РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, фембæлд Уæрæсейы экономикон рæзты министр Максим Решетниковимæ.
Рæгъмæ рахастæуыд энергетикæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы фидар рæзты фæлварæн программæ. Уæрæсейы æртæ регионимæ Цæгат Ирыстон дæр архайы фæлварæн программæйы.
Федералон фæрæзты руаджы хъуамæ цæрæнуæтты-коммуналон къабаз бавзара стыр ивддзинæдтæ. Нырма уал республикæйы фæзынд Донæфсисад æмæ донуадзыны
куыстуат. Дарддæр дæр æппæт ахæм куыстуæттæ æрбаиу кæндзысты.
Æппæт цæрæн бынæтты ноггонд цæуынц инженерон хызтæ, донæфсисад æмæ донуадзыны объектты зындзинæдтæ иуварсгонд цæуынц. Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй донæфсисады объекттæ æрбаиу кодтой 94 проценты онг, дон-
уадзыны объекттæ – 93 проценты онг, хъармдæттыны – 92 проценты онг.
– Уæрæсейы Хицауады, бæстæйы Президенты æххуысæй нын бантыст цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады бирæ зындзинæдтæ аиуварс кæнын. Нæ размæ æвæрæм республикæйы цæрджыты нуазыны сыгъдæг донæй фаг æфсадыны хæс, – фæбæрæг кодта республикæйы разамонæг.