Ирон адæм рагæй дæр сыгъдæгдзинадыл хæст уыдысты, цы – дзаумайæ, цы – цардыуаджы æппæт фæзилæнты. Хæрзæфснайд хæдзарæй-иу дзырдтой, йæ кæрт, дам, мыды къусы хуызæн у, зæгъгæ. Раздæр заманты, уæлæдарæс кадавардæр куы уыди, хъуымац балхæнынмæ куы нæ уыди, уæддæр ирон лæг, кæд æмпъызтытæ хæлафы цыд, уæддæр – сыгъдæг æмæ аивæй. Уæдæ æхсæнадон бынæттæ, уæлдайдæр хистæрты «Ныхас»-ы бынат, кæстæртæ дардтой ног чындзы уаты хуызæн хæрзæфснайдæй.
Нæ абоны цардыуаджы та нæ æхсæнадон бынæттæ цы уавæры сты? Куыд у сæ сыгъдæгдзинад, санитарон уавæр? Абоны бæрцбарæнтæй куы барæм, уæд нæ горæты æхсæнадон бынæттæ сты хуыздæрхъуаг, фылдæр та – сыгъдæгдæр хъуаг. Уый горæты администрацийы æдзæллаг архайды фæстиуæг нæу, фæлæ адæмæй дæр кæцыдæр хай æхсæнадон бынаты сæхи фаг культурон уагыл кæй не ’вдисынц, уый бæрæггæнæн. Дæнцæгæн æрхæсдзынæн, алы райсом дæр кæм тезгъо кæнын, уый – Гæбæраты Иуанейы номхæссæг аллей. Диссаджы рæсугъд, аив бынат тезгъо кæнынæн, фæллад уадзынæн.
Фæлæ уыцы сыгъдæгдзинад адæмæн чи лæвар кæны, уыцы æфснайджыты фыдæбонæн фаг аргъ цæуылнæ кæнæм? Райсомы æхсæз сахатæй дæр раздæр райдайы сæ куыст: сæрфынц, бырон æмбырд кæнынц, ласынц æй, фæлæ та дыккаг райсом фæхсбандæтты раз æхсынæны цъæрттæй хуртуаны хуызæн æмбæрзт. Ау! Уый куыд у, хорз адæм! Алчидæр изæрыгон йæ хæдзарæй аулæфынмæ рацæуы, фæлæ дæ фарсмæ бандоныл бадæг афтæ чъизи куы кæна, уæд уый фæлладуагъд нæ хуыйны, фæлæ ма хинымæр тыхсдзынæ.
Кæд уыцы æхсынæнтæн æнæ æхсынгæ нал ис, уæд та дæ бандоны фарсмæ быронæн ис сæрмагонд бырондæттæ æмæ де ’хсынæны цъæрттæ уым ныккал. Æхсæнадон бынаты сыгъдæгдзинад æрмæст мæрзæгæй (æфс-
найæгæй) аразгæ нæу, уыцы сыгъдæгдзинад хъæуы не ’ппæты дæр.
Советон цардыуагыл абон кæд чидæртæ цъыф калынц, фауынц æй, уæддæр ын йæ хорздзинæдтæ бамбæхсæн нæй, фæлæ сæ хъæуы спайда кæнын. Уыцы дуджы уыдис адæмон дружинæтæ. Уыдон зылдысты уынгты, æхсæнадон бынæтты, сæ хъус дардтой фæткхалджытæм, сæ рохтыл сын хæцыдысты æмæ æхсæнадон æгъдау халджытæ уыдысты дзæвгар къаддæр.
Абон уыцы адæмон дружинæтæн фенæн дæр нал ис, радхæссæг пъæлицæйæн дæр, афтæ.
Уæлдæр цы аллейы кой скодтой, уым-иу хайады пъæлицæйаг дыууæ боны иу хатт куы разилид æмæ уыцы быронгæнджытæн куы бауайдзæф кæнид, уæд хъуыддаг хуыздæрæрдæм кæй фæивид, уый мæ уырны æнæ дызæрдыгæй.
Мæ бар æмæ мæ фæндон куы уаид, уæд сног кæнин адæмон дружинæты куыст, пъæлицæйы кусджытæ, раздæр куыд уыди, афтæ та рад хæссиккой иумæ. Цыбыр ныхасæй, æхсæнадон бынæттæм барадхъахъхъæнджытæй, хицауадæй, æхсæнадон организацитæй фаг æргом здæхт нæ цæуы, æмæ барадон фæтк дæр фылдæр уымæн цæуы хæлд.
Ног цардыуаг кæд чидæртæ хорзыл нымайыныл архайынц, уæд, цардæй бухъ чи кæны, æрмæстдæр уыдон. Адæмы сæйраг хай та хорзæй мысы советон дуджы хорздзинæдтæ.
Ноджы ма иу фиппаинаг. Ацы аллейы райдайæны æвæрд ис цырт-бюст фыццаг ирон фыссæг Гæбæраты Иуанейæн. Фыст ыл ис иронау дæр, уырыссагау дæр, фæлæ мыггаджы фыццаг дамгъæ «Г» чидæр раппæрста, æмæ ма дзы баззад «…æбæраты», стæй ирон æмæ уырыссаг текстты æхсæн цы тæлм уыди, уый дæр раппæрстæуыд. Цæмæн? Кæй хъыгдардтой?
Уый, æхсæнадон бынæттæм фаг цæстдард кæй нæ цæуы, уый фæстиу-
джытæ сты.
Мамиаты Таймураз,æхсæнадон уацхæссæг














