Нæ ивгъуыдæй – сæрыстыр

0
326

Цæмæй райдайы Райгуырæн бæстæ? Фыццаджыдæр, цы зæххыл райгуырдтæ æмæ цæрыс, уымæ уарзондзинадæй. Иннæмæй та, хорз хъуамæ зонай, дæ райгуырæн хъæу, район, республикæ кæмæй æмæ цæмæй хъуыстгонд сты, уыдон: адæмон истори æмæ культурæ, фæдзæхст бынæттæ, зындгонд æмзæххонтæ — иу ныхасæй, кадджын цæмæй у нæ Ирыстон, æнусты æрфытæй цы ‘взаг æмæ æгъдæуттæ рахастой нæ адæм, йæ сæр бæрзæндты кæмæй хæссы, уыцы кадджын фыдæлтæ.

Ныртæккæ дæр ууыл у йæ æрвылбоны архайд Кировы районы хæстон намысы залæн. Йæ сæргълæууæг Милдзыхты Аннæ æрæмбырд кодта хъæздыг æрмæг нæ хъæуты ив-
гъуыд цардæй. Фæлæ дзы фылдæр æвдыст цæуынц Фыдыбæстæйы Стыр хæс-
ты цаутæ. Фæрсæй-фæрстæм æвæрд сты зындгонд хæстон разамонджытæ Иосиф Сталины, Георгий Жуковы, Плиты Иссæйы, Хетæгкаты Георгийы, Мамсыраты Хадзы-Умары къамтæ. Сæ фарсмæ, сæ мыггæгтæн, хъæубæстæн, Ирыстонæн æмæ, æгас Советон Цæдисæн кад чи скодта, уыцы хъæбатыртæ Карсанты Хъазыбег, Мил-
дзыхты Хадзымырзæ, Александр Бондарь, Моргуаты Бег.

«Хъуамæ нæ зæрдыл дарæм нæ адæмы ивгъуыд царды цаутæ, цæрæм абоны æцæгдзинады, хъуыды кæнæм нæ фидæныл», — зæгъы Милдзыхты Аннæ.

«Мæн фидарæй уырны, абон рæзгæ фæлтæры патриотон хъомылады сæйрагдæр бынат хъуамæ ахса Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты лæгдзинад æмæ Райгуырæн бæстæйыл иузæрдиондзинад. Рохуаты хъуамæ ма баззайой, уый фæстæ паддзахады кад чысыл хæстыты чи хъахъхъæдта, уыдон дæр. Хицæн ныхасы аккаг сты, абон Украинæйы сæрмагонд хæстон операцийы чи архайы, уыцы хъайтартæ», – загъта хæстон намысы залы разамонæг.

Хъыгагæн, Кировы районы абон нал ис иунæг хæсты ветеран дæр. Хæсты фыдбæллæхтæ бавзарæг сылгоймæгтæ дæр ма сты æрмæст цалдæр. Уыдонæн сæ бынатмæ æрбацæуы, азтæ сæ уæз кæуыл æруагътой, хæлд адæмон хæдзарад йæ къæхтыл чи слæууын кодта, нæ Фыдыбæстæ тыхджын æмæ дунейы кадджын кæй фæрцы ссис, уыцы кады аккаг фæлтæр. Мах цалынмæ хъуыды кæнæм æмæ кады бынаты æвæрæм нæ хъæбатыр хæстонты нæмттæ æнусæй-æнусмæ, уæдмæ уыдон цæрдзысты фидæны фæлтæрты зæрдæты.

Рохуаты не сты, нæ райгуырæн бæстæйы сабырдзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд йæ цард нывондæн чи ‘рхаста, фæсчъылдымы йæ хидвæллойæ Уæлахиз хæстæгдæр чи кодта, уыдон дæр.

