Фæсарæнтæй сæ нал ласынц

0
211

26 милуан сомы бæрц ратдзысты энергетиктæ, цæмæй реконструкци скæной ЭзминГЭС-ы дæлстанцæ. Уый фæрцы хъуамæ электростанцæ райдайа дæдтын фылдæр электрон тых.

ЭзминГЭС æфсады электрон тыхæй æнæхъæн Горæтгæрон район.

Реконструкцийы фæстæ зынгæ фæхуыздæр уыдзæн дæлстанцæйы куыст, сæвæрдзысты дзы, цавæрфæнды зын, вазыгджын уавæрты дæр, иумæйагæй станцæйы куыст бакъуылымпы кæнын чи нæ бауадздзæн, ахæм нырыккон аппаратурæ. Уыцы аппаратурæ æмæ прибортæ рауагътой Уæрæсейы заводты, фæсарæнтæй сæ нал ласынц Ныгуылæны санкциты
фæстæ.

Реконструкци кæныны куыстыты рæстæг дæр фæлхасгæнджытæ электрон тыхæй исынц фаг.

 

(«15-æм регион»)

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here