Сылгоймаджы зæрдæйы рыст – æппæт адæмы рыст

0
228

Фæстаг рæстæг Интернеты æнæкæрон тыгъдады фенæн ис бирæ хъусынгæнинæгтæ, алы социалон хызты сылгоймæгтæ фыссынц, мой кæй скæндзысты пысылмон дингæнæг нæлгоймагмæ, кæнæ та разы сты йемæ рæстæг арвитыныл. Ноджы ма иуæй-иу сылгоймæгтæ зæгъынц, кæй райсдзысты пысылмон дин, æмæ сæ суанг дыккаг усæн ацæуын дæр кæй фæнды. Æппæт уыцы хъусынгæнинæгтæ дзурынц, абон Уæрæсейы бинонты психоэмоционалон æнæниздзинад æмбæлгæ æмвæзадыл кæй нæй. Цæгат Ирыстоны дæр уыцы темæ ахсджиаг у. Æргом зæгъын хъæуы, нæ республикæйы 2011 азæй 2022 азмæ бинонтæ чи сарæзта, уыдоны нымæц фондз минæй дыууæ мины æмæ æрдæгмæ кæй æрхаудта, чи рахицæн, уыдоны нымæц та дыууæ минæй цыппар мины æмæ æрдæгмæ схызти. Фæстаг дæс азы нæ республикæйы цæрджыты нымæц фæкъаддæр фондз проценты. Лæппутæ æмæ чызджытæ нæ тагъд кæнынц сæ амонд ссарынмæ

2024 аз Уæрæсейы Президент рахуыдта Бинонты аз, йæ кæронмæ фæцæуы сабыргай. Цæгат Ирыстоны демографион уавæр сагъæссаг у, æмæ уыцы сагъæсты аххосæгтыл æрдзырдтам ХÆТÆГТЫ Барисы фырт Владимиримæ –дохтыр, журналист, «Алайнаг этикæйы кодекс»-ы автор, Культурон-рухстауæг æхсæнадон организаци «Иугонд Алани»-йы разамонджытæй иуимæ.

– Валодя, уæлдæр цы хъусынгæнинæгтæ æрхастон Интернеты социалон хызæй, уыдон цæуыл дзурæг сты, дæумæ гæсгæ? Цы ‘рцыди не ‘хсæнадыл, ахæм уавæрмæ цæмæ ‘рцыдыстæм?

– Фыццадждæр, арфæ кæнын «Рæстдзинад»-ы редакцийæн, ныхасы бар мын кæй дæттут, уый тыххæй. Нæ республикæйы демографион уавæры тыххæй рæстæгæй-рæстæгмæ фæзынынц ахуыргæндты хатдзæгтæ, фæлæ ницы пайда сты, медицинæйы бындурыл сæ куы нæ бамбарын кæнæм, уæд. Æртын азæй фылдæр ацы темæмæ бындуронæй кæсын, аразын психофизиологи æмæ соматикон патологийы анализ æмæ, фыццаджыдæр, цы раиртæстон? Махæн бамбарын афон у, алы адæймагæн дæр йæ бинонтæ йæ тыхы бынат кæй сты, нæ этносы бындур. Уыимæ, хъыгагæн, иу адæймаджы дæр æмæ æнæхъæн адæмыхатты сæфт дæр бинонтæй кæй цæуы. Уыдон уæззау ныхæстæ сты, фæлæ нæ сæ рæстдзинад базоныны охыл æркæсын хъæуы нæ этнокультурæмæ.

Æртын азы размæ дзыллон информацион фæрæзтæ арæх фыстой «Нæлгоймæгты хъахъхъæнут!», зæгъгæ, ахæм сæргæндтимæ уацтæ. Уæд нæм уыдон худæгау кастысты. Фæлæ Паддзахадон Думæйы 2021 азы 19 апрелы Хъазаны горæтæй профессор Гюзель Улумбекова цы доклад скодта, уымæ байхъусгæйæ, лæгмæ худын нæ, фæлæ кæуын æрцыди, æмæ бамбæрстам, хъæуккаг чызджытæ социалон хызты æмкъайæгтæ цæмæн агурынц, уый.

