Бирæ бонтæ чи бацахсдзæн, велосипедтыл ахæм дугтæ райдыдтой Цæгат Ирыстоны дæр. Архайынц дзы Уæрæсейы алы регионты, Цæгат Кавказы, Белорусы, Узбекистаны спортсментæ. Æдæппæтæй сты 150 бæрц.
Хъуамæ дугъы архайджытæ цæгаткавказаг фæндæгты 1500 километры сæрты ахизой. Нæ республикæйы уый рауайдзæн 200 километры бæрц. Ерыстæн райдайыны бар радта рес-
публикæйы физкультурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур.
Ахæм ерыстæ Цæгат Ирыстоны цалдæр хатты арæзт æрцыдысты, бынæттон спортуарзджытæн æхсызгон вæййынц. Ацы ран алы аз дæр фæ-
уæлахиз вæййы æфсымæрдзинад, хæлардзинад. Турнир ма адæмы æргом раздахы физикон культурæйæ архайыны пайдамæ, йæ бирæ хуызтæм, йæ фадæттæм.













