Наукæ æмæ бизнес – æнтыстдзинæдтæм фæндаг

0
194

Компани «Фат-Агро»-йы картофы хæрзмыггаг хуызтæ уадзыны лабораторийы сæргълæууæг ХЪАРДАНТЫ Иринæйæн лæвæрд æрцыд хъæууонхæдзарадон наукæты кандидаты ном. Йæ диссертацийы темæ баст уыд картофы хæрзмыггаг хуызтæ бæрзонд хæххон ран уадзыны фарстаимæ.

Ацы иртæстытæм фаг æргом здæхт нæ цыд, уымæ гæсгæ «Фат-Агро»-йы специалистæн йæ наукон фæллой у ахсджиаг. Иртасæн куыстытæ æрхæсдзысты пайда канд Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарадæн нæ, фæлæ æппæт бæс-
тæйы хъæууон хæдзарадæн дæр.

– Иринæйы диссертаци баст у технологон процесс банывыл кæнынимæ æмæ биотехнологон мадзæлттæй уæрæхдæрæй пайда кæнынимæ. Ахæм иртæстытæ Цæгат Ирыстоны раздæр арæзт никуы цыдысты, æмæ, æнæмæнг, ахъаз уыдзысты картофы хæрзмыггаг хуызтæ бæрзонд хæххон ран уадзынæн, – загъта Иринæйы наукон разамонæг  А.Г. Лорхы номыл картоф иртасыны федералон центры наукон куысты фæдыл директоры хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг.

Уæлдæр ахуыргæнæндон каст куыддæр фæци, афтæ йæ фæллойадон цард Иринæ сбаста «Фат-Агро»-имæ. Уыцы куыстмæ бацæуыны фæнд уыд бирæ специалисттæм, фæлæ се ‘хсæнæй æвзæрст æрцыд Иринæ. Уый фæстæ компанийы фæрцы бирæ хæттыты ацыд стажировкæ кæнынмæ нæ бæстæйы, стæй дунейы раззагдæр наукон институттæм. Ныртæккæ Иринæ разамынд дæтты æвзарæн-тауинæгты центры картофы иммунодиагностикæйы лабораторийæн.

– Иртасæн куыстытæн нын компани уавæртæ кæй аразы, уымæй дзы дæн тынг арфæ-
йаг. Нæ наукон архайд пайда кæй æрхæсдзæн, ууыл мæ зæрдæ дарын. Диссертаци фысгæйæ мын стыр æххуыс бакодта мæ наукон раза-
монæг Еленæ Василийы чызг Овэс. Темæ æвзæрст æрцыд ахæм нысанимæ, цæмæй, адæймаг иртæстыты рæстæг цы практикон зонындзинæдтæ райса, уыдонæй фæстæдæр спайда кæна йæ куысты, – зæгъы Хъарданты Иринæ.

Хъæууонхæдзарадон наукæты кандидаты ном кæй райста, уый фæдыл ын компанийы зæрдиаг арфæ ракодтой æмæ бафиппайдтой йæ наукон иртæстыты ахсджиагдзинад. Арфæйы ныхæстæ Иринæйæн загъта компаниты къорд «Бавари»-йы генералон директор Битарты Зелимхан.

– Картофы хæрзмыггаг хуызтæ рауадзыны хъуыддаджы æнтыстытæ кæд ис, уæд уый – Лорхы номыл наукон-иртасæн институтимæ не ‘мгустады, стæй наукæ æмæ бизнесы
бастдзинады фæрцы. Зæрдæ дарæн ис, Иринæйы наукон фæллæйттæ пайда кæй æрхæсдзысты канд нæхи куыстæн нæ, фæлæ иннæ
куыстуæттæ æмæ организацитæн дæр, – загъта
Битарты Зелимхан.

Еленæ СМИРНОВА

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here