Кæстæрты æххуыс æфсæддонтæн

0
191

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн гимнази «Диалог»-ы ахуырдзаутæ бийынц æмбæхсæн хызтæ. Уыдон бахъахъхъæдтой бирæ æфсæддонтæн сæ цард, æмæ уый сывæллæтты кæны тынг разæнгард.

Хызтæ бийынæн ис йæхи сусæгдзинæдтæ, æмæ сæ хъæуы зонын æмæ æххæст кæнын, цæмæй хызтæ фылдæр рæстæг фæцæрой.

Хызтæ куыд бийгæ сты, уый скъоладзаутæн амоны Золойты Игорь. Нæ хæстон лæппутæн æххуыс кæныны хъуыддаджы йæм ис фæлтæрддзинад, иу æмæ дыууæ хатты нæ аласта гуманитарон æххуыс. Сгарджытæ йын уым балæвар кодтой, царды æдасдзинады бындуртæ (ОБЖ) кæм амонынц, ахуыргæнæн ахæм чингуытæ. Æмæ куы æрыздæхт, уæд сывæллæттæн ацы предмет амонын райдыдта бынтон æндæрхуызон. Ныр скъоладзаутæ лекцитæ нал фыссынц, фæлæ ахуыр кæнынц практикон æгъдауæй.

Бураты Давид фыццаг хатт бийы хыз. Сывæллæттæм æххуысмæ куы бахатыдысты, уæд уайтагъд сразы æнæ уæлдай рахъуыды-бахъуыдыйæ. – Фæнды мæ истæмæй баххуыс кæнын нæ хæстонтæн, не ‘фсымæртæ æмæ не ‘мзæххонтæн, цæмæй фæуæлахиз уой æмæ сæ хæдзæрттæм тагъддæр æрыздæхой, – зæгъы Давид.

Лæппуйæн йæ фыд дæр архайы сæрмагонд æфсæддон операцийы, уымæ гæсгæ лæппу зоны, се ‘ххуыс уыцы ран куыд ахсджиаг у, уый.

Хызтæ бийыны хъуыддаджы архайынц канд скъоладзаутæ нæ, фæлæ пенсиисджытæ дæр, уæлахиз нæ къухы цæмæй тагъддæр бафта, ууыл зæрдæйæ чи тыхсы, æппæт уыцы адæм. Алкæй дæр фæнды нæ иумæйаг хъуыддагмæ йæ бавæрæн бахæссын.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæм гуманитарон æххуыс фæхæццæ кæныныл Адæмон фронт дардæр дæр архайы. Стæй ма уавæртæ аразы, фæсивæд нæ
хæстон лæппутæн æххуыс цæмæй кæной, уымæн. Не ‘ппæтæн дæр нæ нысан у иу – нæ тыхтæ баиу кæнын æмæ знагыл фæуæлахиз уæвын.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here