Рамбылдта грант

0
197

Хъайтмазты Таймураз хъæууон хæдзарадимæ зонгæ у йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ. Цæгат Ирыстоны «Фермерты скъола»-йы ахуыр ыл хорзæрдæм фæзынд. Ахуыр кодта æртæ мæйы. Уайтагъд бамбæрста, дарддæр æй кæм архайын хъæуы, уый. Йæ дипломон куыст та курсы уыд æппæты хуыздæр.

Хъайтмазты Таймураз райгуырд æмæ схъомыл хъæуы. Бинонтæ бирæ сты, æмæ сывæллæттæ æдзух сæ ныййарджытæн æххуыс кодтой хæдзары куыстытæ æххæст кæнынмæ. Цыдысты хосгæрстмæ, зылдысты фосмæ. Фæлæ йæм фермер суæвыны фæнд æрæджы фæзынд. Аграрон университет фæуыны фæстæ кусын райдыдта  университеты кафедрæйы доцентæй. Иу афон ветеринарон факультеты зиу ракодтой, Таймураз та сын æххуыс кодта фыстæм зилынмæ. Уæд æм фæзынд ацы хъуыды дæр.

Бинонты æнæмæт цардæн аккаг фæрæз фæзынд. Йæ чысыл фермæйы Таймуразæн æххуыс кæнынц иууылдæр. Алкæмæн дæр дзы ис куыст. Зæрдиагæй зилынц мæргътæм, фыстæм, хъазтæм. Алы фосмæ дæр дзурынц йæхи номæй.

Хъæууон хæдзарады министрад æмæ «Россельхозбанк»-ы хъæппæрисæй ацы аз нæ рес-публикæйы фыццаг хатт царды рауагътой ног проект «Фермерты скъола». Æртæ мæйы дæргъы дзы сахуыр кодтой 30 адæймагæй фылдæр. Сæ зонындзинæдтæ сын æнæвгъауæй лæвар кодтой хуыздæр æмæ фæлтæрдджындæр ахуыргæнджытæ, фермертæ æмæ амалхъомтæ. Бирæ зонындзинæдтæ райстой фосдарынад æмæ зайæгойты дунейы тыххæй. Уыцы хъуыддаджы сын фæпайда сты практикон ахуыртæ дæр. Къорды ахуырдзаутæ сæхæдæг цы проекттæ бацæттæ кодтой, уыдон балæвæрдтой гранттæм. Афтæмæй, Таймуразы  куыст нымад æрцыд хуыздæрыл.

Цы æхцайы фæрæзтæ бафтыд йæ къухы, уыдонæй фæуæрæхдæр кæндзæн йæ хæдзарад. Йæ бæллиц у стыр хæдзарад саразын, фæфылдæр кæнын фосы нымæц æмæ хи хæдзарон, сыгъдæг продукци уадзын. Йæ фæндтæ йæ къухы бафтæнт!

 

Бутаты Азæмæт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here