Кировы районы цæрджытæ сæ сæртæ бæрзонд хæссынц Фæллойы хъæбатыртæ Лазарты Аслæнбег, Нæкуысаты Дæгко, Дзгойты Еруслан, йæ хъазуатон куыстæй йæхицæн, йæ мыггагæн, йæ хъæубæстæн, Ирыстонæн кад чи скодта, уыцы хистæртæй: Хæбæлаты Андрей, Кочынаты Мария, Брциаты Ладемыр, Лианты Батрадз, Слонаты Хъазыбег, Алиаты Юри, Дзгойты Бег, Батиаты Барис, Хъæцмæзты Баграт æмæ Ильяйæ, Ходы Руслан, Къусраты Ладемыр, Гокъоты Мухарбег, Николай Бондарь, Чехойты Георги, Тамарæ Тимошенко, Реуазты Агуыбе, Æлбегаты Аслæнбег, Къубалты Агуыбе, Пагæты Гуыба, Бæдтиаты Маханджери, Мæргъиты Давид, Гайты Уардеж, Дзуццаты Дзамболат, Битарты Алыксандр, Гагосты Барис, Дзиуаты Хадзыбечыр, Битарты Замирæтæй…

 

Бирæ зындгонд адæм рацыд районы хъæутæй: академиктæ – Адырхаты Агуыбечыр, Сæлбиты Хъазыбег, Кодзырты Къоста, профессортæ Агънаты Æхсар, Гусалты Витали, Созанаты Валери, Моргуаты Барис, Хоситы Барис, Хабæты Мулдар, Фæрниаты Алыксандр, Æлбегаты Раман, Мырыкаты Зарæ, Дзараты Тамарæ, Мерденты Сарæ. Сæ аивадæй дзыллæты зæрдæтæ чи рухс кодта, уыцы зындгонд фæндырдзæгъдджытæ: Мерденты Хъайсын, Милдзыхты Верæ, Точъиты Барис æмæ Эльбрус, Мамиаты Замирæт, адæмон артисттæ Таутиаты Солæман, Сæлбиты Батырбег, Хуырымты Уырызмæг, Есенаты Земфирæ, Мыкагъаты Петр, Дзгойты Аллæ, Хъабанты Тамарæ. Хорзæй мысынц кировæгтæ сæ разамонæг кусджытæ æмæ æхсæнадон архай-
джыты: Джыбылаты Никъала, Дзуццаты Бечырби, Саулаты Додти æмæ Ни-
къалайы, Хъыбызты Къола, Василий Синяк, Гокъоты Алыксандр, Дзиуаты Бола, Елойты Владимир, Сæлбиты Иналдыхъо, Точъиты Лизæ, Хосонты Къоста, Сæлбиты Джамбот, Хъуысаты Никъала, Батиаты Изæтбег, Карсанты Ахболат, Андиаты Батрадз, Хетъеты Петр, Зассеты Соня, Моргуаты Инус, Дзгойты Агуыбе, Æлдаттаты Савели, Дыгуры Æхсар, Мыкагъаты Смел, Брциаты Георги æмæ ма бирæты.

Рох не сты, ирон аивад литературæйы уæндон æмæ арфæйаг къахдзæфтæ чи акодта, уыцы фысджытæ дæр. Сæ сæрæвæрæн — фæсивæды рухс цардмæ хонæг Хъамбердиаты Мысост. Иннæ ахæм фыццаг ирон роман ныффыссæг – Фæрниаты Къоста. Ирон аив дзырдæн уæхскуæзæй чи фæлæггад кодта, уыдонæй иу у Би-
цъоты Грис.

…Хæстон намысы зал нæ районы царды ахсы зынгæ бынат. Уый рæзгæ фæлтæрæн фадат дæтты фенын ивгъуыд царды æвдисæн æрмæджытæ. Ныртæккæйы змæст рæс-
тæг уый у ахсджиаг фæрæз патриотон хъомылады куысты, уымæн æмæ у æвдисæн, нæ хъæуты цæрджытæ цы гуыргъахъхъ, фæлæ арфæйаг фæндæгтыл фæцыдысты, уымæн.

 

КЪУБАЛТЫ Солтан,

ССР Цæдис æмæ
Уæрæсейы Журналистты цæдисты уæнг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here