Профессор куыд зæгъы, афтæмæй, фæстаг дæс азы медицинон æххуысмæ дохтыртæм цы 45-аздзыд нæлгоймæгтæ æрбацæуы, уыдоны нымæц сырæзыд 57 проценты. Сæ низыхатмæ гæсгæ сылгоймаг æрхонын сæ бон нæу. Ацы бæллæхæй нæ фæивгъуыдтой Ирыстоны нæлгоймæгтæ дæр. Басæттæм ыл, уыимæ баст у, нæ лæппутæ бинонтæ кæнынмæ сæ ныфс кæй нæ хæссынц, стæй, бинонтæ кæй рахицæн вæййынц, уый дæр. Уый фæстиуæгæн нæм цы сывæллæттæ гуыры, уыдоны нымæц азæй-азмæ гыццылдæр кæны, кæд паддзахад архайы социалон æххуысады руаджы демографион уавæр фæхуыздæр кæныныл, уæддæр. Ам дæ фарстæн йæ дзуаппы æмбис ахæм у. Уæрæсейы сылгоймæгтæ, амонд агургæйæ, пысылмон диныл хæст нæлгоймæгтæм се ‘ргом аздæхтой, уымæн æмæ сæм афтæ кæсы, цыма пысылмон дингæнæг нæлгоймæгтæ тынгдæр тырнынц бинонтæ скæнынмæ, сывæллæттæн дунейы рухс фенын кæнын æмæ сæ схъомыл кæнынмæ. Сылгоймагæн та уый йæ фыццаг æрдзон хæс у.

Сæдæ азы размæ Ирыстоны сылгоймаг зондджын æмæ рæсугъд уыдис, куыд йæ дарæсы, афтæ, йæхи куыд дардта, уым дæр.

– Уæддæр, мæнмæ гæсгæ, сылгоймаг хъуамæ афтæ æргом ма фысса йæ монцтæ æмæ фæндæттæ. Дæумæ гæсгæ, афтæ уæндон цæмæ сты абон чызджытæ?

– Уæлдæр кæй загътон, уымæ ма мæ бон бафтауын у, алы адæмыхатты тых дæр сылгоймаджы бонзонгæ æмæ сыгъдæгдзинады кæй ис. Уыимæ раст сты Жириновскийы ныхæстæ дæр: «Алы сылгоймаджы дæр хъæуы нæлгоймаг». Генетикон закъон амоны, сылгоймаг фидæны фæлтæр хъуамæ ратта, зæгъгæ. Æмæ уыцы хъуыдда-
джы хъуамæ, æнæмæнг, нæлгоймаг архайа, куыд сабийы райгуырды, афтæ йæ хъомыл кæныны дæр – æрмæстдæр æххæст бинонтæ ратдзысты цардхъом фæлтæр.

Æнæзæгъгæ нæй, абон Интернет йедзаг кæй у алыхуызон «рухстауæг» сексологон программæтæй. Уыдон стыр зианы хос сты рæзгæ фæлтæрæн. Чидæр раст бафиппайдта: «Культурæ æмæ æнæуагдзинад, хæлддзинады ‘хсæн Интернеты чысыл кулдуар дæр нæй, нæ сывæллæтты нын уыцы æгъдаухæлдтытæй чи бахъахъхъæна». «Рухстауджытæ» сæ маргæйдзаг æвзæгтæ райхалынц,
ахуыр кæнынц фæсивæды алы æнæуагдзинæдтыл, чызджытæ къæйных кæнынц, æфсарм сæфы, бинонты цардæн нал фæбæззынц. Нæлгоймæгтæн та се стырдæр аххосæгтæ сты тамако, карз нозт, иу ран бадын, цы хæрынц, уыцы хæлцы продуктты ныллæг хæрзхъæддзинад. Уыдæттæ дзы рауайын кæнынц æдых, фæндхъуаг фæлдисонд.

– Валодя, цы уавæр сæвзæрд, уымæй ма нæ къухы рацæуын бафтдзæн? Цавæр мадзæлттæ нæ фервæзын кæндзысты, цы сæрсæфæны былмæ бацыдыстæм, уырдыгæй?

– Уавæр, æцæгæйдæр, тæссаг у, кæд æй нæ алы боны бирæ тыхстдзинæдты аууонæй нæ уынæм, уæддæр. Хъуамæ иумæ бацархайæм йæ сраст кæныныл – куыд хицауады оргæнтæ, афтæ æхсæнадон организацитæ дæр, хъæуы дохтыртæ, психологтæ, социалон кусджыты рухстауæг куыст. Хуымæтæг, гуырымыхъ æмвæзадыл та хъуамæ æхсæнады уа ахæм æмбарынад: сылгоймаджы хъæуы тыхджын нæлгоймаджы уæхск, сылгоймаг-мады та – чи йæ хъахъхъæна, ахæм амалхъом адæймаг, йæ бинонты сæрбос. Куыд рабæрæг, афтæмæй бирæ нæлгоймæгтæ ныртæккæ сылгоймаджы уыцы домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Ацы дзырдтæ хауынц æппæт уæрæсейæгтæм дæр, уыдонимæ, махмæ – скифтæ, сæрмæттæ æмæ аланты байзæддæгтæм дæр. Æркæсæм ма не ‘гъдæуттæм, куыд сæ æххæст кæнæм, уымæ. Иу хъуыддаг дæр – цины уа, йе – зианы – æнæ даргъ бадтæй нæ цæуы. Ничи йæ зоны, фынгыл цы нæ нозт æрæвæрынц, цæмæй æмæ кæй конд у, рæсугъд гæххæтт ыл ныхæст вæййы, фæлæ йын йæ фыстытыл хæйрæг баууæндæд. Дызæрдыггаг нæу, мах нæ сыхаг республикæтæй дзæвгар фылдæр кæй нуазæм. Уырдыгæй та рацæуынц – цирроз, панкреатит, инсульт, инфаркт… нæ нæлгоймæгты цард 10-15 азы цыбырдæр кæнынц. Иннæ ахæм бæллæх – бæгæны. Уый та нæм – Терчы донæй фылдæр, афтæмæй та нæлгоймæгты сæйраг гормон – тестостерон бынтон ныллæгмæ æрæппары, уый хыгъд æм фæзыны сылгоймаджы гормонтæ, æмæ алырдыгæй батымбылтæ вæййы, сылгоймаджы хуыз райсы. Царды хос нæу нæлгоймагæн тамако дæр.

– Хицауад æмæ æхсæнадон организацитæ, дохтыртæ, психологтæ, дæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ æмзондæй бацархайой, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, фыццаг рахæцæн бинонтæ сты…

– Æнæмæнг, афтæ у. Мах адæмæй ахуыргонддæр бирæ нæй нæ алыварс, фæлæ уыцы ахуыргонддзинадæй пайда кæнын хъæуы демографион уавæр фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы дæр. Фæрсæй хъуамæ мачи кæса ацы ахсджиаг хъуыддагмæ, тох нæ кæнын хъæуы иумæйагæй æвæрццæг фæзындтыты ныхмæ. Адæймаг, бинонтæ, наци сæ царды энерги куы фесафынц, уæд фехæлынц, фесæфынц. Цæмæй ма фесæфæм, куыд адæмыхатт, наци, уый тыххæй та, фыццаджыдæр, нæ бæрæгбæттæ аразæм æнæ карз нозтæй кæнæ та – бæрцæй. Нæ фынгтыл цы хæлцы продукттæ æрæвæрæм, уыдоны хæрзхъæддзинадмæ лæмбынæг кæсæм – дохтыртæ, диетологты æххуысæй.

Фылдæр æргом здахын хъæуы æрыгон фæлтæры хъомыладмæ – Интернеты æппæрццæг тæвагæй сæ рахицæн кæныны тыххæй сын аразын национ бæрæгбæттæ, ирон æхсæнады сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы хи дарыны æгъдæуттæ, мадæлон æвзаг, культурæ, традицитæ сын амонын, театртæ æмæ сæ музейтæм цæуынмæ разæнгард кæнын.

– Валодя, Культурон-рухстауæг æхсæнадон организаци «Иугонд Алани»-мæ ис арфхъуыдыджын программæ демогрфион кризисæй рахизынæн. Газеткæсджыты размæ йæ куы рахæссиккам цыбырæй.

– Табуафси. Нæ хъæутæ цæмæй ма фесæфой, уый тыххæй нæ сабитæн ба-
уарзын кæнæм нæ райгуырæн зæхх, уый тыххæй та сæ сабидугæй фæстæмæ цалх кæнын хъæуы цæхæрадоны, дыргъдоны кусыныл. Сывæллæттæ хъуамæ зоной, халсартæ æмæ дыргътæ куыд æрзайын кæнын хъæуы. Куыд зилын хъæуы мæргътæ æмæ хъомтæм. Уыцы патриотизмы уроктæ лозунгтæ æмæ кинонывтæй бирæ ахадгæдæр сты .

Ирон æвзаджы конкурстæ аразын рæвдауæндæтты, скъолаты, хъæуты, райцентрты, горæтты.

Чызг æмæ лæппу сæ цард баиу кæнынвæнд куы скæной, уæд, бафидауыны фæстæ, æрыгон бинонты цардмæ сæ цæст хъуамæ дарой цытджын хистæртæ – куыд лæппуйы, афтæ чызджы ‘рдыгæй дæр.

Рæвдауæндæтты психологтæ хъуамæ архайой сывæллæтты ныййарджытимæ æмæ афæдз дыууæ хаттæй гыццылдæр ма кæной хатдзæгтæ бинонты ахастдзинæдты тыххæй саби æмæ йæ бинонтимæ дарддæры æнтыстджын
куысты.

5-9, стæй 10-11 кълæсты сывæллæттæн хъæуы аразын æрфарстытæ, цы интерестæ сæм ис, сæ зæрдæ цæмæ ‘хсайы. Профориентацийы æххуысæй сбæрæг кæнын, фидæны цы дæсныйад равзардзысты. Бынтон ахсджиаг у уыцы хъуыд-
даг лæппутæн, уымæн æмæ хъуамæ цæттæ уой бинонтæ саразынмæ æмæ сабитæ хъомыл кæнынмæ.

Куыд бирæ скандинаваг бæстæты, афтæ не скъоладзаутæ дæр хъуамæ ахуыр кæной нæ адæмы истори æмæ культурæ музейтæ æмæ Туаты Теминæйы æвæджиау куыстытæм гæсгæ, равдыстытæ æмæ театрты спектакльты уæвгæйæ.

Æнæмæнг, саразын хъæуы Ас-алайнаг адæмы демографион рæзты фонд (Æрыгон бинонтæн æххуысы фонд). Социологон æрфарстытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фылдæр хатт Ирыстоны нæлгоймæгтæ бинонты хъуыддаг нæ кæнынц сæ ныллæг экономикон уавæры аххосæй.

Æхсæнады хъуамæ ныффидар уа æмбарынад: æцæг патриот хъуамæ уа хъуыддаджы адæймаг, йæ дзырдæн лæг, дзуапджын, куыд бинонты ‘хсæн, афтæ адæмы ‘хсæн дæр. Хъæуы цæрæг адæймаджы патриотизм æвдисæг у йæ цæхæрадоны, дыргъдоны, хæдзарон мæргътæ æмæ хъомты уавæр.

Ирыстоны патриот-нæлгоймагæн хъуамæ æртæ сывæллонæй къаддæр ма уа, хъомыл та сæ хъуамæ кæна нæ намысджын фыдæлты æгъдæуттæм гæсгæ.

– Бузныг, Валодя, дæ мидисджын ныхасæй.

 

Ныхас кодта
ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here