А дунейыл бирæ аив бынæттæ ис, фæлæ уæддæр алы адæймаг дæр кæддæриддæр хъулон уарзтæй уарзы йæ райгуырæн зæхх. Афтæ хъæдгæройнæгтæ дæр – æндæр рæтты куы вæййынц, уæд сæ сæ зæрдæ иудадзыг фæхоны сæ уарзон хъæумæ. Уымæн ма иу хатт æвдисæн, сæ хъæубæсты кадджын юбилеймæ цы бирæ адæм æрбацыдис, уый. Хъæдгæроныл æххæст кæны 200 азы!
Бирæ азты размæ, 1824 азы, нæ рагфыдæлтæ цардагурæг ралыгъдысты быдыры зæххытæм. Уымæй размæ, фондз æнусы бæрц, хæхты хъæбысы хъизæмар кæнгæйæ, уынгæджы цардысты. Уæрæсейы паддзахады уынаффæйæ уал æрбынæттон сты быдыры Фыййагдоны зæххытыл. Фæстæдæр та, сæхи курдиатмæ гæсгæ, раивтой, абон Хъæдгæрон кæм ис, уыцы зæххытæм.
Хъæу рæзыдис, адæм сæхи фæллойæ дардтой сæ бинонты. Ирон æгъдау, æфсарм, уæздандзинад, уазæгæн кад скæнын – уый кæддæриддæр уыд хъæдгæройнæгтæн сæ туджы. Стæй ма кæрæдзиуыл æнувыддзинадæй хицæн кодтой иннæты ’хсæн. Хъæдгæроны хъæбултæ нæ стыр бæстæйы алы регионтæм афтыдысты. Кад æмæ намыс скодтой сæ уарзон хъæуæн.
Бæрæгбонмæ æрбацæуæг адæмы стырæй-чысылæй иу кæны сæ хъæумæ уарзондзинад. Дардмæ хъуысы музыкæ, хъæуы астæу адæмæй азмæлæн нал уыд. Цинтæ, арфæтæ кæнынц кæрæдзийæн. Баннертыл бирæ хуызистытæ, хъæуы хъæздыг истори æвдисæг, хæсты æмæ фæллойы ветеранты къамтæ – хъæубæстæ сæрыстыр кæмæй у, уыцы номдзыд адæм рох не сты. Хъæуы астæу сæвæрдтой рæстæгмæ сценæ. Экраныл иу иннæйы фæстæ ивтой ивгъуыд царды нывтæ. Стыр æмæ хъæздыг концертон программæ дæсны амыдтой Цæриаты Валери æмæ Гаглойты Светланæ.
Нæ республикæйы Сæргълæууæджы номæй хъæубæсты цæрджытæн арфæ ракодта Хъуысаты Мæирбег: «Абоны бæрæгбон у æппæт Ирыстоны цин! Уæ кад, уæ фарн æнусон уæд, уæ рæсугъд фæндтæ уæхи фæндиаг, цы зæдтæм кувут, уыдон æххуысгæнæг уæнт», – загъта Хъуысайы-фырт.
Ирон симдæй ансамбль «Хохаг» байгом кодта концерт. Нæ буц хистæртæ Къаболаты Солтан, Беджызаты Валик æмæ Хъесаты Сталбег æртæ кæрдзыны ирон бæгæныйæ скуывтой æмæ хъæубæсты бафæдзæхстой.
Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Уататы Зелим зæрдиаг арфæ ракодта Хъæдгæроны цæрджытæн: «Нæ зынаргъ хъæу Хъæдгæрон, уæ амонд уæд æгæрон. Уæ циныл цин кæнæм, уæ кад, уе ’гъдау рæсугъдæй хæссут æмæ уыл уæ кæстæртимæ рæсугъд бæрæгбæттæ цæуæд. Уæззау рæстæг у, æфхæрд æййафæм, фæлæ нæм ахæм цины бæрæгбæттæ фылдæр уæд», – загъта Зелим.
Æрыдоны районы сæргълæууæг Мæрзаты Владислав зæрдиаг арфæ ракодта хъæубæстæн. «Уæ цард рæсугъд æмæ райдзаст уæд. Кæрæдзи уарзгæйæ, амондджынæй цæрут», – загъта районы сæргълæууæг æмæ къорд адæймагæн радта Кады грамотæтæ.
Районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæг Баситы Владислав дæр Арфæйы фыстæджытæ радта хъæуы Культурæйы хæдзары коллективæн æмæ, хъæубæстæн лæггад чи кæны, уыцы адæмæн.
Йæ раныхасы Хъæдгæроны бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Огъуаты Михал зæрдæбын арфæтæ ракодта бæрæгбонмæ æрбацæуæг адæмæн: «Бузныг, нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдыстут, уый тыххæй. Нæ тых нæ иу-
дзинады ис. Уæ зæрдиаг ныхæстæ куыд аив, рухс æмæ фæлмæн сты, ахæм рæсугъд æмæ райдзаст уæд уæ цард», – загъта Михал æмæ фехъусын кодта, Хъæдгæроны кадджын цæрджыты нæмттæ нырæй фæстæмæ кæй хæсдзысты Къациты Сергей æмæ Æгъуызарты Тамерлан. 2024 азы Олимпиаг хъæзтыты чемпион Уалыты Чермен æмæ йæ тренер Дзукъаты Къахаберæн та саккаг кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Райгуырæн бæстæйæн æнæзæрдæхудтæй чи лæггад кæны, йæ сабыр-
дзинад ын, йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ чи хъахъхъæны, уыцы хъæбатыр хæс-
тонты ныййарджытæн радтой Арфæйы фыстæджытæ.
Хъæдгæронмæ Уæрæсейы алы рæттæй, суанг фæсарæнтæй дæр сæмбæлд бирæ арфæйы телтæ.
Уæдæ бæрæгбон фидауы кафтæй, зардæй, фæндырдзагъдæй. Сæ ирд курдиатæй Хъæдгæронæн балæггад кодтой Ирыстоны зындгонд æмæ уарзон артисттæ: Бекъойты Вано, Дзахойты Зæлинæ, Кокойты Аллæ, Хадыхъаты Аллæ, Хуыриаты Валери æмæ иннæтæ. Дзуццаты Сослан æмæ Илурты Риммæ та нырæй фæстæмæ хæсдзысты ацы хъæубæсты кадджын цæрæджы нæмттæ.
Адæм тыхджын къухæмдзæгъд кодтой Хъæдгæроны Культурæйы хæдзары зарæггæнджыты къордæн æмæ адæмон инструментты ансамбль «Уадындз»-æн. Уазджыты зæрдæтæ барухс кодтой Æрыдоны сывæллæтты аивæдты скъолайы æрыгон музыканттæ.
Бæркадджын фæззæджы бæркадджын куывд скодтой Хъæдгæроны. Алчидæр йæ æвæрæн бахаста иумæйаг хъуыддагмæ.
Гугкаты Жаннæ