Мæ зæрдæ фæрыст

0
266

Хъолайы цъитийы раивылдæй дарддæр хызт куыд уæм, уый фæнды нæ алкæйы дæр. Йæ фæстаг æбуалгъ раивылдæй рацыд 22 азы, æмæ нæ алкæмæдæр афтæ кæсы, раст цыма æрæджы æрцыд уыцы хабар. Чи дзы фесæфт, чи дзы бабын, уыдоны ныййарджытæ, сæ хиуæттæ, нæ адæм уыцы ахасты сты.

Бонтæ, азтæ размæ згъорынц, фæлæ махæй уыдæттæ рох нæ уыдзысты, хъуыды кæндзыстæм, Джимарайы хохы зæй цæмæн ауылæн кодта адæмыл. Дæрдты кæй дзурын, уый тыххæй мын газеткæсæг бахатыр кæнæд, фæлæ, зæй кæй ахаста, уыдон уыдысты арфæйы аккаг, цардбæллон.
Газеты бакастæн Саутæты Тамилæйы æрмæг «Мæнæн мæ цард цыбыр у». Тамилæ дзы равдыста, мады зæрдæ зонаг кæй у… Цырыхаты Оляйы иунæг хъæбул зæйы амæттаг фæцис, æрхъæцмæ дæр нæ хъæцыд йæ фырт Эльбрусыл, фæлæ… Йæ фырты фæс-
тæ Оля дæр йæхиуыл нал схæцыд. Йæ лæппуйы фæдыл ацыд, рухсаг уæд… Не ‘ппæт дæр йæ зонæм: агуырдтой фесæфæг адæмы, фæлæ ницы ссардтой.
Саутæты Тамилæйы арфхъуыдыджын æрмæгимæ æз разы дæн, хъуамæ нæхицæн аргъ кæнын зонæм. Цъитийы зæйы бын чи фæцис, уыдон хъыджы, рысты аккаг сты æмхуызонæй. Кæд иуты къамтæ хæхты фæхстыл кæныс, уæд иннæтæ дæр хъуамæ сæ бынат уым ссарой.

БОГАЗТЫ Арсæмæг,
Кæрдзыны хъæуы хистæр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here