Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æмæ УФ-йы Арæзтады министрады программæмæ гæсгæ нæ бæстæйы базылдысты æмæ саив кодтой 115 минæй фылдæр æхсæнадон фæзуаты, уыдонæй 78 мины уыдысты бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ.
«Афтæмæй, иумæйаг архайды фæрцы нæ бæстæйы дæсгай цæрæн бынæттæн сæ бакаст аивта æмæ сæ уавæртæ фæхуыздæр сты», – «Горæтаг алывæрсты цæрыны æнцонвадæттæ аразын»-ы проект æххæст кæнынæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, загъта УФ-йы Паддзахадон Думæйы арæзтадон фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Сергей ПАХОМОВ.
– Æрмæст ацы аз Уæрæсейы сног кодтой цыппар мин фæзуаты. Афæдзы кæронмæ та ма базилдзысты æртæ мин фæзуатæй фылдæрмæ. Сæрмагондæй мæ зæгъын фæнды «Горæтаг алывæрсты цæрынæн æнцонвадæттæ аразыны» хуыздæр проект-
ты уæрæсейаг конкурсы тыххæй. Цалынмæ йæ тыхы уыд, уæдмæ æххæстгонд æрцыд 630 проекты: парктæ, сквертæ, цæугæдæтты былгæрæттæ, æндæр фæлладуадзæн бынæттæ – се ‘ппæтæн дæр сæ фæрцы уæрæсейаг горæттæ сæ хуыз скалдтой, — бафиппайдта депутат.
Программæ æххæстгонд цыд фондз азы дæргъы, æмæ йæ царды рауадзыны æхсæнадон байхъуыстыты бацархайдтой Уæрæсейы регионты цæрджытæй 40 милуан адæймаджы бæрц.
Уæрæсейы арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Алексей Ересько та бафиппайдта, «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæйы ми-
нистрад разæнгардæй кæй архайы, уый. Куыд загъта, афтæмæй «Горæтаг алывæрсты цæрынæн æнцонвадæттæ аразыны» хуыздæр проектты уæрæсейаг конкурсы архайынц 1 238 цæрæн бынаты.
– Конкурсæн цы æхца лæвæрд цыд, уый йæ райдайæнæй фæфылдæр фондз хатты – æрвылаз дæр 35 миллиарды онг. Уый фæрцы конкурсы архайыны бар æрхауд, йæ цæрджытæ 200 минæй фылдæр кæмæн не сты, ахæм горæттæм дæр. Ардæм хаст цæуынц канд горæтаг нæ, фæлæ хъæууон цæрæн бынæттæ дæр, сæ цæрджыты нымæц 5 минæй уæлæмæ кæмæн у, ахæмтæ, – бафиппайдта Алексей Ересько.
2023 азæй конкурсы архайджытыл бафтыд ног регионтæ – Луганск æмæ Донецкы адæмон республикæтæ, стæй Запорожье æмæ Херсоны облæсттæ.
Партион проекты регионалон координатор, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур куыд зæгъы, афтæмæй, программæ царды цы рæстæг уагъд цæуы, уыцы рæс-
тæджы дæргъы аивгонд æрцыд 600 объектæй фылдæр, се ‘хсæн: спортивон фæзтæ, сывæллæтты хъазæн бынæттæ, парктæ, алыхуызон æхсæнадон бынæттæ.
– Проекты фæлгæты цалцæггæнæн куыстытæ ацы аз цæуынц 39 объекты, æмæ сын сæ цыд партийы уæнгтимæ, стæй цæрджытимæ иумæ рæстæгæй-рæстæгмæ бабæрæг кæнæм. Ацы сæрд нæ цæст дардтам, Алагиры цалдæр æхсæнадон бынаты чи цæуы, уыцы цалцæггæнæн куыстытæм. Объекттæ сцалцæг кæнынæн æвзæрст æрцæуынц, адæм сыл куыд схъæлæс кæнынц, уымæ гæсгæ. Проекты разæнгардæй архайынц фæсивæд дæр. Хъæлæс кæныны хъуыддагæн æххуыс кæнынц барионтæ дæр, уыимæ, «Доброволец Кавказа», зæгъгæ, нæ уыцы центры æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ, – бафиппайдта Паддзахадон Думæйы депутат..
САНАТЫ Аидæ














