Цæгат Ирыстон архайдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы райдайæн хайæдты фыццаг Советы. Уæрæсейы сты 89 регионы. Сæ нымæрдартæ бахастой фæндонтæ, цæмæй
хъомысджындæр æмæ ахадгæдæр фæуа уыцы хайæдты
архайд.
Цæгат Ирыстонæй Советы куысты архайдта Дзæуджыхъæуы Промышленнон районы «Иугонд Уæрæсе»-йы райдайæн хайады нымæрдар Хадзиты Тимур. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй афæдзы райдайæнæй нырмæ сæ хайад сарæзта бирæ алыхуызон ма-
дзæлттæ: бæрæгбоны фæдыл арфæтæ ракодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн, сарæзтой мастер-класстæ, наукон-зонадон экскурситæ сывæллæттæн æмæ æндæртæ. Уымæй уæлдай, хайад разæнгардæй архайы, «Иугонд Уæрæсе» кæй сарæзта, æхсæнадон ахсджиаг проектты Æппæтуæрæсеон ахæм ерысы. Хадзиты Тимуры хъуыдымæ гæсгæ, ахсджиаг æмæ пайдайаг уаид, регионты хайæдтæ сæ куысты фæлтæрддзинадимæ кæрæдзийы куы зонгæ кæниккой, уый.
Нæ уацхæссæг














