баззайы бирæ алыхуызон культурты хъæмп, пырындзы æхсæдæнтæ æмæ афтæ дарддæр. Махмæ, Ирыстоны, вæййы хъæмп, аразын дзы æмбæлы картон – хъæбæр гæххæтт, хæдзары агъуыс-
тытæ мидæгæй сфæлындын кæмæй æмбæлы, ахæм плиткæ æмæ ма бирæ алыхуызон æрмæг.
Уæлдæр кæй загътон, уымæй скæнын æмбæлы, нæ республикæйы рæзтæн пайда чи фæуыдзæн, ахæм хатдзæгтæ. Алагиры трассæйыл цæугæйæ, фæндаджы былтыл фенæн ис калд бæлæстæ, бæлæсты къалиутæ, ранæй-рæтты дзы æнæхъæн хæхтæ рауади. Уыдон сты дæсгай, сæдæгай тоннæтæ, агуæтты газмæ бафтауын кæй æмбæлы, саразæн дзы ис рогбетонон дурмæ æфтауæн, ДВП, ДСП, картоны сæдæгай квадратон метртæ. Амбрози – зианхæссæг зайæгой адæмы хъизæмарæй мары, кæнæ хъæмп – саразын дзы æмбæлы адæмæн пайдайаг хъæбæр гæххæтт æмæ агъуыстытæ фæлындынæн плиткæ. Райсæм ма нæ горæты бырондон. Йæ рæзты цæугæйæ, бæлццæттæ æмбарынц йе смаг. Афтæмæй та уыцы бырондоны мидæг ис сæдæгай кубометртæ газ, агуæттæн артаг.
Ацы уацхъуыды æрхастон фæсарæйнаг фæлтæрддзинады хуызтæ 30 азы размæ æмæ Коммунистон партийы дыууын æвдæм съезды экономикон æмæ социалон арæзты сæйрагдæр здæхттæ 1986-2000 азтæм. Хъыгагæн, рæстæджы уыцы уадздзаджы фехæлд Советон Цæдис, æмæ размæцыд социализмæй нæ бæстæ æрхауд «æмбигæ» капитализммæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, съезды уынаффæтæ баззадысты гæххæттыл.
Уацхъуыд фыст æрцыд 30 азы размæ, æнæнхъæлæджы йæ ссардтон мæ зæронд гæххæттытимæ. Фæлæ нæ аивта, фæндаджы былтыл бæлццæттæ кæй уыдтой, уыцы ныв – бирæ калд бæлæстæ, къалиутæ, Дзæуджыхъæуы бырондон дæр йæ бынаты ис. Бирæ зæронд фондзуæладзыгон хæдзæрттæ – «хрущевкæтæ» фехæлдтой. Бæрæг нæу, цы фæвæййы, цы мæр æркъахынц, уый. Хæдзæртты хæлддзæгтæй спайда кæнын æмбæлы, гыццылуæладзыгон хæдзæрттæ аразгæйæ, зæгъæм, дыргъдæтты æмбалæдтæ кæй хонынц, уым.
ФАРДЗИНТЫ Григори, Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстоны
сгуыхт аразæг














