Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ нæ республикæйы дæр 7 æмæ 8 сентябры ацыдысты æвзæрстытæ. Хъæлæс кæныны иумæйаг бон равзæрстой æстæм æрсидты Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутатты.
Æхсæз партийы 206 минæварæй æрмæст 32 райстой депутатты мандаттæ. Æвзарæн къамисы хъусынгæнинагмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы куыстой 105 иудадзыгон æмæ, рæстæгмæ чи куыста, 14 ахæм æвзарæн хайы. Хъæлæс кодтой дыууæ боны дæргъы райсомы 8 сахатæй изæры 20 сахатмæ. Хъæлæс кæнынмæ цы граждæнтæ цыдысты, уыдонмæ хъуамæ æнæмæнг семæ уыдаиккой Уæрæсейы гражданины паспорттæ.
Æвзæрстытæ ацыдысты нæ республикæйы цыппар районы – Рахизфарсы, Æрæфы, Мæздæджы æмæ Дзæуджыхъæуы. Равзæрстой 58 депутаты, цыппар хъæуы цæрджытæ та равзæрстой хъæуы сæргълæуджыты.
Мах бабæрæг кодтам Дзæуджыхъæуы Национ наукон библиотекæ. Уым æрбынат кодта 254-æм æвзарæн хай. Ацы æвзарæн хаймæ хауынц 3 мин адæймагæй фылдæр. Се ’хсæн ис, йе ’нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæмтæ дæр. Уыдоны удæнцо-
йæн мидæмæ æрбахизæны ис пандустæ. Хъæлæскæнынад куыд цæуы, уыцы хъуыддагмæ сæ цæст дардтой, æвзæрстыты чи архайы, уыцы политикон партиты регионалон хайæдты минæвæрттæ.
Æппæт республикæйы цы æвзæрстытæ ацыдысты, уым æдæппæтæй архайдтой 700 цæстдарæджы.
РЦИ-Аланийы Æвзарæн къамсы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд загъта, уымæ гæсгæ ацы мадзалмæ адæм сæхи зæрдиагæй цæттæ кодтой.
– Абон нæ республикæ фыццаг бон хъæлæс кæны. Æвзарæм æстæм æрсидты Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды æмæ Беслæны горæты советы депутатты. Уымæй уæлдай, равзардзыстæм цыппар хъæуы разамонæджы Ногиры æмæ Сечеры æмæ Мæздæджы районы Калининская æмæ Кировскаяйы хъæуты. Стыр æргом аздæхтам терроризмы фæзынды æмæ зынгсирвæзты ныхмæ мадзæлттæм. Æвзарæн хæйттæ иууылдæр ифтонг сты æнæмæнгхъæугæ ифтонггæрзтæй, рæмудзæн æрмæджытæ агурæн детектортæй. Ныртæккæ нæ бæстæйы цы уавæр сæвзæрд, уымæ гæсгæ, уый ахсджиаг хъуыддаг у, – загъта Моргуаты Жаннæ.
Бабæрæг ма кодтам Дзæуджыхъæуы 46-æм астæуккаг скъола дæр. Уым æрбынат кодта 305-æм æвзарæн хай. Йæ разамонæг, 46-æм скъолайы директор Гæззаты Валентинæ нын куыд радзырдта, афтæмæй æвзæрстытæ цæуынц æнæ къуылымпытæй æмæ æнæ быцæутæй.
– Адæм, æнхъæл куыд нæ уыдтæн, афтæ зæрдиагæй цæуынц хъæлæс кæнынмæ. Уæлдай æхсызгондæр та уый у, æмæ кæд ивгъуыд азты карджын адæм сæрæндæрæй архайдтой, уæд ныр та фылдæр цæуынц æрыгон фæсивæд. Уыдонимæ, Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийæ чи æрыздæхт, уыдон дæр, –фæбæрæг кодта Гæззаты Валентинæ.
Республикæйы æвзарæн къамис куыд фехъусын кодта, афтæмæй æппæты фылдæр хъæлæстæ – 81031 (63,30%) райста парти «Иугонд Уæрæсе». Дыккаг бынаты ис парти «Рæстаг Уæрæсе – рæстдзинады фарс». Сæ хъæлæстæ сын радтой 21490 (16,79%) адæймаджы. Æртыккаг бынаты ис Коммунистон парти – 10366 хъæлæсы (8,10%). ЛДПР – 6809 хъæлæсы (5,32%). Парти «Родина» – 3731 хъæлæсы (2,91%). Æмæ «Новые люди» – 1694 хъæлæсы (1,32%).
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ,
къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА














